‏ 1 Chronicles 27

Ӕрвылмӕйон ӕфсады къордтӕ

1Мӕнӕ, афӕдзы дӕргъы-иу паддзахӕн мӕйгай лӕггад кӕнынмӕ чи ӕрбацыд, уыцы ӕфсӕддон къордтӕ. Алы къорд дӕр-иу ӕрбацыд йӕ рады, иу мӕйы ӕмгъуыдмӕ. Къордтӕй алкӕцыйы дӕр уыди цыппар ӕмӕ ссӕдз мин израиладжы, уыдонимӕ мыггӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ, бӕрнылӕгтӕ — ӕфсӕддон къордтимӕ баст алы хъуыддӕгты паддзахӕн чи лӕггад кодта, уыдон.

2Фыццаг мӕйы къорды хицау — Завдиелы байзӕддаг Йашовам; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны. 3Уый уыди Парецы байзӕддӕгтӕй, фыццаг мӕйы къорды ӕфсады хицӕуттӕн сӕ хистӕр. 4Дыккаг мӕйы къорды хицау — Ахохийы байзӕддаг Додай; йӕ сӕйраг хӕстон фӕтӕг — Миклот, уыдис ӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны. 5Ӕртыккаг мӕйы къорды хицау — алчер Йеходайы фырт Бенайа; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны. 6Ацы Бенайа уыди Дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕхсарджынӕй иу. Фӕстӕдӕр сси сӕ хистӕр, ӕмӕ уӕд ӕртыккаг мӕйы къорды сӕргъы ӕрлӕууыд йӕ фырт Аммизавад. 7Цыппӕрӕм мӕйы къорды хицау — Йоавы ӕфсымӕр Асаел, фӕстӕдӕр ӕй аивта йӕ фырт Зевадиа; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны. 8Фӕндзӕм мӕйы къорды хицау — Зерахы байзӕддаг Шамхут; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны. 9Ӕхсӕзӕм мӕйы къорды хицау — Икешы фырт Ира, текоайаг; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны. 10Ӕвдӕм мӕйы къорды хицау — пелетаг Хелец, Ефремы байзӕддӕгтӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны. 11Ӕстӕм мӕйы къорды хицау — хушайаг Сибехай, Зарахы мыггагӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны. 12Фарӕстӕм мӕйы къорды хицау — анатотаг Авиезер, Бениамины мыггагӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны. 13Дӕсӕм мӕйы къорды хицау — нетофаг Махрай, Зарахы мыггагӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны. 14Иуӕндӕсӕм мӕйы къорды хицау — пиратонаг Бенайа, Ефремы байзӕддӕгтӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны. 15Дыууадӕсӕм мӕйы къорды хицау — нетофаг Хелдай, Гофниелы мыггагӕй; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.

Хӕдзарвӕндӕгты разамонджытӕ

16Израилы хӕдзарвӕндӕгты разамонджытӕ: Рувимы байзӕддӕгтӕн — Зихрийы фырт Елиезер; Симеоны байзӕддӕгтӕн — Маахайы фырт Шефати; 17левиттӕн — Кемуелы фырт Хашавиа; Аароны байзӕддӕгтӕн — Цадок; 18иудейӕгтӕн — Елигу, Давиды ӕфсымӕртӕй; Иссахары хӕдзарвӕндагӕн — Михаелы фырт Омри; 19Зевулоны фӕдонтӕн — Овадийы фырт Ишмайа; Неффалимы байзӕддӕгтӕн — Азриелы фырт Йеримот; 20Ефремы хӕдзарвӕндагӕн — Азазиайы фырт Осиа; Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иу ӕмбисӕн — Педаиайы фырт Иоел; 21Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иннӕ ӕмбисӕн, Галаады — Захариайы фырт Иддо; Бениамины байзӕддӕгтӕн — Авнеры фырт Йасиел; 22Даны хӕдзарвӕндагӕн — Йерохамы фырт Азарел.

Адон уыдысты Израилы хӕдзарвӕндӕгты разамонджытӕ.

23Давид сфысты хыгъдмӕ нӕ хаста ссӕдзаздзыдты ӕмӕ уыдонӕй кӕстӕрты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг зӕрдӕ бавӕрдта Израилы адӕмы арвы стъалытау сбирӕ кӕнынӕй. 24Церуайы фырт Йоав райдыдта адӕмы нымайын, фӕлӕ йын кӕронмӕ нӕ бантыст, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауы маст рафыхт Израилмӕ, ӕмӕ ацы сфыст паддзах Давиды азфыстыты чиныгмӕ нӕ бацыд.

Паддзахы исбонмӕ цӕстдарджытӕ

25Паддзахы ӕфтауцуатмӕ йӕ цӕст дардта Адиелы фырт Азмавет; хуымты бӕркадмӕ, стӕй сахартӕ, хъӕутӕ ӕмӕ фидӕртты ӕфтауцмӕ — Узийайы фырт Йонатан; 26зӕхкусджыты куыстмӕ — Келувы фырт Езри; 27сӕндӕттӕм — рамайаг Шими, сӕны быркуытӕм та — шефамаг Завди; 28Шефелайы оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ легъуи бӕлӕстӕм — гедераг Баал-Ханан, сойы ӕвӕрӕнтӕм та — Йоаш; 29Шароны цы стурвос хызти, уыдонмӕ — шаройнаг Шитрай, дӕлвӕзты стурвосмӕ та — Адлайы фырт Шафат; 30теуатӕм — Измаелы байзӕддаг Овил; хӕрджытӕм — меронотаг Йехди; 31лыстӕг фосмӕ — агараг Йазиз.

Адон се’ппӕт дӕр уыдысты паддзах Давиды исбонмӕ цӕстдарджытӕ.

Давиды уынаффӕйы лӕгтӕ

32Давиды фыды’фсымӕр Йонатан уыди уынаффӕйы лӕг, зондджын ӕмӕ ахуыргонд; Хахмонийы фырт Йехиел уыди паддзахы фыртты хъомылгӕнӕг; 33Ахитофел — паддзахы уынаффӕйы лӕг; аркаг Хушай — паддзахы лымӕн. 34Ахитофелы фӕстӕ уынаффӕйы лӕгтӕ систы Бенайайы фырт Йехода ӕмӕ Авиафар. Йоав уыди паддзахы ӕфсады хицау.
Copyright information for OssIBT2022