‏ 1 Chronicles 11

Давид сси Израилы паддзах

1Израилы адӕм иууылдӕр ӕрӕмбырд сты Давидмӕ Хевроны ӕмӕ йын загътой: «Дӕ туг, де стӕг стӕм мах. 2Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Ӕмӕ дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“». 3Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрцыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Самуелы дзыхы кӕй бавӕрдта, уыцы ныхас.

Давид бацахста Йерусалим

4Давид ӕппӕт израилӕгтимӕ ахӕцыди Йерусалиммӕ (ома Йевусмӕ). Уӕд уым йевусӕгтӕ цардысты. 5Йевусы цӕрджытӕ Давидӕн загътой: «Нӕ дын бантысдзӕн ардӕм ӕрбацӕуын». Фӕлӕ Давид басаста Сионы фидар, ӕмӕ уый ныр Давиды сахар у. 6Давид загъта: «Йевусӕгтӕм раздӕр чи бабырса, уый уыдзӕн ӕфсады хицау». Фыццаджыдӕр сахармӕ балӕбурдта Церуайы фырт Йоав ӕмӕ сси ӕфсады хицау.

7Давид ӕрцарди фидары, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы фидар схуыдтой Давиды сахар. 8Давид ын, Миллойӕ райдай ӕмӕ дарддӕр, йӕ алыварс сарӕзта бӕстыхӕйттӕ, Йоав та рацарӕзта сахары иннӕ хай. 9Давиды хъомыс кодта фылдӕрӕй-фылдӕр — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уыди йемӕ.

Давиды ӕхсарджын хӕстонтӕ

10Мӕнӕ, Давид Дунедарӕджы фӕндонӕй Израилы паддзах цӕмӕй суа, уый тыххӕй Израилы адӕмимӕ йӕ фарс чи рахӕцыд, йӕ уыцы ӕхсарджынты хистӕртӕ. 11Мӕнӕ Давиды ӕхсарджынтӕ номхуындӕй: Йашовам, Хахмонийы фырт, ӕртын ӕхсарджыны хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй ӕртӕсӕдӕ знаджы ныццагъта. 12Уый дӕле — Елеазар, Додойы фырт, Ахохийы байзӕддаг, 13Давидимӕ Пас-Даммимы, филистимӕгтӕ уырдӕм хӕцынмӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд цы ӕртӕ хӕстоны уыди, уыдонӕй иу. Уыцы ран уыди хъӕбӕрхоры зад хуым. Израилӕгтӕ лидзӕг куы фесты филистимӕгты разӕй, 14уӕд Елеазар ӕмӕ йе’мбӕлттӕ хуымы астӕу ӕрлӕууыдысты ӕмӕ хуым дӕр бахъахъхъӕдтой, филистимӕгты дӕр ныццагътой — Дунедарӕг Израилӕн стыр уӕлахиз радта.

15Дӕс ӕмӕ ссӕдз фӕтӕгӕй ӕртӕ Адулламы лӕгӕтмӕ Давидмӕ ныццыдысты къӕдзӕхрӕбынмӕ. Уӕд филистимӕгты рӕсӕнуат Рефаимты дӕлвӕзы уыд. 16Давид фидары уыди, филистимӕгты иу къорд та — Вифлеемы раз. 17Давид дойныйӕ марди ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, Вифлеемы кулдуары цур цы цъай ис, уырдыгӕй мын исчи дон куы ӕрбадавид!» 18Ӕртӕ ӕхсарджыны филистимӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырстой, Вифлеемы кулдуары цур цъайӕ дон систой ӕмӕ йӕ Давидӕн ӕрхастой. Фӕлӕ дзы йӕ зӕрдӕ нӕ бакуымдта бануазын, Дунедарӕджы кадӕн ӕй акалдта 19ӕмӕ загъта: «Уымӕй мӕ бахизӕд Хуыцау! Нӕ бануаздзынӕн! Сӕ удтӕ сӕ армы даргӕйӕ чи ацыд, уыдоны туг куы у ай!» Ӕмӕ дзы нӕ бакуымдта нуазын. Гъе ахӕм лӕгдзинад равдыстой уыцы ӕртӕ хӕстоны.

