1 Chronicles 26
Кувӕндоны дуаргӕстӕ
1Мӕнӕ дуаргӕстӕ, сӕ къордтӕм гӕсгӕ. Корахы мыггагӕй: Мешелемиа, Асафы байзӕддаг Корейы артӕй рацӕуӕг. 2Мешелемиайы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Захариа, дыккаг — Йедиаел, ӕртыккаг — Зевадиа, цыппӕрӕм — Йафниел, 3фӕндзӕм — Елам, ӕхсӕзӕм — Йоханан, ӕвдӕм — Елйехоенай. 4Овед-Едомы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Шемайа, дыккаг — Йозавад, ӕртыккаг — Йоах, цыппӕрӕм — Сахар, фӕндзӕм — Нетанел, 5ӕхсӕзӕм — Аммиел, ӕвдӕм — Иссахар, ӕстӕм — Пеуллетай. Афтӕ Овед-Едомӕн раарфӕ кодта Хуыцау. 6Овед-Едомы фырт Шемайайӕн дӕр райгуырди фырттӕ. Уыдон сӕ мыггагӕн уыдысты уынаффӕгӕнӕг, уымӕн ӕмӕ сӕрӕн лӕгтӕ уыдысты. 7Шемайайы фырттӕ: Отни, Рефаел, Овед ӕмӕ Елзавад, стӕй се’фсымӕртӕ, сӕрӕн лӕгтӕ — Елигу ӕмӕ Семахи. 8Адон се’ппӕт дӕр сты Овед-Едомы байзӕддӕгтӕ. Сӕхӕдӕг дӕр, стӕй сӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ се’рвадӕлтӕ дӕр уыдысты сӕрӕн лӕгтӕ, зӕрдӕргъӕвд кусджытӕ, ӕдӕппӕт дыууӕ ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. 9Мешелемиайы фырттӕ ӕмӕ ӕрвадӕлтӕ, сӕрӕн лӕгтӕ — уыдысты ӕстдӕс. 10Мерарийы байзӕддаг Хосайы фырттӕ: хистӕр — Шимри (йӕ фыццаг зӕнӕг нӕ уыди, фӕлӕ йын йӕ фыд радта хистӕры бартӕ), 11дыккаг — Хилкиа, ӕртыккаг — Тевали, цыппӕрӕм — Захариа. Хосайы фырттӕ ӕмӕ ӕрвадӕлтӕ уыдысты ӕртындӕс. 12Ацы дуаргӕсты къордтӕ, сӕ хистӕртӕ сӕ сӕргъы, афтӕмӕй се’рвад-ӕфсымӕртау лӕггад кодтой Дунедарӕджы хӕдзары. 13Ӕппӕт мыггӕгтӕ дӕр, стырӕй, чысылӕй, хӕлттӕ сӕппӕрстой Кувӕндонӕн йӕ алы кулдуары тыххӕй дӕр. 14Скӕсӕнӕрдыгӕй кулдуар ӕрхауди Шелемимӕ. Сӕппӕрстой хӕлттӕ уымӕн йӕ фырт, куырыхон уынаффӕйы лӕг, Захариайы тыххӕй дӕр, ӕмӕ уымӕ та ӕрхаудис цӕгатӕрдыгӕй кулдуар. 15Овед-Едоммӕ ӕрхауд хуссарӕрдыгӕй кулдуар, йӕ фырттӕм та — Кувӕндоны ӕфтауцуат. 16Шуппим ӕмӕ Хосамӕ ӕрхаудтой ныгуылӕнӕрдыгӕй кулдуар ӕмӕ, фӕндагыл хӕрдмӕ суайын кӕмӕ хъуыди, уыцы Шаллехеты кулдуар. Мӕнӕ дуаргӕстӕн сӕ хъалагъур хӕссыны фӕтк. 17Скӕсӕнӕрдыгӕй алы бон дӕр лӕууыд ӕхсӕз левиты, цӕгатӕрдыгӕй — цыппар, хуссарӕрдыгӕй — цыппар, дыууӕ ӕфтауцуаты цур та — дыгӕйттӕ. 18Ныгуылӕнӕрдыгӕй, Парбары ▼▼Парбар (йӕ бӕлвырд нысаниуӕг бӕрӕг нӕу) — кӕрт кӕнӕ тыргъ Йерусалимы Кувӕндоны ныгуылӕнварс.
