‏ 1 Chronicles 1

Адамӕй рацӕугӕ фӕлтӕртӕ Ной ӕмӕ йӕ фыртты онг

1Адам, Шет, Енош, 2Кеинан, Махалаел, Йаред, 3Енох, Мефушал, Ламех, 4Ной ӕмӕ йӕ фырттӕ: Сим, Хам ӕмӕ Йафет.

Йафеты байзӕддӕгтӕ

5Йафеты фырттӕ: Гомер, Магог, Мадай, Йаван, Тувал, Мешех, Тирас.

6Гомеры фырттӕ: Ашкеназ, Рифат, Тогарма. 7Йаваны байзӕддӕгтӕ: Елиша, Таршиш, киттимӕгтӕ, роданӕгтӕ.

Хамы байзӕддӕгтӕ

8Хамы фырттӕ: Куш, Мицраим, Пут, Ханаан.

9Кушы фырттӕ: Сева, Хавила, Савта, Раама, Савтеха. Раамайы фырттӕ: Сава ӕмӕ Дедан. 10Кушӕй ма райгуырди Нимрод — зӕххыл фыццаг ӕлдар уый сси.

11Мицраимы байзӕддӕгтӕ: лудӕгтӕ, анамӕгтӕ, лехавӕгтӕ, нафтухӕгтӕ, 12патрусӕгтӕ, каслухӕгтӕ ӕмӕ кафторӕгтӕ. Кафторӕгтӕй равзӕрдысты филистимӕгтӕ.

13Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет, 14ноджы ма йевусӕгтӕ, аморӕгтӕ, гиргашӕгтӕ, 15хиввӕгтӕ, аркӕгтӕ, синӕгтӕ, 16арвадӕгтӕ, цемарӕгтӕ ӕмӕ хаматӕгтӕ.

Симы байзӕддӕгтӕ

17Симы фырттӕ: Елам, Ассир, Арфахсад, Луд, Арам.

Арамы фырттӕ: Уц, Хул, Гетер, Мешех.

18Арфахсадӕй райгуырди Шелах
Афтӕ у дзуттаг ӕвзагыл, бердзенаг тӕлмацы та: Арфахсадӕй райгуырди Каинан. Каинанӕй райгуырди Шелах (абар Лк 3:36).
, Шелахӕй — Евер.
19Еверӕн рантысти дыууӕ фырты: сӕ иу хуынди Пелег, ахӕм ном ыл сӕвӕрдтой, йӕ рӕстӕджы зӕхх кӕй ныддихтӕ ис, уый тыххӕй. Йе’фсымӕр хуынди Йоктан.

20Йоктанӕй райгуырдысты Алмодад, Шелеф, Хацармавет, Йарах, 21Хадорам, Узал, Дикла, 22Эвал, Авимаел, Сава, 23Офир, Хавила, Йовав. Адон сты Йоктаны фырттӕ.

Симӕй Авраамы онг фӕлтӕртӕ

24Сим, Арфахсад, Шелах, 25Евер, Пелег, Рагав, 26Серух, Нахор, Терах, 27Аврам, кӕнӕ Авраам. 28Авраамы фырттӕ: Исаак ӕмӕ Измаел.

Измаелы байзӕддӕгтӕ

29Измаелы хистӕр зӕнӕг — Невайот, уый дӕле — Кедар, Адбеел, Мивсам, 30Мишма, Дума, Масса, Хадад, Тема, 31Йетур, Нафиш, Кедма. Адон сты Измаелы байзӕддӕгтӕ.

Авраам ӕмӕ Кетурайы байзӕддӕгтӕ

32Авраамӕн йӕ номылус Кетурайӕ рацыди фырттӕ: Зимран, Йокшан, Медан, Мидиан, Ишбак, Шуах. Йокшаны фырттӕ: Сава ӕмӕ Дедан. 33Мидианы фырттӕ: Ефа, Ефер, Ханох, Авида, Елдага. Се’ппӕт дӕр рацыдысты Кетурайӕ.

Исаак ӕмӕ йӕ фырттӕ

34Исаак уыдис Авраамы фырт. Исаакы фырттӕ: Исав ӕмӕ Израил.

Исавы байзӕддӕгтӕ

35Исавы фырттӕ: Елифаз, Реуел, Йеуш, Йалам, Корах. 36Елифазы фырттӕ: Теман, Омар, Цефо, Гатам, Кеназ. Елифазӕн ма йӕ номылус Тимнайӕ дӕр райгуырди фырт — Амалек. 37Реуелы фырттӕ: Нахат, Зерах, Шамма, Мизза.

Сеиры байзӕддӕгтӕ

38Сеиры фырттӕ: Лотан, Шовал, Цивон, Ана, Дишон, Ецер, Дишан.

39Лотаны фырттӕ: Хори ӕмӕ Хомам; Лотаны хо: Тимна.

40Шовалы фырттӕ: Алеан, Манахат, Эвал, Шефи, Онам.

Цивоны фырттӕ: Айа ӕмӕ Ана.

41Сеиры фырт Анайы байзӕддаг Дишон.

Сеиры байзӕддаг Дишоны фырттӕ: Хамран, Ешбан, Итран, Керан.

42Ецеры фырттӕ: Билхан, Зааван, Акан.

Дишаны фырттӕ: Уц ӕмӕ Аран.

Едомы паддзӕхтӕ

43Мӕнӕ, Израилӕн паддзах куы нӕма уыд, уыцы заман Едомы бӕстӕйы паддзӕхтӕ. Беоры фырт Бела, йӕ сахары ном — Динхава. 44Белайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Зерахы фырт Йовав, боцрайаг. 45Йовавы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси теманӕгты бӕстаг Хушам. 46Хушамы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Бедады фырт Хадад, Моавы быдыры мидианӕгты уый басаста. Йӕ сахары ном — Авит. 47Хадады амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Самла, масрекайаг. 48Самлайы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Саул, Евфраты былгӕрон сахар Реховотӕй. 49Саулы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Ахборы фырт Баал-Ханан. 50Уый куы амардис, уӕд паддзах сси Хадад, йӕ сахары ном — Пагу. Йӕ ус уыди Матреды чызг Мехетавел. Матред йӕхӕдӕг та уыди Ме-Захавы чызг. 51Хадад дӕр амард.

Едомы мыггӕгтӕ

Едомы бӕстӕйы цардысты Тимнайы мыггаг, Алвайы мыггаг, Йететы мыггаг,
52Охоливамайы мыггаг, Елайы мыггаг, Пиноны мыггаг, 53Кеназы мыггаг, Теманы мыггаг, Мивцары мыггаг, 54Магдиелы мыггаг, Ирамы мыггаг. Адон сты Едомы мыггӕгтӕ.
Copyright information for OssIBT2022