‏ 1 Chronicles 21

Адӕмы сфыст ӕмӕ Дунедарӕджы азар

1Сайтан Израилы ныхмӕ сыстад ӕмӕ Давиды сардыдта Израилы банымайыныл. 2Давид бафӕдзӕхста Йоав ӕмӕ иннӕ балхонтӕн: «Цӕугӕут ӕмӕ Беер-Шевӕйӕ суанг Даны онг банымайут израилӕгты, цӕмӕй мӕ адӕмы нымӕц зонон». 3Йоав ын загъта: «Дунедарӕгӕн Йӕ адӕм цас сты, сӕдӕ ахӕмы ма сыл бафтауӕд. Уыдон се’ппӕт дӕр, мӕ бардарӕг, мӕ паддзах, дӕ цагъартӕ не сты, мыййаг? Мӕ паддзах ма цӕй тыххӕй домы ацы хъуыддаг? Азымы цӕмӕн ӕппары Израилы?» 4Паддзах цӕхгӕр ныллӕууыд йӕ фӕндыл, ӕмӕ Йоавӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд ӕмӕ ӕрзылд ӕппӕт Израилыл дӕр, стӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт Йерусалиммӕ 5Йоав ӕмӕ адӕмы сфысты хыгъд Давидмӕ радта. Израилӕгтӕм кардӕй хӕцынхъом лӕгтӕ разынди милуан ӕмӕ сӕдӕ мины, иудейӕгтӕм та — цыппарсӕдӕ ӕвдай мины. 6Ӕцӕг, Йоав уыдоны хыгъдмӕ нӕ бахаста левитты ӕмӕ Бениамины мыггаг, уымӕн ӕмӕ паддзахы фӕдзӕхст йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыди.

7Уыцы сфыст ӕхцон нӕ уыди Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ азары хай бакодта Израилы. 8Давид Хуыцауӕн загъта: «Тынг фӕтӕригъӕдджын дӕн, ахӕм ӕнӕрхъуыды ми кӕй бакодтон, уый тыххӕй ӕмӕ Дӕ курын, ныббар Дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд». 9Дунедарӕг раргом ис Гадмӕ, Давиды зонынджынмӕ: 10«Цу ӕмӕ зӕгъ Давидӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: мӕнӕ дын ӕртӕ хуызы ӕфхӕрды ӕмӕ дӕ уыдонӕй кӕцыйы амӕттаг бакӕнон, уый равзар дӕхӕдӕг“». 11Гад бацыди Давидмӕ ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Равзар, цы хуызы дӕ бафхӕрон, уый: 12ӕртӕ стонг азы дӕ бӕстӕйы? Ӕви дӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы де знӕгтӕ сӕ уӕлныхты исой ӕмӕ сӕ разӕй лидзай? Ӕви ӕртӕ боны дӕргъы Дунедарӕджы азарӕй емынӕ сыста дӕ бӕстӕйы, ӕмӕ Йӕ азары зӕд куынӕггӕнгӕ ацӕуа ӕгас Израилы зӕххыл?“Ахъуыды кӕн, Чи мӕ ӕрбарвыста, уымӕн цы дзуапп раттон, ууыл». 13Давид Гадӕн зӕгъы: «Тынг уӕззау уавӕры дӕн, фӕлӕ, адӕмы къухмӕ бахауыны фӕлтау, уадз ӕмӕ Дунедарӕджы къухмӕ бахауон, — Уый бирӕбараг у».