цур, фӕндагыл лӕууыди цыппар дуаргӕсы, Парбарӕн йӕхи цур та — дыууӕ. 19Адон уыдысты дуаргӕсты къордтӕ, Корахы ӕмӕ Мерарийы байзӕддӕгтӕ. Левиттӕ — хӕзнадартӕ, бӕрнылӕгтӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕ
20Иннӕ левиттӕ, се’рвадӕлтӕ, сӕ цӕст дардтой Хуыцауы хӕдзары хӕзнатӕм, уыимӕ уаз хӕзнатӕм дӕр. 21Гершоны фырт Ладаны байзӕддӕгтӕ, мыггӕгты хистӕртӕ: Йехиел 22ӕмӕ йӕ фырттӕ — Зетам ӕмӕ йе’фсымӕр Иоел. Адон сӕ цӕст дардтой Дунедарӕджы хӕдзары хӕзнатӕм. 23Амрамы, Ицхары, Хевроны ӕмӕ Уззиелы байзӕддӕгтӕ. 24Моисейы фырт Гершомы байзӕддаг Шевуел уыди хӕзнатӕм хистӕр цӕстдарӕг. 25Гершомы ӕфсымӕр Елиезеры байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт — Рехави, уый фырт Исайа, уый фырт Йорам, уый фырт Зихри, уый фырт Шеломот. 26Ацы Шеломот ӕмӕ йе’фсымӕртӕ сӕ цӕст дардтой, паддзах Давид, мыггӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕ кӕй рауӕлдай кодтой, уыцы ӕппӕт уаз хӕзнатӕм. 27Хӕстон ӕфтиагӕй-иу снывонд кодтой Дунедарӕджы хӕдзарӕн. 28пехуымпар Самуел, Кишы фырт Саул, Неры фырт Авнер ӕмӕ Церуайы фырт Йоав цыдӕриддӕр снывонд кодтой, уыдонмӕ — ӕппӕт лӕвӕрттӕм дӕр — сӕ цӕст дардтой Шеломот ӕмӕ йе’фсымӕртӕ. 29Ицхары байзӕддагӕй: Кенаниа ӕмӕ йӕ фырттӕ. Адон Кувӕндоны нӕ куыстой, Израилӕн сӕ баурӕдтой бӕрнылӕгтӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕй. 30Хевроны байзӕддагӕй: Хашавиа ӕмӕ йе’рвадӕлтӕ, мин ӕмӕ авдсӕдӕ лӕджы, ӕхсарджын адӕм. Уыдон сӕ цӕст дардтой, Израилы Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм Дунедарӕгӕн куыд лӕггад кӕнынц, уымӕ, стӕй паддзахады ӕппӕт хъуыддӕгтӕм. 31Хевроны байзӕддӕгтӕн сӕ сӕргъы лӕууыд Йериа. Давиды паддзахдзинады дыууиссӕдзӕм аз ӕркастӕуыд Хевроны артӕй рацӕуӕг мыггӕгтӕм, ӕмӕ дзы Галаады сахар Йазеры разынди сӕрӕн лӕгтӕ. 32Паддзах Давид Йериайы ӕмӕ уымӕн йе’рвад-ӕфсымӕрты — дыууӕ мины ӕмӕ авдсӕдӕ сӕрӕн лӕджы, мыггӕгты хистӕрты — баурӕдта Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгты сӕргъы, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы сӕргъы, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Израилы дины ӕмӕ паддзахады ӕппӕт хъуыддӕгтӕм.
Copyright information for
OssIBT2022