1 Chronicles 8
Бениамины байзӕддӕгтӕ
1Бениамины хистӕр фырт — Бела, дыккаг — Ашбел, ӕртыккаг — Ахрах, 2цыппӕрӕм — Ноха, фӕндзӕм та — Рафа. 3Белайы фырттӕ: Аддар, Гера, Авигуд, 4Авишуагъ, Нааман, Ахоах, 5Гера, Шефуфан, Хурам.Бениамины байзӕддӕгтӕ Гевӕйы
6Мӕнӕ Ехуды фырттӕ, Гевӕйы чи царди, фӕстӕдӕр та Манахатмӕ хаст чи ӕрцыд, уыцы мыггӕгты хистӕртӕ: 7Нааман, Ахийа ӕмӕ, Манахатмӕ сӕ чи акодта, уыцы Гера; амӕй райгуырдысты Узза ӕмӕ Ахихуд.Бениамины байзӕддӕгтӕ Моав, Оно ӕмӕ Лоды
8– 9Моавы быдыры цӕргӕйӕ, Шахараимӕн сӕнтысти цот. Йе’ртыккаг ус Ходешӕй йын (уымӕй размӕ арвыста йӕ фыццаг дыууӕ усы — Хушим ӕмӕ Баарайы) райгуырдысты Йовав, Циви, Меша, Малкам, 10Йеуц, Сахиа ӕмӕ Мирма. Адон сты йӕ фырттӕ, мыггӕгты хистӕртӕ. 11Хушимӕй Шахараимӕн райгуырдысты Авитув ӕмӕ Елпаал. 12Елпаалы фырттӕ: Евер, Мишам ӕмӕ Шемед. Шемед сарӕзта Оно ӕмӕ Лод йӕ алыварс хъӕутимӕ.Бениамины байзӕддӕгтӕ Айалоны ӕмӕ Йерусалимы
13Бриа, Елпаал ӕмӕ Шемӕ уыдысты Айалоны цӕрӕг мыггӕгты хистӕртӕ. Адон ратардтой Гаты цӕрджыты. 14Ахйо, Шашак ӕмӕ Йеремот, 15Зевадиа, Арад, Едер, 16Михаел, Ишпа, Йоха — Бриайы фырттӕ. 17Зевадиа, Мешуллам, Хизки, Хевер, 18Ишмерай, Изли, Йовав — Елпаалы фырттӕ. 19Йаким, Зихри, Завди, 20Елиенай, Циллетай, Елиел, 21Адайа, Берайа, Шимрат — Шимийы фырттӕ. 22Ишпан, Евер, Елиел, 23Авдон, Зихри, Ханан, 24Хананиа, Елам, Антотийа, 25Ифдейа, Пенуел — Шашакы фырттӕ. 26Шамшерай, Шехари, Атали, 27Йареши, Илийа, Зихри — Йерохамы фырттӕ. 28Адон уыдысты сӕ мыггӕгты хистӕртӕ ӕмӕ цардысты Йерусалимы.Бениамины байзӕддӕгтӕ Гивоны ӕмӕ Йерусалимы
29Гивоны царди Йеиел, Гивоны сахарӕн йӕ бындурӕвӕрӕг; йӕ усы ном — Мааха. 30Йӕ хистӕр фырт — Авдон, уый дӕле — Цур, Киш, Баал, Нер, Надав, 31Гедор, Ахйо, Зехер, Миклот. 32Миклотӕй райгуырди Шема. Адон дӕр се’рвад-ӕфсымӕртимӕ цардысты Йерусалимы.Саулы мыггаг
33Нерӕй райгуырди Киш; Кишӕй райгуырди Саул; Саулӕй райгуырдысты Ионатан, Малкишуа, Авинадав ӕмӕ Ешбаал. 34Ионатаны фырт — Мерив-Баал; Мерив-Баалӕй райгуырди Миха. 35Михайы фырттӕ: Питон, Мелех, Тареа, Ахаз. 36Ахазӕй райгуырд Йохада; Йохадайӕ райгуырдысты Алемет, Азмавет ӕмӕ Зимри; Зимрийӕ райгуырди Моца; 37Моцайӕ райгуырди Бина; уый фырт Рафа, уый фырт Еласа, уый фырт Ацел. 38Ацелӕн уыдис ӕхсӕз фырты: Азрикам, Бохру, Измаел, Шеари, Овади, Ханан. 39Ацелы ӕфсымӕр Ешекы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Улам, дыккаг — Йеуш, ӕртыккаг — Елифелет. 40Уламы фырттӕ уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ, дӕсны фатӕхсджытӕ. Сӕ цот ӕмӕ сӕ цоты цот уыдысты дӕс ӕмӕ авдыссӕдз. Адон се’ппӕт дӕр сты Бениамины байзӕддӕгтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022