1 Chronicles 10
Саулы мӕлӕт
1Филистимӕгтӕ схӕцыдысты израилӕгтимӕ, ӕмӕ Израилы хӕцӕг адӕм лидзӕг фесты. Бирӕтӕ дзы цӕфтӕй баззадысты Гилбоайы хохы фӕхстыл. 2Филистимӕгтӕ фӕсте асырдтой Саул ӕмӕ йӕ фыртты ӕмӕ амардтой Ионатан, Авинадав ӕмӕ Малкишуайы, Саулы фыртты. 3Саулы ныхмӕ тох стынг ис. Фатӕхсджытӕ йӕм баввахс сты ӕмӕ йӕ уӕззау цӕфтӕ фӕкодтой. 4Саул йӕ хотыхдарӕн загъта: «Дӕ кард слас ӕмӕ мӕ амар, науӕд ныртӕккӕ ацы ӕнӕсунӕттӕ ам ӕрбалӕудзысты ӕмӕ мын мӕ удӕй фӕхъаздзысты». Фӕлӕ хотыхдарӕн йӕ уд ауад ӕмӕ йӕ коммӕ нӕ бакаст. Уӕд Саул йӕ карды фистон зӕхмӕ фӕбыцӕу кодта ӕмӕ йын йӕ фындзыл ӕрхауд. 5Йӕ хотыхдар ӕй мардӕй куы ауыдта, уӕд уый дӕр йӕ карды фындзыл ныппӕрста йӕхи ӕмӕ амард. 6Гъе афтӕ фӕмард сты Саул ӕмӕ йе’ртӕ фырты; йӕ хӕдзар ӕгасӕй дӕр бабын. 7Изреелы дӕлвӕзы цӕрӕг израилӕгтӕ куы федтой, Израилы ӕфсад дӕрӕнгонд ӕрцыди, Саул ӕмӕ йӕ фырттӕ та фӕмард сты, уый, уӕд сӕ сахартӕй фӕлидзӕг сты. Филистимӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ бацахстой. 8Дыккаг бон филистимӕгтӕ фӕзындысты мӕрдты стигъынмӕ ӕмӕ Гилбоайы хохыл мардӕй ссардтой Саул ӕмӕ йӕ фыртты. 9Саулӕн йӕ хотыхтӕ, йӕ гӕрзтӕ раппӕрстой, йӕ сӕр ын ракодтой ӕмӕ сӕ филистимӕгты зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ фӕластой, уӕлахизы уац сӕ гуымирытӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ. 10Саулы хотыхтӕ сӕ хуыцӕутты кувӕндоны бавӕрдтой, йӕ сӕр та йын Дагоны кувӕндоны сисыл ӕрцауыгътой. 11Галаады сахар Иавешы цӕрджытӕ фехъуыстой, филистимӕгтӕ Саулӕн цы ӕбуалгъ митӕ бакодтой, уый, 12ӕмӕ се’хсарджынтӕ ӕмхуызонӕй фӕдисы ацыдысты ӕмӕ Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ Иавешмӕ ӕрбахастой. Се стджытӕ сын Иавешмӕ ӕввахс тулдз бӕласы бын баныгӕдтой. Уый фӕстӕ авд боны дӕргъы ком фӕдардтой. 13Афтӕ фӕмард ис Саул, Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй нӕ разынд, уый тыххӕй. Йӕ дзырдмӕ Йын нӕ байхъуыста, суанг ма бафарста мӕрдтӕмсидӕджы дӕр, 14Дунедарӕджы бафӕрсыны бӕсты. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Уый амардта ӕмӕ паддзахдзинад радта Йессейы фырт Давидӕн.
Copyright information for
OssIBT2022