1 Chronicles 20
Аммонӕгты сӕйраг сахар ист ӕрцыд
1Иннӕ уалдзӕг, паддзӕхты хӕстон балцыты афон, Йоав ӕфсадимӕ ацыд аммонӕгты бӕстӕм ӕмӕ йӕ ныддӕрӕн кодта, стӕй сын ӕртыхсти сӕ сӕйраг сахар Раввайыл. Давид уыцы рӕстӕг уыди Йерусалимы. Йоав балӕбурдта Раввайы сахармӕ ӕмӕ йӕ ныппырх кодта. 2Давид сын сӕ паддзахы сӕрӕй, ӕрмӕст йӕ сыгъзӕрин дӕр иу таланты уӕзӕн кӕмӕн уыд, йӕ уыцы налхъуыт-налмасӕй фӕлыст кады худ фелвӕста ӕмӕ йӕ йӕхи сӕрыл ӕркодта. Сахарӕй тынг бирӕ ӕфтиаг рахаста. 3Адӕмӕй дзы чи уыди, уыдоны та ракодта ӕмӕ сӕ дурфадӕн хырхытӕ, ӕфсӕйнаг дурсӕттӕнтӕ ӕмӕ фӕрӕттӕй кусыныл бафтыдта. Афтӕ бакодта ӕппӕт аммонаг сахартӕн. Уый фӕстӕ Давид йе’фсадимӕ раздӕхт Йерусалиммӕ.Давиды хӕстонты уӕлахизтӕ
4Фӕстӕдӕр ма Гезеры дӕр филистимӕгтимӕ ногӕй схӕцыдысты. Хушайаг Сибехай амардта Сиппайы, рефаимты байзӕддӕгтӕй иуы, ӕмӕ филистимӕгтӕ саст ӕрцыдысты. 5Филистимӕгтимӕ ма ноджыдӕр иу хӕст уыди, ӕмӕ уым Елханан, Иаиры фырт, амардта гатаг Лахмийы, Голиафы ӕфсымӕры, йӕ арцы хъӕд тынуафӕн хъилы йас кӕмӕн уыди, уыцы Голиафы ӕфсымӕры. 6Иу ахӕм хӕст ма уыди Гаты дӕр. Уым иу уӕйыгӕнгӕс лӕг, уый дӕр рефаимты байзӕддӕгтӕй, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтыл — ӕхсӕзгай ӕнгуылдзтӕ, ӕдӕппӕтӕй — цыппар ӕмӕ ссӕдз ӕнгуылдзы, 7фидистӕ кодта израилӕгтӕн, ӕмӕ йӕ Йонатан, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, амардта. 8Ацы уӕйыгӕнгӕс лӕгтӕ уыдысты рефаимты байзӕддӕгтӕ, гатӕгтӕ, ӕмӕ Давид ӕмӕ йӕ хӕстонты къухӕй мӕрдтӕм бацыдысты.
Copyright information for
OssIBT2022