1 Chronicles 6
Алчерты хӕдзарвӕндаг
1Левийы фырттӕ: Гершон, Кехат ӕмӕ Мерари. 2Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон, Уззиел. 3Амрамы цот: Аарон, Моисей ӕмӕ Мариам. Аароны фырттӕ: Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар. 4Елеазарӕй райгуырд Пинхас; Пинхасӕй райгуырд Авишуагъ; 5Авишуагъӕй райгуырди Букки; Буккийӕ райгуырд Уззи; 6Уззийӕ райгуырди Зерахи; Зерахийӕ райгуырди Мерайот; 7Мерайотӕй райгуырд Амариа; Амариайӕ райгуырд Ахитув; 8Ахитувӕй райгуырд Цадок; Цадокӕй райгуырд Ахимаац; 9Ахимаацӕй райгуырд Азариа; Азариайӕ райгуырд Иоханан; 10Иохананӕй райгуырд Азариа — Соломон Йерусалимы кӕй сарӕзта, уыцы Кувӕндоны сауджын; 11Азариайӕ райгуырд Амариа; Амариайӕ райгуырд Ахитув; 12Ахитувӕй райгуырди Цадок; Цадокӕй райгуырди Шаллум; 13Шаллумӕй райгуырди Хилкиа; Хилкиайӕ райгуырд Азариа; 14Азариайӕ райгуырди Серай; Серайӕ райгуырд Иоцадак. 15Иоцадак ацыди уацары, Дунедарӕг Навуходоносоры къухӕй иудейӕгтӕ ӕмӕ йерусалимӕгты уырдӕм куы атардта, уӕд.Левитты мыггӕгтӕ
16Левийы фырттӕ: Гершон, Кехат ӕмӕ Мерари. 17Мӕнӕ Гершоны фыртты нӕмттӕ: Ливни ӕмӕ Шими. 18Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон, Уззиел. 19Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши. Мӕнӕ левитты мыггӕгтӕ сӕ фыдӕлтӕм гӕсгӕ. 20Гершон: йӕ фырт Ливни, уый фырт Йахат, уый фырт Зимма, 21уый фырт Йоах, уый фырт Иддо, уый фырт Зерах, уый фырт Йотрай. 22Кехаты байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт Аминадав, уый фырт Корах, уый фырт Ассир, 23уый фырт Елкана, уый фырт Евиасаф, уый фырт Ассир, 24уый фырт Тахат, уый фырт Уриел, уый фырт Узийа, уый фырт Саул. 25Елканайы фырттӕ: Амасай ӕмӕ Ахимот; 26Ахимоты фырт — Елкана, уый фырт Цофай, уый фырт Нахат, уый фырт 27Елиав, уый фырт Йерохам, уый фырт Елкана, уый фырт Самуел. 28Самуелы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Иоел, кӕстӕр — Авийа. 29Мерарийы байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт Махли, уый фырт Ливни, уый фырт Шими, уый фырт Узза, 30уый фырт Шима, уый фырт Хагги, уый фырт Асайа.Левиттӕ — зарӕггӕнджытӕ
31Дунедарӕджы хӕдзары Фидыды Чырын куы ӕрӕнцад, уый фӕстӕ дзы Давид сӕвӕрдта зарӕггӕнджыты. 32Уыдонӕн зарыны лӕггад кодтой Фембӕлды Цатыры цур, цалынмӕ Соломон Йерусалимы Дунедарӕджы хӕдзар нӕ сарӕзта, уӕдмӕ. Се’гъдаумӕ гӕсгӕ-иу ӕрлӕууыдысты сӕ куысты уӕлхъус. 33Мӕнӕ, сӕ фырттимӕ лӕггад чи кодта, уыдон: Кехаты мыггагӕй: Хеман, зарӕггӕнӕг; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Иоел, Самуел, 34Елкана, Йерохам, Елиел, Тоах, 35Цуф, Елкана, Махат, Амасай, 36Елкана, Иоел, Азариа, Софониа, 37Тахат, Ассир, Евиасаф, Корах, 38Ицхар, Кехат, Левий, Израил. 39Хеманӕн йӕ рахизфарс лӕууыд йе’рвад Асаф; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Варахи, Шима, 40Михаел, Баасейа, Малкиа, 41Етни, Зерах, Адайа, 42Етан, Зимма, Шими, 43Йахат, Гершом, Левий. 44Хеманӕн йӕ галиуфарс лӕууыдысты Мерарийы байзӕддӕгтӕ, Хеман ӕмӕ Асафы ӕрвадӕлтӕ, сӕ сӕргъы Етан, афтӕмӕй; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Киши, Авди, Маллух, 45Хашавиа, Амациа, Хилкиа, 46Амци, Бани, Шемер, 47Махли, Муши, Мерари, Левий.Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ
48Иннӕ левиттӕн, се’рвадӕлтӕн, лӕвӕрд ӕрцыд алы куыст Дунедарӕджы цӕрӕны, Хуыцауы хӕдзары. 49Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ та хастой нывӕндтӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕныл ӕмӕ будсудзӕн нывондхӕссӕныл. Кодтой уазлӕггады куыст, ӕххӕст кодтой Израилы адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдӕуттӕ — Хуыцауы цагъар Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 50Мӕнӕ Аароны байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт — Елеазар, уый фырт Пинхас, уый фырт Авишуагъ, 51уый фырт Букки, уый фырт Уззи, уый фырт Зерахи, 52уый фырт Мерайот, уый фырт Амариа, уый фырт Ахитув, 53уый фырт Цадок, уый фырт Ахимаац.Левитты мыггӕгты цӕрӕнуӕттӕ
