‏ 1 Chronicles 3

Давиды фырттӕ

1Давидӕн Хевроны райгуырди фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Амнон, йӕ мад изреелаг Ахиноам, уый кӕстӕр — Даниил, йӕ мад кармелаг Авигеа, 2ӕртыккаг — Авессалом, йӕ мад — Гешуры паддзах Талмайы чызг Мааха, цыппӕрӕм — Адониа, йӕ мад Хагит, 3фӕндзӕм — Шефати, йӕ мад Авитал, ӕхсӕзӕм — Итреам, йӕ мад Егла. 4Ацы ӕхсӕз фырты Давидӕн райгуырдысты Хевроны. Уым Давид паддзахиуӕг кодта авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы.

Уый фӕстӕ Давид ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы паддзахиуӕг кодта Йерусалимы.
5Уым ын райгуырдысты: Шима, Шовав, Натан ӕмӕ Соломон, сӕ цыппар дӕр Аммиелы чызг Вирсавийӕ. 6Йерусалимы ма йын райгуырди фараст фырты: Ивхар, Елишама, Елифелет, 7Ногах, Нефег, Йафиа, 8Елишама, Елйада, Елифелет.

9Адон се’ппӕт дӕр сты Давиды фырттӕ (фырттӕ ма йын ныййардтой йӕ номылустытӕ дӕр). Сӕ хо — Тамар.

Иудейы паддзӕхтӕ

10Соломоны фырт — Роховам, уый фырт Авийа, уый фырт Аса, уый фырт Иосафат, 11уый фырт Иорам, уый фырт Ахазиа, уый фырт Иоас, 12уый фырт Амациа, уый фырт Азариа, уый фырт Йотам, 13уый фырт Ахаз, уый фырт Езекиа, уый фырт Менассиа, 14уый фырт Амон, уый фырт Иосиа. 15Иосиайы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Иоханан, уый кӕстӕр — Иоаким, ӕртыккаг — Цедекиа, цыппӕрӕм — Шаллум. 16Иоакимы фырттӕ: Йехониа ӕмӕ Цедекиа.

Паддзах Йехониайы байзӕддӕгтӕ

17Йехониайы фырттӕ: Асир, уый фырт — Шеалтиел; 18Малкирам, Педаиа, Шенаццар, Йеками, Хошама, Недавиа. 19Педаиайы фырттӕ: Зоровавел ӕмӕ Шими. Зоровавелы фырттӕ: Мешуллам ӕмӕ Хананиа, сӕ хо — Шеломит. 20Мешулламӕн уыди фондз фырты: Хашува, Охел, Варахиа, Хасади ӕмӕ Иушав-Хесед. 21Хананиайы фырттӕ: Пелатиа, Исайа, Рефайа, Арнан, Овади, Шехани. 22Шеханийӕн уыди ӕхсӕз фырты: Шемайа, Хаттуш, Игал, Бариах, Неари ӕмӕ Шафат. 23Неарийӕн уыди ӕртӕ фырты: Елйоенай, Езекиа ӕмӕ Азрикам. 24Елйоенайӕн уыди авд фырты: Ходави, Елиашив, Пелаиа, Аккув, Иоханан, Делаи ӕмӕ Анани.
Copyright information for OssIBT2022