‏ 1 Chronicles 4

Иудӕ ӕмӕ йӕ байзӕддаг

1Иудӕйы байзӕддӕгтӕ: Парец, Есром, Карми, Хур, Шовал. 2Шовалы фырт Реайайӕ райгуырд Йахат; Йахатӕй райгуырдысты Ахумай ӕмӕ Лахад: адонӕй равзӕрдысты цорайӕгты мыггӕгтӕ.

3Мӕнӕ Етамы фырттӕ: Изреел, Ишма ӕмӕ Идбаш, сӕ хо — Хацлелпони. 4Пенуел уыди Гедоры фыд, Езер — Хушайы фыд. Адон сты Евфратӕйы зӕнӕджы хистӕр — Вифлеемы бындурӕвӕрӕг — Хуры байзӕддаг.

5Текоайы фыд Ашхурӕн уыди дыууӕ усы: Хела ӕмӕ Наара. 6Наара йын ныййардта Ахуззам, Хефер, Темни ӕмӕ Ахаштарийы. 7Хелайы фырттӕ: Церет, Цохар, Етнан.

8Коцӕн райгуырдысты Анув ӕмӕ Цовева, стӕй дзы равзӕрдысты Харумы фырт Ахархелы артӕй рацӕугӕ мыггӕгтӕ.

9Иавец йе’фсымӕртӕй кадджындӕр уыд. Иавец ном ыл йӕ мад сӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ, дам ӕй удхаргӕнгӕ ныййардтон. 10Иавец Израилы Хуыцаумӕ скуывта: «Тӕхуды, ахӕм арфӕ мын куы ракӕнис ӕмӕ мын мӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр куы скӕнис! Дӕ арм мыл куы дарис, фыдбылызӕй мӕ куы бахизис, цӕмӕй хъизӕмарӕй ма мӕлон!» Ӕмӕ йын Хуыцау сӕххӕст кодта йӕ курдиат.

11Шухайы ӕфсымӕр Келувӕй райгуырди Мехир, Ештоны фыд. 12Ештонӕй райгуырдысты Бет-Рафа, Пасеах ӕмӕ Ир-Нахашы сахары бындурӕвӕрӕг Техинна. Ацы мыггӕгтӕ Рехайы цардысты.

13Кеназы байзӕддӕгтӕ: Гофниел ӕмӕ Сераи. Гофниелы фырттӕ: Хатат ӕмӕ Меонотай. 14Меонотайӕ райгуырд Офра; Сераийӕ райгуырд Йоав, Ге-Харашимы цӕрджыты фыдӕл. Сахар та афтӕ уымӕн схуыдтой, ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ ӕрмдӕснытӕ уыдысты.

15Иефоннейы байзӕддаг Калевы фырттӕ: Иру, Ела ӕмӕ Наам. Елайы фырт — Кеназ.

16Йехаллелелы фырттӕ: Зиф, Зифа, Тири ӕмӕ Асарел.

17 18Езрайы фырттӕ: Иетер, Меред, Ефер ӕмӕ Йалон. Меред ракуырдта мысыраг Битийы, фараоны чызджы. Уый йын ныййардта Мириам, Шаммай ӕмӕ Ештемоайы фыд Ишбахы. Йӕ иудейаг ус та йын ныййардта Гедоры фыд Йареды, Сохойы фыд Хеверы ӕмӕ Заноахы фыд Йекутиелы.

19Ходиайы усы, Нахамы хойы, фырттӕ: гармаг Кеилайы фыд ӕмӕ маахайаг Ештемоа.

20Симеоны фырттӕ: Амнон, Ринна, Бен-Ханан, Тилон.

Ишийы фырттӕ: Зохет ӕмӕ Бен-Зохет.

