‏ 1 Chronicles 16

1Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрбахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым сӕвӕрдтой. Стӕй Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой. 2Иууылсудзинаг нывӕндтӕ куы ӕрхаста, уӕд Дунедарӕджы номӕй Давид адӕмӕн арфӕ ракодта 3ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕн, алы сылгоймаг ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр, фӕйнӕ дзулы ӕмӕ финиктӕ ӕмӕ чисмисты фӕйнӕ гуылы байуӕрста.

4Давид Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз левиттӕй баурӕдта лӕггадгӕнджытӕ, цӕмӕй кувой Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, кӕной Йын арфӕ ӕмӕ кад. 5Асаф уыд сӕ хистӕр, йӕ дӕле — Захариа, иннӕтӕ — Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Маттитиа, Елиав, Бенайа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиел. Адон цагътой дыууадӕстонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртӕй, Асаф — ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй, 6сауджынтӕ Бенайа ӕмӕ Йахазиел та Хуыцауы Фидыды Чырыны раз алкӕддӕр цагътой хӕтӕлтӕй.

Давиды арфӕйы зарӕг

7Уыцы бон Давид фыццаг хатт бафӕдзӕхста Асаф ӕмӕ йе’рвадӕлтӕн Дунедарӕджы кадӕн ацы арфӕйы зарӕг азарын:

8Сыстаут Дунедарӕджы,
арут Ын Йӕ ном,
адӕмты’хсӕн Ын
хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.
9Зарут Ын, зарджыты Йӕ сыстаут,
хъусын Ын кӕнут Йӕ диссӕгтӕ.
10Раппӕлут Ын Йӕ уаз номӕй,
Дунедарӕджы чи агуры,
уыдон цинӕй райӕнт!
11Агурут Дунедарӕджы,
агурут Ын Йӕ хъомыс,
кӕддӕриддӕр тырнут Йӕ размӕ.
12Ма рох кӕнут Йӕ диссӕгтӕ,
Йе’вдисӕйнӕгтӕ, Йӕ тӕрхӕттӕ.
13Сымах — Израилы байзӕддӕгтӕ, Йӕ цагъартӕ,
Йаковы фӕдонтӕ, Йе’взӕрстытӕ!
14Уый махӕн у нӕ Дунедарӕг Хуыцау,
ӕгас зӕххы тӕрхонгӕнӕг.
15Мыггагмӕ дӕр ма рох кӕнут Йӕ фидыд,
мин фӕлтӕрӕн кӕй бафӕдзӕхста,
16Авраамӕн ныстуанӕн кӕй ныууагъта,
Исаакӕн сомы кӕмӕй ракодта.
17Йӕ сомы уагӕвӕрдау радта Йаковӕн,
ӕнусон фидыдау — Израилӕн.
18Уый загъта:
«Ханааны зӕхх уын
фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн».
19Сӕ нымӕц чысыл куы уыд нырма,
ӕрцӕуӕггӕтӕ куы уыдысты уыцы ран,
20уӕд хӕтӕнхуагӕй иу бӕстӕйӕ иннӕмӕ,
иу паддзахадӕй иннӕмӕ цыдысты.
21Фӕлӕ сӕ Уый никӕмӕн уагъта ӕфхӕрын,
паддзӕхтӕн-иу бардзырд радта:
22«Ма хъыгдарут Мӕ байсӕрстыты,
мӕ пехуымпартӕн ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут».

23Дунедарӕгӕн ног зарӕг зарут,
ӕгас зӕххы цъар, Дунедарӕгӕн зар!
Зарут Дунедарӕгӕн, арфӕ кӕнут Йӕ номӕн,
бонӕй-бонмӕ Йӕ ирвӕзындзинадыл дзурут!
24Адӕмтӕн дзурут Йӕ кадыл,
ӕппӕт адӕмтӕн — Йӕ диссӕгтыл.
25Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг стыр у,
ӕппӕлыны аккаг у Уый,
ӕппӕт хуыцӕуттӕй — тӕссагдӕр.
26Адӕмтӕн сӕ хуыцӕуттӕ — гуымирытӕ,
Дунедарӕг та сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ.
27Йӕ кад ӕмӕ намыс цӕуынц Йӕ разӕй;
Йӕ Кувӕндоны — Йӕ хъару ӕмӕ Йе стырад.

