‏ 1 Chronicles 24

Сауджынты къордтӕ

1Мӕнӕ Аароны байзӕддӕгты — сауджынты — къордтӕ. Аароны фырттӕ: Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар. 2Надав ӕмӕ Авигу сӕ фыдӕй раздӕр амардысты, фырттӕ дӕр сын нӕ рацыд, афтӕмӕй. Ӕмӕ ныр сауджыны куыст кодтой Елеазар ӕмӕ Итамар. 3Давид Елеазары байзӕддаг Цадок ӕмӕ Итамары байзӕддаг Ахимелехы ӕххуысӕй сауджынты адих кодта хицӕн къордтыл. 4Елеазары байзӕддӕгты’хсӕн мыггаджы хистӕртӕ Итамары фӕдонтӕй фылдӕр кӕй разынди, уымӕ гӕсгӕ Елеазары байзӕддӕгтӕй баурӕдтой ӕхсӕрдӕс мыггаджы хистӕры, Итамары байзӕддӕгтӕй та — аст. 5Иуты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр равзӕрстой хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, уымӕн ӕмӕ Кувӕндоны барджынтӕ ӕмӕ Хуыцауы барджынтӕ уыдысты Елеазары байзӕддӕгтӕй дӕр ӕмӕ Итамары байзӕддӕгтӕй дӕр. 6Номхыгъдмӕ сӕ бахаста нымӕрдар Шемайа, Нетанелы фырт, левит. Ныффыста сӕ паддзахы, ӕлдӕртты, сауджын Цадокы ӕмӕ Авиафары фырт Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Елеазары мыггӕгтӕй дыууӕйы ныхмӕ Итамары мыггӕгтӕй ӕвзӕрстой иуы. 7Фыццаг схаудта Йехоривы къорды хал, дыккаг — Иедайайы, 8ӕртыккаг — Харимы, цыппӕрӕм — Сеоримы, 9фӕндзӕм — Малкиайы, ӕхсӕзӕм — Миамины, 10ӕвдӕм — Хакоцы, ӕстӕм — Авийайы, 11фарӕстӕм — Йешуайы, дӕсӕм — Шеханийы, 12иуӕндӕсӕм — Елиашивы, дыууадӕсӕм — Йакимы, 13ӕртындӕсӕм — Хуппайы, цыппӕрдӕсӕм — Йешевавы, 14фынддӕсӕм — Билгайы, ӕхсӕрдӕсӕм — Иммеры, 15ӕвддӕсӕм — Хезиры, ӕстдӕсӕм — Хаппиццецы, 16нудӕсӕм — Петахийы, ссӕдзӕм — Езекиелы, 17иу ӕмӕ ссӕдзӕм — Йахины, дыууӕ ӕмӕ ссӕдзӕм — Гамулы, 18ӕртӕ ӕмӕ ссӕдзӕм — Делаийы, цыппар ӕмӕ ссӕдзӕм — Маазиайы.

19Гъе адон — сауджынты къордтӕ, Дунедарӕджы хӕдзармӕ цӕуынӕн ӕмӕ уым лӕггад кӕнынӕн, сӕ фыдӕл Ааронӕн Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ.

Левитты иннӕ мыггӕгтӕ

20Левитты иннӕ мыггӕгты хистӕртӕ. Амрамы байзӕддӕгтӕй: Шуваел, Шуваелы фырттӕй — Йехдеа. 21Рехавийы байзӕддӕгты хистӕр — Ишшиа. 22Ицхары мыггагӕй: Шеломот, Шеломоты фырттӕй — Йахат. 23Хевроны цыппар фырты куыд хистӕрӕй: Йерийа, Амариа, Йахазиел, Йекамам. 24Уззиелы фырт — Миха, Михайы фырттӕй — Шамир. 25Михайы ӕфсымӕр — Ишшиа, Ишшиайы фырттӕй — Захариа. 26Мерарийы байзӕддӕгтӕ: Махли ӕмӕ Муши. Адон уыдысты Мерарийы фырт Иазиайы фырттӕ. 27Мерарийы фырт Иазиайӕн ма сӕнтыстысты: Шохам, Заккур ӕмӕ Иври. 28Махлийы фырттӕ: Елеазар (амӕн фырттӕ нӕ уыд) 29ӕмӕ Киш. Кишы фырт — Йерахмеел. 30Мушийы фырттӕ: Махли, Едер ӕмӕ Иеримот.

Адон сты левиттӕ, мыггаггай.
31Уыдон дӕр се’рвад-ӕфсымӕртау, Аароны байзӕддӕгтау, хӕлттӕ сӕппӕрстой паддзах Давиды, Цадокы, Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Стыр ӕмӕ чысыл мыггӕгтӕн, хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ, уыдис ӕмхуызон бартӕ.
Copyright information for OssIBT2022