21Иудӕйы фырт Шелайы байзӕддӕгтӕ: Лехайы фыд Ер ӕмӕ Марешайы фыд Лада; стӕй Бет-Ашбеайаг мыггӕгтӕ, лыстӕг гӕнӕй хъуымӕцтӕ уафджытӕ; 22ноджы ма Иоким, Хозевайы цӕрджытӕ ӕмӕ Иоас ӕмӕ Сараф. Рагон таурӕгъмӕ гӕсгӕ Иоас ӕмӕ Сараф иу заман цардысты Моавы, фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрбаздӕхтысты Вифлееммӕ. 23Сӕ байзӕддӕгтӕ цардысты Нетаим ӕмӕ Гедерайы, паддзахы цур, ӕмӕ йын куыстой дурынгӕнджытӕй.

Симеоны хӕдзарвӕндаг

24Симеоны фырттӕ: Немуел, Йамин, Йарив, Зерах, Саул. 25Саулы фырт — Шаллум, уый фырт Мивсам, уый фырт Мишма. 26Мишмайы фырттӕ: Хаммуел, Заккур ӕмӕ Шими. 27Шимийӕн уыд ӕхсӕрдӕс фырты ӕмӕ ӕхсӕз чызджы, фӕлӕ йе’фсымӕртӕн лӕппутӕ арӕх нӕ гуырди. Афтӕмӕй, ӕдӕппӕтӕй Симеоны хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн сӕ адӕмы нымӕц иудейӕгты нымӕцӕй къаддӕр уыди.

28Симеоны байзӕддӕгтӕ цардысты Беер-Шевӕйы, Моладайы, Хацар-Шуалы, 29Билхайы, Эцемы, Толады, 30Бетуелы, Хормайы, Циклагы, 31Бет-Маркавоты, Хацар-Сусимы, Бет-Бирийы, Шаараимы. Адон уыдысты сӕ сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ, Давид паддзах куы сси, уый агъоммӕ. 32Ноджы ма сӕм уыди фондз сахары: Етам, Аин, Риммон, Тохен ӕмӕ Ашан 33ӕмӕ уыцы сахарты алыварс хъӕутӕ — Баалы онг. Гъе адон — Симеоны хӕдзарвӕндаджы цӕрӕнуӕттӕ. Симеоны байзӕддӕгтӕ фыст цыдысты фыдӕй-фыртмӕйы номхыгъдты.

34Мешовав, Йамлех, Амациайы фырт Иоша, 35Иоел, Йегу, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Иошивиа, Серай ӕмӕ Асиел; 36Елйоенай, Йакоба, Иешохай, Асайа, Адиел, Йесимиел, Бенайа, 37Зиза, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Шифи, Аллон, Иедайа, Шимри ӕмӕ Шемайа. 38Кӕй кой рачынд, уыдон уыдысты сӕ мыггӕгты хистӕртӕ.

Ацы мыггӕгтӕ сбирӕ сты.
39Сӕ фысвосӕн хизӕнуат агургӕйӕ, бахӕццӕ сты фӕзы скӕсӕйнаг фарсмӕ, суанг Гедоры онг, 40ссардтой, дзӕбӕх, сойджын сӕрвӕттӕ кӕм уыд, ахӕм бӕстӕ, алырдӕм дӕр парахат, сабыр ӕмӕ ӕдас. Уыдоны размӕ дзы Хамы байзӕддӕгтӕ цардысты.

41Симеоны хӕдзарвӕндаджы уӕлдӕр ранымад мыггӕгтӕ уырдӕм ӕрцыдысты Иудейы паддзах Езекиайы заман, сӕхи ныццавтой Хамы байзӕддӕгты цатыртӕ ӕмӕ меунӕгты цӕрӕнтыл, мыггагыскъуыд сӕ фӕкодтой ӕмӕ сын ӕрцардысты сӕ бынӕтты, уымӕн ӕмӕ дзы сӕ фосы дзугтӕн уыди хизӕнтӕ. 42Адонӕй, Симеоны байзӕддӕгтӕй, Сеиры хӕхбӕстӕм ацыди фондзсӕдӕ лӕджы, сӕ сӕргъы Ишийы фырттӕ Пелатиа, Неари, Рефайа ӕмӕ Уззиел, афтӕмӕй. 43Адон ныццагътой, амалекӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны, ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ ныр дӕр ма цӕрынц уым.
Copyright information for OssIBT2022