1 Chronicles 19
Давиды хӕст аммонӕгтӕ ӕмӕ арамейӕгтимӕ
1Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ амард аммонаг паддзах Нахаш, ӕмӕ йӕ бӕсты паддзахиуӕг кӕнын райдыдта йӕ фырт. 2Давид загъта: «Нахаш мын хорзы кӕй бацыд, уый тыххӕй йын йӕ фырт Хануны зӕрдӕ хъуамӕ истӕмӕй барухс кӕнон». Ӕмӕ арвыста йӕ дӕлдӕрты, Ханунӕн йӕ фыды тыххӕй тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ. Давиды дӕлдӕртӕ фӕцыдысты аммонӕгты зӕхмӕ. 3Аммонаг ӕлдӕрттӕ загътой Ханунӕн: «Ныр дӕ ӕцӕгдӕр уырны, Давид дын дӕ фыды сӕр нымайы, ӕмӕ адон дӕ зыны заман дӕ цуры уымӕн ӕрбалӕууыдысты? Нӕ, уый дӕм сӕ уый тыххӕй ӕрбарвыста, цӕмӕй бӕстӕйыл сӕ цӕст ахӕссой, басгарой йӕ ӕмӕ йӕ стӕй ныггӕныстон кӕной». 4Уӕд Ханун Давиды ӕрвыст лӕгтыл ӕрхӕцыди, ныддаста сӕ, сӕ дарӕс сын, се’рбадӕнтӕ куыд разыной, афтӕ фӕччитӕй астӕуы онг ачъепп ласта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ауагъта. 5Фӕндагыл ма уыдысты, афтӕ сын Давид сӕ хабар фехъуыста ӕмӕ сӕ размӕ лӕгтӕ арвыста, уымӕн ӕмӕ ӕгад ӕмӕ худинаджы уавӕры уыдысты. Паддзахы бардзырд уыди: «Цалынмӕ уӕ боцъотӕ разайой, уӕдмӕ Йерихоны баззайут, стӕй ӕрбаздӕхдзыстут». 6Давидӕн ӕнӕуынон систы, уый куы бамбӕрстой, уӕд Ханун ӕмӕ аммонӕгтӕ Арам-Нахараиммӕ, стӕй Арам-Мааха ӕмӕ Цовамӕ ӕвзисты мин таланты арвыстой, цӕмӕй тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕрджытӕ баххуырстой. 7Дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз мин тохуӕрдоны, стӕй Маахайы паддзахы ӕд ӕфсад баххуырстой. Уыдон ӕрбацыдысты ӕмӕ Медевайы цур рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты. Сӕ сахартӕй хӕстмӕ рацыдысты аммонӕгтӕ дӕр. 8Давид уый куы фехъуыста, уӕд сӕм Йоавы арвыста йӕ тохвӕлтӕрд ӕфсадимӕ. 9Аммонӕгтӕ рацыдысты ӕмӕ хӕстифтонгӕй ӕрлӕууыдысты сӕ сӕйраг сахары кулдуары цур, ӕххуысмӕ сӕм цы паддзӕхтӕ фӕзынд, уыдон та тыгъд быдыры хицӕнӕй лӕууыдысты. 10Йоав куы федта, знӕгтӕ израилӕгтӕн сӕ разӕй дӕр ӕмӕ сӕ чъылдыммӕ дӕр кӕй лӕууынц, уый, уӕд йӕ хуыздӕр хӕстонты арамейӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта. 11Иннӕты бакодта йе’фсымӕр Авишайы бар, ӕмӕ сӕ уый аммонӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта. 12Йоав ын загъта: «Гъа, ныр мыл арамейӕгтӕ уӕлахиз кӕнынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу мӕм ӕххуысмӕ фӕзын, аммонӕгтӕ дӕуыл куы райдайой тых кӕнын, уӕд та дӕм ӕз фӕзындзынӕн. 13Фидар лӕуу! Махӕн нӕ хӕс у нӕ адӕмы ӕмӕ нӕ Хуыцауы сахарты сӕраппонд схӕцын, ӕмӕ, Дунедарӕг цы зӕгъа, уый уӕд». 14Йоав йе’фсадимӕ сӕхи андзӕрстой арамейӕгтыл, ӕмӕ уыдон лидзӕг фесты. 15Аммонӕгтӕ куы федтой, арамейӕгтӕ лидзынц, уый, уӕд уыдон дӕр лидзӕг фесты Авишайӕ, Йоавы ӕфсымӕрӕй, ӕмӕ сӕхи сахармӕ байстой. Йоав Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхти. 16Арамейӕгтӕ куы бамбӕрстой, израилӕгтӕ сыл фӕуӕлахиз сты, уый, уӕд ӕххуысмӕ арвыстой Евфраты фале цӕрӕг арамейӕгтӕм, сӕ сӕргъы — Адад-Езеры ӕфсады хицау Шовах. 17Давид уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд ӕппӕт израилӕгты ӕрбамбырд кодта, Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызт, арамейӕгтӕм бахӕццӕ, сӕ ныхмӕ хӕстифтонгӕй ӕрлӕууыд, ӕмӕ сын тох бацайдагъ ис. 18Израилӕгтӕ лидзӕг фӕкодтой арамейӕгты. Давид сын сӕ бӕхтӕрджытӕй авд мины амардта, сӕ фистӕг хӕстонтӕй та — дыууиссӕдз мины. Амардта сын се’фсады хицау Шовахы дӕр. 19Адад-Езеры дӕлбартӕ куы бамбӕрстой, израилӕгтӕ сӕ басастой, уый, уӕд Давидимӕ бафидыдтой ӕмӕ систы йӕ дӕлбар. Арамейӕгтӕ нал тырныдтой аммонӕгтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022