14Дунедарӕг израилӕгтыл емынӕ бафтыдта, ӕмӕ дзы ӕвдай мин адӕймаджы бабын ис. 15Хуыцау мӕлӕтхӕссӕг зӕд арвыста Йерусалим бабын кӕнынмӕ, фӕлӕ уый адӕмы цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Дунедарӕг ӕркаст ӕмӕ фӕтӕригъӕд кодта сахарӕн, нал Ӕй бафӕндыди бӕллӕх ӕруадзын. Зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕруадз дӕ къух». Уыцы уысм мӕлӕтхӕссӕг зӕд уыди йевусаг Орнаны мусы сӕрмӕ. 16Давид йӕ цӕстытӕ хӕрдмӕ систа, ӕмӕ арвӕй зӕххы астӕу кардӕлвӕстӕй федта Дунедарӕджы зӕды, йӕ кард арӕзт уыди Йерусалимы’рдӕм. Давид ӕмӕ йӕ адӕмы хистӕртӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй, зӕххыл ныддӕлгом сты. 17Давид Хуыцауӕн загъта: «Адӕмы ӕз нӕ банымайын кодтон? Тӕригъӕдджын ӕз куы фӕдӕн, фыд ӕз куы ракодтон, уӕд ацы фыстӕ цы азымджын сты? О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Дӕ адӕмы сафыны бӕсты фӕлтау Дӕ азар ныххуырс мӕныл ӕмӕ мӕ бинонтыл».

Давид аразы нывондхӕссӕн

18Уӕд мӕлӕтхӕссӕг зӕд Гадӕн загъта: «Давид ссӕуӕд йевусаг Орнаны мусмӕ ӕмӕ дзы Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн саразӕд». 19Давид, Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йын Гад куыд загъта, афтӕ бакодта — ссыди мусмӕ.

20Уый хӕдразмӕ Орнан йӕ цыппар фыртимӕ мӕнӕу най кодта. Фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ ауыдта мӕлӕтхӕссӕг зӕды. Орнаны фырттӕ фыр тӕссӕй сӕхи амбӕхстой.

21Давид схӕццӕ Орнанмӕ. Орнан ӕй куы ауыдта, уӕд мусӕй йӕ размӕ рацыд ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом ис. 22Давид Орнанӕн загъта: «Ратт-ма мын дӕ мусы бынат, ӕмӕ дзы Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн саразон. Йе’ххӕст аргъыл мын ӕй ратт, ӕмӕ фыд азары амӕттаг мауал кӕной адӕм». 23Орнан загъта Давидӕн: «Айс ӕй дӕхицӕн: мӕ бардарӕг паддзах, куыд ӕй фӕнды, афтӕ бакӕнӕд. Мӕнӕ дын иууылсудзинагӕн дӕттын галтӕ, сугӕн — найгӕнӕн дзоныгътӕ, хойраджы хуынӕн та — мӕнӕу. Лӕвар дын сӕ дӕттын иууылдӕр». 24Фӕлӕ паддзах Давид Орнанӕн загъта: «Нӕ, се’ххӕст аргъӕй сӕ хъуамӕ балхӕнон ӕнӕмӕнг. Дунедарӕгӕн раттыны охыл дын лӕвар нӕ райсдзынӕн дӕ исбон; иууылсудзинаг нывонд, лӕвар цы райсон, уымӕй не’рхӕсдзынӕн».

25Афтӕмӕй Давид уыцы бынаты тыххӕй Орнанӕн радта сыгъзӕрины ӕхсӕзсӕдӕ шекелы. 26Дунедарӕгӕн уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Скуывта Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ йын Уый йӕ куывд айста — иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕнмӕ уӕларвӕй зынг ӕрӕрвыста. 27Стӕй Дунедарӕг мӕлӕтхӕссӕг зӕдӕн загъта, ӕмӕ уый йӕ кард кӕрддзӕмы нытътъыста.

Фидӕны Кувӕндоны бынат сбӕрӕг Йерусалимы

28Давид федта, Дунедарӕг ӕй фехъуыста, уый ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нывӕндтӕ хаста йевусаг Орнаны мусыл. 29Моисей Дунедарӕгӕн ӕдзӕрӕг быдыры кӕй сарӕзта, уыцы Уаз Цӕрӕн ӕмӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн та уӕд нырма Гивоны кувӕн къуыбырыл уыдысты, 30фӕлӕ Давид Хуыцауы бафӕрсынмӕ уырдӕм нал суӕндыд, афтӕ тынг фӕтарсти Дунедарӕджы ӕрвыст удхӕссӕджы кардӕй.
Copyright information for OssIBT2022