54Мӕнӕ левитты цӕрӕнуӕттӕ, сӕ зӕххытӕ. Кехаты мыггаджы иу хайӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, сӕ хал фыццаг кӕй схаудта, уымӕ гӕсгӕ сын 55Иудӕйы зӕххыл бахай кодтой Хеврон ӕмӕ йӕ алыварс хизӕнуӕттӕ. 56Сахарӕн йӕ хуымтӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутӕ та радтой Иефоннейы фырт Калевӕн. 57Аароны байзӕддӕгтӕн радтой ӕмбӕхсӕн сахартӕ: Хеврон, Ливнӕ йӕ хизӕнуӕттимӕ, Йатир, Ештемоа йӕ хизӕнуӕттимӕ, 58Хилез ӕмӕ Девир сӕ хизӕнуӕттимӕ, 59Ашан ӕмӕ Бет-Шемеш сӕ хизӕнуӕттимӕ; 60Бениамины хӕдзарвӕндаджы зӕххыл та — Гевӕ, Алемет ӕмӕ Анатот сӕ хизӕнуӕттимӕ, ӕдӕппӕт ӕртындӕс сахары. Аароны байзӕддӕгтыл уӕрст ӕрцыдысты мыггаггай. 61Кехаты байзӕддӕгтӕй ма чи баззад, уыцы мыггӕгтӕм Ефрем ӕмӕ Даны хӕдзарвӕндӕгты зӕххы хӕйттыл, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис кӕм цардысты, уыцы зӕххыл, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, ӕрхауди дӕс сахары. 62Гершоны байзӕддӕгтӕн, мыггӕгтӕм гӕсгӕ, Иссахар, Асир ӕмӕ Неффалимы хӕдзарвӕндӕгты зӕххытыл, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй Башаны чи царди, уыдоны зӕххыл радтой ӕртындӕс сахары. 63Мерарийы байзӕддӕгтӕм, мыггӕгтӕм гӕсгӕ, Рувим, Гад ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгты зӕххытыл, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, ӕрхауди дыууадӕс сахары. 64Афтӕмӕй израилӕгтӕ левиттӕн радтой ацы сахартӕ сӕ алыварс хизӕнтимӕ. 65Хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, Аароны байзӕддӕгтӕн Иудӕ, Симеон ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгты зӕххытыл радтой уӕлдӕр ранымад сахартӕ. 66Кехаты байзӕддӕгтӕй ма кӕцыдӕр мыггӕгтӕм, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, Ефремы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл 67ӕрхауди мӕнӕ ацы ӕмбӕхсӕн сахартӕ дӕр: Шехем йӕ хизӕнуӕттимӕ Ефремы хӕхбӕсты, стӕй Гезер йӕ хизӕнуӕттимӕ; 68Йокмеам, Бет-Хорон, 69Айалон ӕмӕ Гат-Риммон сӕ хизӕнуӕттимӕ; 70Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы зӕххыл та — Анер йӕ хизӕнуӕттимӕ ӕмӕ Билам йӕ хизӕнуӕттимӕ. Адон радтой, Кехаты байзӕддӕгтӕй ма чи баззад, уыцы мыггӕгтӕн. 71Гершоны байзӕддӕгтӕн, мыггӕгтӕм гӕсгӕ, Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис кӕм царди, уыцы зӕххыл, Башаны, радтой Голан йӕ хизӕнуӕттимӕ, стӕй Аштарот йӕ хизӕнуӕттимӕ; 72Иссахары хӕдзарвӕндаджы зӕххыл — Кедеш йӕ хизӕнуӕттимӕ, Даверат йӕ хизӕнуӕттимӕ, 73Рамот йӕ хизӕнуӕттимӕ, Анем йӕ хизӕнуӕттимӕ; 74Асиры хӕдзарвӕндаджы зӕххыл — Машал йӕ хизӕнуӕттимӕ, Авдон йӕ хизӕнуӕттимӕ, 75Хукок йӕ хизӕнуӕттимӕ, Рехов йӕ хизӕнуӕттимӕ; 76Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл — Кедеш Галилейы, йӕ хизӕнуӕттимӕ, Хаммон йӕ хизӕнуӕттимӕ, Кирйатаим йӕ хизӕнуӕттимӕ. 77Мерарийы байзӕддӕгтӕй ма чи баззад, уыдонӕн Зевулоны хӕдзарвӕндаджы зӕххыл радтой: Риммон йӕ хизӕнуӕттимӕ, Фавор йӕ хизӕнуӕттимӕ; 78Рувимы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл — Иорданы скӕсӕйнаг фарс, Йерихоны ныхмӕ: Бецер ӕдзӕрӕг быдыры, йӕ хизӕнуӕттимӕ, Йахац йӕ хизӕнуӕттимӕ, 79Кедемот йӕ хизӕнуӕттимӕ, Мефаат йӕ хизӕнуӕттимӕ; 80Гады хӕдзарвӕндаджы зӕххыл — Рамот Галаады, йӕ хизӕнуӕттимӕ, Маханаим йӕ хизӕнуӕттимӕ, 81Хешбон йӕ хизӕнуӕттимӕ, Йазер йӕ хизӕнуӕттимӕ.
Copyright information for
OssIBT2022