1 Chronicles 18
Давид басаста сыхаг адӕмты
1Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр Давид басаста филистимӕгты ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар бакодта. Сӕ къухӕй сын байста Гат ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутӕ. 2Басаста моавӕгты дӕр, ӕмӕ уыдон дӕр систы Давиды дӕлбар, фыстой йын хъалон. 3Давид басаста Адад-Езеры дӕр, Цовайы паддзахы (йӕ паддзахад ӕххӕссыд Хаматы арӕнты онг), уый Евфраты доны был цы зӕххытӕ ис, уыдонмӕ йӕ бархъомыс ӕрӕвӕрынмӕ куы бабырста, уӕд. 4Давид ӕрбатӕлӕт кодта мин тохуӕрдоны, уӕрдонджын ӕфсадӕй авд мин хӕстоны райста уацары, фистӕг ӕфсадӕй — ссӕдз мины. Бӕхтӕй ма ныууагъта, сӕдӕ уӕрдоны цы сифтындзой, уый бӕрц, иннӕ бӕхтӕн та се счъилы нуӕрттӕ адзӕнгӕл кодта. 5Цовайы паддзах Адад-Езермӕ ӕххуысмӕ ӕрбацыдысты дамаскаг арамейӕгтӕ, ӕмӕ Давид уыдонӕй дӕр дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мины ныццагъта. 6Уӕд йе’фсад ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта. 7Адад-Езеры дӕлдӕртӕн Давид сӕ сыгъзӕрин уартытӕ байста ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ схаста. 8Адад-Езеры сахартӕ Тивхат ӕмӕ Куны тынг бирӕ ӕрхуы ӕрбатӕлӕт кодта Давид, ӕмӕ дзы фӕстӕдӕр Соломон Кувӕндонӕн ӕрхуы денджыз, цӕджындзтӕ ӕмӕ алыхуызон ӕрхуы мигӕнӕнтӕ сарӕзта. 9Хаматы паддзах Тоимӕ байхъуысти, Давид Цовайы паддзах Адад-Езеры ӕфсад кӕй ныддӕрӕн кодта, уый 10ӕмӕ йӕ фырт Хадорамы паддзах Давидмӕ арвыста, цӕмӕй йын салам ратта ӕмӕ йын, Адад-Езерыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй арфӕ ракӕна. Уымӕн ӕмӕ Тои ӕмӕ Адад-Езеры’хсӕн ӕдзухдӕр хӕстытӕ цыди. Хадорам Давидӕн йемӕ сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дзауматӕ ахаста. 11Паддзах Давид сӕ едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ ӕмӕ амалекӕгтӕй байсгӕ ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтимӕ Дунедарӕгӕн мысайнаг сӕвӕрдта. 12Церуайы фырт Авишай Цӕхджын дӕлвӕзы едомӕгтӕй ныццагъта ӕстдӕс мины. 13Давид Едомы йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ Едомы адӕм иууылдӕр йӕ дӕлбар баисты. Кӕмфӕнды хӕцыдаид Давид — алы ран дӕр ын Дунедарӕг уӕлахиз лӕвӕрдта.Давиды барджынтӕ
14Давид паддзахиуӕг кодта ӕгас Израилы, адӕмӕн тӕрхон кодта ӕмӕ раст уынаффӕ хаста. 15Церуайы фырт Йоав уыд ӕфсады хицау, Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг, 16Ахитувы фырт Цадок ӕмӕ Авиафары фырт Авимелех — сауджынтӕ, Шавша — нымӕрдар, 17Йеходайы фырт Бенайа разамынд лӕвӕрдта керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕн. Давиды фырттӕ уыдысты паддзахады фыццаг лӕгтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022