1 Chronicles 28
Давиды фӕстаг фӕдзӕхстытӕ Кувӕндон саразыны тыххӕй
1Давид Йерусалиммӕ ӕрхуыдта Израилы ӕппӕт раздзӕуджыты: хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты, паддзахы ӕфсӕддон къордты хицӕутты, миныхицӕутты, сӕдӕйыхицӕутты, паддзахы ӕмӕ йӕ фыртты исбонмӕ ӕмӕ фосмӕ кӕсджыты, ноджы ма паддзахы барджынты, йе’хсарджынты ӕмӕ ӕппӕт иннӕ зынгӕ лӕгты. 2Паддзах Давид сыстад ӕмӕ загъта: «Байхъусут мӕм, ме’фсымӕртӕ, мӕ адӕм! Мӕ зӕрды уыди, Дунедарӕджы Фидыды Чырын, нӕ Хуыцауы къахӕрӕвӕрӕн, кӕм ӕрӕнцой кӕна, ахӕм хӕдзар саразын, ӕрцӕттӕ йын кодтон аразӕн ӕрмӕг дӕр. 3Фӕлӕ мын Хуыцау загъта: „Мӕ номыл хӕдзар аразӕг Ды нӕ уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ ды хӕстон лӕг дӕ ӕмӕ туг ныккалдтай.“ 4Ӕцӕг, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мӕ фыды ӕппӕт бинонтӕй равзӕрста мӕн, цӕмӕй мыггагмӕ уон Израилы паддзах. Фӕтӕгӕй равзӕрста Иудӕйы, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй равзӕрста мӕ фыды бинонты, мӕ фыды фырттӕй та баввӕрсыд мӕныл, цӕмӕй суон ӕппӕт Израилы паддзах. 5Бирӕ фырттӕ мын радта Дунедарӕг, ӕмӕ ӕппӕт уыдонӕй равзӕрста мӕ фырт Соломоны, цӕмӕй Дунедарӕджы паддзахы бадӕны ӕрбада Израилы сӕргъы. 6Афтӕ мын загъта: „Дӕ фырт Соломон Мын сараздзӕн Мӕ Хӕдзар ӕмӕ Мӕ кӕртытӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ Мӕхицӕн равзӕрстон фыртӕн — Ӕз уыдзынӕн йӕ Фыд. 7Йӕ паддзахдзинад ын сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ, нырау Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕна, уӕд“. 8Гъемӕ уын ныр Дунедарӕджы адӕмы, ӕппӕт Израилы, раз ӕмӕ нӕ Хуыцауы раз фӕдзӕхсын: нымайут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй ацы хорз зӕхх баззайа сымахӕн ӕмӕ йӕ уӕ фӕстӕ уӕ байзӕддагӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ныууадзат мыггагмӕ. 9Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ. 10Хъусыс, Дунедарӕг дӕу равзӕрста Кувӕндон аразынӕн. Фидар лӕуу ӕмӕ бавнал!»Давид Соломонӕн радта Кувӕндоны хахныв
11Давид йӕ фырт Соломонӕн радта хахнывтӕ саразинаг Кувӕндонӕн, тыргътӕн, агъуыстытӕн, хӕзнадӕттӕн, уӕллаг ӕмӕ мидӕггаг уӕттӕн ӕмӕ, тӕригъӕдтӕ барст кӕм цӕуынц, уыцы бынатӕн; 12ноджы ма йӕм цы саразыны фӕндтӕ уыди, уыдӕтты хахныв дӕр: Дунедарӕджы хӕдзары кӕртытӕн, йӕ алыварс ӕппӕт хатӕнтӕн, Хуыцауы хӕдзары хӕзнадӕттӕн ӕмӕ уаз хӕзнаты ӕвӕрӕнтӕн. 13Давид бафӕдзӕхста сауджынтӕ ӕмӕ левитты къордты тыххӕй, Дунедарӕджы хӕдзары алы лӕггады тыххӕй, Дунедарӕджы хӕдзары аргъауынӕн хъӕугӕ ӕппӕт мигӕнӕнты тыххӕй. 14Давид снысан кодта аргъауынӕн хъӕугӕ сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕн сӕ алкӕцыйы сыгъзӕрины уӕз, аргъауынӕн хъӕугӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕн сӕ алкӕцыйы ӕвзисты уӕз; 15сыгъзӕрин цырагъдарӕнтӕ ӕмӕ цырӕгъты сыгъзӕрины уӕз, ӕвзист цырагъдарӕнтӕ ӕмӕ цырӕгъты ӕвзисты уӕз — алы цырагъдарӕнӕн дӕр йӕ нысанмӕ гӕсгӕ; 16кувӕггаг дзултӕ кӕуыл ӕрӕвӕрдӕуы, уыцы фынгтӕн сӕ алкӕцыйы сыгъзӕрины уӕз, ӕвзист фынгтӕн се’взисты уӕз; 17фыдистӕ, кӕхцытӕ ӕмӕ къустӕн сӕ сыгъдӕг сыгъзӕрины уӕз, сыгъзӕрин тӕбӕгътӕн сӕ алкӕцыйы сыгъзӕрины уӕз, ӕвзист тӕбӕгътӕн сӕ алкӕцыйы ӕвзисты уӕз; 18будсудзӕн нывондхӕссӕнӕн йӕ сыгъдӕг сыгъзӕрины уӕз, стӕй уӕрдонӕн — ома йӕ тыгъд базыртӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи ӕмбӕрзы, уыцы херувимтӕн — йӕ сыгъзӕрины уӕз. 19Адӕттӕ се’ппӕт дӕр фыст сты Дунедарӕджы амындтыты хыгъды — Йӕхӕдӕг бацамыдта, алцыдӕр куыд аразгӕ у, уый. 20Давид ма ноджыдӕр загъта йӕ фырт Соломонӕн: «Фидар лӕуу ӕмӕ у ӕхсарджын! Араз Кувӕндон! Мацӕмӕй тӕрс, ма асӕттӕд дӕ ныфс, уымӕн ӕмӕ дыл ауды Дунедарӕг Хуыцау, мӕ Хуыцау. Уый дыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн, ӕххуыс дын кӕндзӕни, цалынмӕ Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт фӕуа, суанг уӕдмӕ. 21Сауджынтӕ ӕмӕ левитты къордтӕ цӕттӕ сты Хуыцауы хӕдзары алы куыстмӕ дӕр. Дӕ бӕрны сты алы хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ ӕмӕ арӕхстджын адӕм, дӕ алы фӕндон дӕр дын ӕххӕст кӕндзысты хицӕуттӕ ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕ».
Copyright information for
OssIBT2022