1 Chronicles 25
Зарӕггӕнджыты къордтӕ
1Давид ӕмӕ дингӕнджыты хистӕртӕ Дунедарӕджы хӕдзары кусынӕн баурӕдтой Асафы, Хеманы ӕмӕ Йедутуны фыртты, цӕмӕй пехуымпариуӕг кӕной, хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй цӕгъдгӕйӕ. Мӕнӕ уыцы лӕггадгӕнджыты номхыгъд. 2Асафы цыппар фырты: Заккур, Йосеф, Нетаниа ӕмӕ Асарелӕ. Разамынд сын лӕвӕрдта Асаф, паддзахы разамындӕй пехуымпариуӕггӕнӕг. 3Йедутуны фырттӕ: Гедалиа, Цери, Исайа, Шими, Хашавиа ӕмӕ Маттитиа, ӕхсӕз. Разамынд сын лӕвӕрдта сӕ фыд Йедутун, йӕ пехуымпариуӕгӕй ӕмӕ хъисфӕндыры цагъдӕй Дунедарӕгӕн кад ӕмӕ арфӕгӕнӕг. 4Хеманы фырттӕ: Буккиа, Маттаниа, Уззиел, Шевуел, Иеримот, Хананиа, Ханани, Елиата, Гидалти, Ромамти-Езер, Иошбекаша, Маллоти, Хотир ӕмӕ Махазиот. 5Адон се’ппӕт дӕр паддзахы зонынджын Хеманы фырттӕ сты — Хуыцау ын зӕрдӕ бавӕрдта хъомыс раттынӕй ӕмӕ йын балӕвар кодта цыппӕрдӕс фырты ӕмӕ ӕртӕ чызджы. 6Ацы зарӕггӕнджытӕ иууылдӕр, сӕ фыдӕлты разамындӕй, зарыдысты Дунедарӕджы хӕдзары, цагътой ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй, дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй. Афтӕмӕй, паддзахы разамындӕй лӕггад кодтой Хуыцауы хӕдзары. Асаф, Йедутун ӕмӕ Хеманӕн, 7Дунедарӕджы кадӕн зарыны курдиатӕй чи фӕхайджын, ӕппӕт уыцы ӕрвад-ӕфсымӕртимӕ иумӕ сӕ нымӕц уыди дыууӕсӕдӕ ӕстай аст. 8Сӕ куысты тыххӕй сӕппӕрстой хӕлттӕ: кӕстӕрӕй, хистӕрӕй, ахуыргӕнӕгӕй, ахуыргӕнинагӕй — иууылдӕр уыдысты ӕмбар. 9Фыццаг схаудта Асафы фырт Йосефы хал, йемӕ йе’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ фырттӕ — дыууадӕс лӕджы. Дыккаг хатт схаудта Гедалиайы хал, йемӕ йе’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ фырттӕ — дыууадӕс лӕджы. 10Ӕртыккаг хатт схаудта Заккуры хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 11Цыппӕрӕм хатт схаудта Ицрийы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 12Фӕндзӕм хатт схаудта Нетаниайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 13Ӕхсӕзӕм хатт схаудта Буккиайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 14Ӕвдӕм хатт схаудта Йесарелы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 15Ӕстӕм хатт схаудта Йесаиайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 16Фарӕстӕм хатт схаудта Маттаниайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 17Дӕсӕм хатт схаудта Шимийы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 18Иуӕндӕсӕм хатт схаудта Азарелы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 19Дыууадӕсӕм хатт схаудта Хашавиайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 20Ӕртындӕсӕм хатт схаудта Шуваелы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 21Цыппӕрдӕсӕм хатт схаудта Маттитиайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 22Фынддӕсӕм хатт схаудта Йеремоты хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 23Ӕхсӕрдӕсӕм хатт схаудта Хананиайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 24Ӕвддӕсӕм хатт схаудта Иошбекашайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 25Ӕстдӕсӕм хатт схаудта Хананийы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 26Нудӕсӕм хатт схаудта Маллотийы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 27Ссӕдзӕм хатт схаудта Елиатайы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 28Иу ӕмӕ ссӕдзӕм хатт схаудта Хотиры хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 29Дыууӕ ӕмӕ ссӕдзӕм хатт схаудта Гидалтийы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 30Ӕртӕ ӕмӕ ссӕдзӕм хатт схаудта Махазиоты хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы. 31Цыппар ӕмӕ ссӕдзӕм хатт схаудта Ромамти-Езеры хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы.
Copyright information for
OssIBT2022