28Адӕмтӕ, Дунедарӕджы стаут,
сыстаут Ын Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс!
29Дунедарӕгӕн Йӕ номы аккаг кад скӕнут,
бацӕут Йӕ кӕртытӕм хуынтимӕ.
Бакувут Дунедарӕгӕн
Йӕ сыгъдӕг кады рухсы!
30Ӕгас зӕхх Дунедарӕджы раз
ӕмризӕджы нырризӕд!
Дун-дуне Уый фӕрцы у фидар,
нӕ фенкъуысдзӕн.
31Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр,
цинӕй райӕд зӕхх,
уадз ӕмӕ адӕмты’хсӕн айхъуыса:
«Дунедарӕг паддзах у!»
32Ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ,
йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон;
райгонд уӕнт фӕзтӕ
ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон.
33Хъӕды бӕлӕстӕ иууылдӕр ныццин кӕнӕнт
Дунедарӕджы раз,
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕрцӕудзӕн —
тӕрхон кӕнынмӕ зӕххӕн.

34Арфӕ кӕнут нӕ Хуыцауӕн,
уымӕн ӕмӕ Уый хорзӕхджын у,
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
35Кувут Ӕм: «Фервӕзын нӕ кӕн,
Хуыцау, нӕ Ирвӕзынгӕнӕг!
Иумӕ нӕ, Хуыцау, рамбырд кӕн,
бахиз нӕ алы адӕмтӕй —
кад Дын кӕнӕм Дӕ уаз номӕн,
стауӕм Дӕ, цинӕй райгӕйӕ!»
36Дунедарӕг уӕд арфӕгонд,
йе Стыр Хуыцау Израилӕн!
Кад Ын уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ!

Ӕппӕт адӕм дӕр загътой: «Аммен! Алелуйа!»

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Йерусалимы ӕмӕ Гивоны

37Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз Давид ӕрвылбоны лӕггадгӕнджытӕ скодта Асафы ӕмӕ уымӕн йе’рвад-ӕфсымӕрты, 38стӕй Овед-Едомы ӕмӕ йе’рвад-ӕфсымӕрты, аст ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. Йедутуны фырт Овед-Едомы ӕмӕ Хосайы та скодта дуаргӕстӕ.

39Сауджын Цадокӕн ӕмӕ уымӕн йӕ сауджын ӕрвадӕлтӕн Давид бахӕс кодта Гивоны кувӕн къуыбырыл, Дунедарӕджы Цӕрӕны цур, 40алы райсом ӕмӕ алы изӕр иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕныл Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ хӕссын, Дунедарӕг Израилӕн кӕй бафӕдзӕхста, уыцы Ӕгъдауы ӕппӕт домӕнтӕм гӕсгӕ. 41Уыдонимӕ ма уыдысты Хеман ӕмӕ Йедутун, стӕй иннӕ ӕвзӕрст лӕгтӕ. Сӕ хӕс уыди Дунедарӕджы стауын, афтӕ дзургӕйӕ: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» 42Хуыцауы кадӕн Хеман ӕмӕ Йедутун зарыдысты; хӕтӕлтӕй, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй ӕмӕ ӕндӕр цӕгъдӕнтӕй цагътой. Йедутуны фырттӕ та уыдысты дуаргӕстӕ.

43Уый фӕстӕ адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм фӕцыдысты. Давид дӕр ӕрбаздӕхт ӕмӕ йӕ хӕдзаронтыл Хуыцауы арфӕ бафтыдта.
Copyright information for OssIBT2022