20Йоавы ӕфсымӕр Авишай уыди хӕстон къорды хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй знаджы адӕмӕй ӕртӕсӕдӕ ныццагъта, ӕмӕ йын ӕфсады ӕхсӕн уыди стыр кад. 21Се’ппӕтӕй номдзыддӕр уыд ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдта, фӕлӕ, ӕфсадӕн цы ӕртӕ уӕлдӕр разамонӕджы уыди, уый уыдонмӕ нӕ хаудис.

22Кавцеелы сахайраг Йеходайы фырт бӕгъатыр Бенайа зындгонд у йӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй. Уый амардта моаваг дыууӕ домбай хӕстоны. Иуахӕмы та, мит уарыд, афтӕмӕй къардиумӕ ныххызти дон схӕссынмӕ, домбайыл дзы бамбӕлдис ӕмӕ йӕ уыцы ран ӕрбамардта. 23Мӕрдтӕм барвыста фондз ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн уӕйыгӕнгӕс мысыраджы дӕр. Мысыраджы къухы уыди тынуафӕн хъилы йас арц, Бенайа та йӕ ныхмӕ лӕдзӕгимӕ рацыди, йӕ арц ын йӕ къухӕй стыдта ӕмӕ йӕ йӕхи арцӕй амардта. 24Ахӕм сгуыхт лӕг уыд Йеходайы фырт Бенайа. Ӕфсады ӕхсӕн ын стыр кад уыди. 25Хӕстонтӕн сӕ номдзыддӕртӕй уыди, фӕлӕ, ӕфсадӕн цы ӕртӕ уӕлдӕр разамонӕджы уыд, уыдонмӕ нӕ хаудис. Давид ӕй йӕ хъахъхъӕнджыты сӕргъы сӕвӕрдта.

26Бӕгъатыр хӕстонтыл нымад уыдысты: Йоавы ӕфсымӕр Асаел; Додойы фырт Елханан, вифлеемаг; 27ародаг Шаммот; пелетаг Хелец; 28Икешы фырт Ира, текоайаг; анатотаг Авиезер; 29хушайаг Сибехай; Илай, Ахохийы мыггагӕй; 30нетофаг Махрай; Баанайы фырт Хелед, нетофаг; 31Ривайы фырт Итай, Бениамины Гевӕйӕ; пиратонаг Бенайа; 32Хура, Нахале-Гаашӕй; арватаг Авиел; 33бахарумаг Азмавет; шаалвонаг Елйахба; 34гизониаг Хашемы фырттӕ, Гунийы мыггагӕй; Шагейы фырт Йонатан, харараг; 35Сахары фырт Ахиам, харараг; Уры фырт Елифал; 36мехератаг Хефер; пелонитаг Ахиа; 37кармелаг Хецро; Езбайы фырт Наарай; 38Натаны ӕфсымӕр Иоел; Хагрийы фырт Мивхар; 39аммонаг Целек; бееротаг Нахрай, Церуайы фырт Йоавы хотыхдар; 40итриаг Ира; итраг Гарев; 41хеттаг Уриа; Ахлайы фырт Завад; 42Шизайы фырт Адина, Рувимы хӕдзарвӕндагӕй, сӕ мыггаджы хистӕр, йӕ дӕлбар уыдысты дӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы; 43Маахайы фырт Ханан; метенаг Йошафат; 44аштеротаг Узийа; ароераг Хотамы фырттӕ — Шама ӕмӕ Йеиел; 45Шимрийы фырт Йедиаел ӕмӕ йе’фсымӕр Йоха, тицӕгтӕ; 46махавимаг Елиел; Елнаамы фырттӕ Йерива ӕмӕ Йошави; моаваг Итма; 47мецовайӕгтӕ Елиел, Овед ӕмӕ Йасиел.
Copyright information for OssIBT2022