1 Chronicles 13
Фидыды Чырын рахастой Кирйат-Иаримӕй
1Давид уынаффӕ кодта миныхицӕуттимӕ, сӕдӕйыхицӕуттимӕ ӕмӕ ӕппӕт иннӕ раздзӕуджытимӕ. 2Израилы адӕмы ӕмбырдӕн загъта: «Кӕд разы стут ӕмӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, фӕндон у, уӕд ардӕм ӕрсидӕм, Израилы алы рӕтты нын чи баззад, уыцы ӕфсымӕртӕм, уыдонимӕ сӕ сахарты ӕмӕ сӕ уӕтӕрты цӕрӕг сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕм дӕр, 3ӕмӕ нӕхимӕ рахӕссӕм нӕ Хуыцауы Фидыды Чырын, уымӕн ӕмӕ йыл Саулы заман нӕ сагъӕс кодтам». 4Ӕмбырды адӕм сразы сты Давидимӕ, се’ппӕтмӕ дӕр раст фӕкаст йӕ фӕндон. 5Афтӕмӕй, Кирйат-Иаримӕй Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрбахӕссыны охыл Давид ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт израилӕгты дӕр — Мысыры арӕныл Шихоры цӕугӕдонӕй райдайгӕйӕ Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, бахизӕны онг чидӕриддӕр царди, уыдоны. 6Давид ӕппӕт израилӕгтимӕ ацыд иудейаг сахар Бааламӕ (ома Кирйат-Иариммӕ), цӕмӕй уырдыгӕй ӕрбахӕссой Хуыцауы Фидыды Чырын, херувимтыл Ӕнцайӕг Дунедарӕджы ном хӕссӕг Чырын. 7Хуыцауы Фидыды Чырын ног уӕрдоны раластой Авинадавы хӕдзарӕй. Уӕрдон Узза ӕмӕ Ахйойы бар бакодтой. 8Давид ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ та Хуыцауы раз фыр цинӕй кафыдысты, зарыдысты ӕмӕ цагътой хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕ, далатӕ, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй. 9Кидоны мусы цурмӕ куыд бахӕццӕ сты, афтӕ ифтыгъд галтӕ уӕрдон фӕкъул кодтой, ӕмӕ Узза Фидыды Чырынмӕ къухӕй февнӕлдта, ма рахауа, зӕгъгӕ. 10Фидыды Чырынмӕ къухӕй кӕй февнӕлдта, уый тыххӕй Дунедарӕг смӕсты ис Уззамӕ ӕмӕ йӕ ӕрцавта. Узза уыцы ран, Хуыцауы раз, мардӕй ӕрхауди. 11Давидӕн стыр маст уыди, Дунедарӕг Уззайы кӕй ӕрцавта, уый, ӕмӕ уыцы бынат Перец-Узза рахуыдта. Абон дӕр ӕй афтӕ хонынц. 12Уыцы бон Давид тынг фӕтарсти Хуыцауӕй ӕмӕ загъта: «Цы ныфсӕй ма бахӕссон Хуыцауы Фидыды Чырын мӕхимӕ?» 13Давид Фидыды Чырын Давиды сахармӕ нал аласта, гатаг Овед-Едомы хӕдзармӕ йӕ арвыста. 14Хуыцауы Фидыды Чырын Овед-Едомы хӕдзары фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ Дунедарӕгӕй арфӕгонд фесты йӕ хӕдзаронтӕ дӕр ӕмӕ йе’ппӕт исбон дӕр.
Copyright information for
OssIBT2022