1 Chronicles 17
Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд Давидӕн
1Давид ӕрцарди йӕ галуаны, ӕмӕ иуахӕмы пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Дунедарӕджы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы». 2Натан Давидӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕ дӕм куыд дзуры, афтӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау демӕ ис». 3Фӕлӕ тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Хуыцау раргом ис Натанмӕ: 4«Цу ӕмӕ Мӕ цагъар Давидӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Мӕнӕн Мӕ цӕрӕн хӕдзар аразӕг ды нӕ уыдзынӕ. 5Израилӕгты Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй нырмӕ Мын хӕдзар куы нӕ уыди — цатыры цыдтӕн Ӕз балцы. 6Израилӕгтимӕ кӕмфӕнды куы хаттӕн, уӕд дӕр, Мӕ адӕмы, Израилы, кӕй бӕрны бакодтон, сӕ уыцы тӕрхоны лӕгтӕй кӕд кӕмӕн загътон, кедрӕй хӕдзар Мын цӕуылнӕ саразут, зӕгъгӕ?“ 7Ды Мӕ цагъар Давидӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: Ӕз дӕу сӕрвӕтӕй, дӕ фысты дзугӕй, уый тыххӕй ракодтон, цӕмӕй суай Мӕ адӕмы, Израилы фӕтӕг. 8Кӕдӕмфӕнды цыдаис — алы ран дӕр Ӕз уыдтӕн демӕ ӕмӕ дын де знӕгты се’ппӕты дӕр ныццагътон. Ӕз дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн, ацы зӕххыл кадджындӕр цы нӕмттӕ ис, уыдонӕй иу уыдзӕни. 9Ӕз Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, скӕндзынӕн бынат, уым сын сӕ уидӕгтӕ ауадздзынӕн ӕмӕ сӕхицӕн ӕдасӕй цӕрдзысты, ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ нал ӕфхӕрдзысты раздӕрау, 10Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ сӕргъы тӕрхоны лӕгтӕ куы ӕвӕрдтон, уыцы заман куыд уыди, афтӕ. Ӕз дын де’ппӕт знӕгты дӕр басӕтдзынӕн. Хъусын дын кӕнын: Дунедарӕг дын сараздзӕни хӕдзар. 11Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлтимӕ куы баиу уай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ фырттӕй иуы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн. 12Уый Мын сараздзӕни Хӕдзар, Ӕз та йын мыггагмӕ йӕ паддзахы бадӕн сфидар кӕндзынӕн. 13Ӕз уымӕн уыдзынӕн Фыд, уый та Мын уыдзӕни фырт. Мӕ хорзӕх дзы фӕстӕмӕ нӕ райсдзынӕн, дӕ размӕ чи уыд, уымӕй йӕ куыд райстон, афтӕ. 14Ӕз ӕй ӕнустӕм сӕвӕрдзынӕн Мӕ хӕдзар ӕмӕ Мӕ паддзахады сӕргъы, ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕн фидар уыдзӕн мыггагмӕ“». 15Хуыцау ӕм кӕй раргом ис, уый тыххӕй Натан Давидӕн радзырдта, ӕппӕт ныхӕстӕ йын рафӕзмыдта.Давиды арфӕйы куывд Хуыцаумӕ
16Паддзах Давид Дунедарӕджы цатырмӕ бацыд, ӕрзоныг кодта ӕмӕ загъта: «О Дунедарӕг Хуыцау! Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ фыдӕлтӕ дӕр, цӕмӕй мӕ афтӕ бӕрзонд сисай? 17Фӕлӕ Дӕм уый дӕр фаг нӕ фӕкасти, Хуыцау, ӕмӕ ма Дӕ цагъары хӕдзарвӕндагӕн йӕ дард сомбоны кой дӕр бакодтай. Цыма стыр лӕг дӕн, афтӕ аудыс Ды мӕныл, о Дунедарӕг Хуыцау! 18Ды Дӕ цагъары афтӕ сбӕрзонд кодтай, ӕмӕ ма Дын цы зӕгъа Давид? Ды Дӕ цагъары зӕрдӕ афтӕмӕй дӕр зоныс. 19О Дунедарӕг! Дӕ цагъары тыххӕй ӕмӕ Дӕхи фӕндонӕй скодтай ӕмӕ раргом кодтай ацы стыр кад. 20О Дунедарӕг! Нӕ хъустӕй цыдӕриддӕр фехъуыстам, уый фӕрцы зонӕм: Ды дӕ, ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг Хуыцау. 21Зӕххон адӕмтӕй дӕр кӕцыйӕн ис абарӕн Дӕ адӕмимӕ, Израилимӕ? Ды сӕм раргом дӕ, цӕмӕй сӕ балхӕнай ӕмӕ Дӕхи бауой, сӕ сӕраппонд стыр диссӕгтӕ саразай ӕмӕ Дӕ ном скадджын кӕнай. Ды, Дӕхицӕн Мысырӕй кӕй раирвӕзын кодтай, Дӕ уыцы адӕмы цурӕй ӕндӕр адӕмты ӕд хуыцӕуттӕ фӕсырдтай. 22Ды израилӕгты ӕнустӕм Дӕхи адӕм скодтай ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, сдӕ сӕ Хуыцау. 23О Дунедарӕг, Дӕ цагъар ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы ныхас загътай, уый ныффидар уӕд ӕнустӕм! Куыд загътай, афтӕ бакӕн! 24Ӕнустӕм кадджын уӕд Дӕ ном! Афтӕ куыд дзурой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сӕ Хуыцау у Израилӕн“! Ӕмӕ кӕддӕриддӕр Дӕ разы уӕд Дӕ цагъар Давиды хӕдзарвӕндаг. 25Ды, мӕ Хуыцау, Дӕ цагъарӕн хӕдзар саразынӕй зӕрдӕ бавӕрдтай, ӕмӕ Дӕм кувын дӕр уымӕн уӕндын. 26О Дунедарӕг, Ды — Хуыцау, Ды фехъусын кодтай Дӕ цагъарӕн фарны уац! 27Уӕдӕ арфӕ ракӕн Дӕ цагъары хӕдзарӕн, цӕмӕй ӕнустӕм уа Дӕ разы. Уымӕн ӕмӕ Дӕ арфӕйӕ, о Дунедарӕг, уый арфӕгонд уыдзӕни ӕнустӕм».
Copyright information for
OssIBT2022