‏ 1 Chronicles 22

1Давид загъта: «Ам уыдзӕни Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзар, мӕнӕ — Израилы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн!»

Давид Кувӕндонӕн цӕттӕ кӕны аразӕн ӕрмӕг

2Давид бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕной Израилы зӕххыл цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгты, ӕмӕ сын бахӕс кодта Хуыцауы хӕдзар саразынӕн дуртӕ слӕгъз кӕнын. 3Ноджы ма Давид ӕрцӕттӕ кодта бирӕ ӕфсӕйнаг дӕр: зӕгӕлтӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ цӕгтӕ аразынӕн, стӕй, йӕ уӕзӕн сбарӕн нӕй, уый бӕрц ӕрхуы. 4Ноджы ма — ӕнӕнымӕц бирӕ кедр хъӕдӕрмӕг. Давидӕн ӕй ӕрбаластой сидойнӕгтӕ ӕмӕ тирӕгтӕ. 5Давид загъта: «Мӕ фырт Соломон нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, Дунедарӕгӕн цы хӕдзар аразын хъӕуы, уый та стыр диссаг хъуамӕ уа, ӕппӕт дунейыл йӕ ном ӕмӕ йӕ ӕрдхӕрӕны рӕсугъды кой кӕмӕн айхъуысдзӕн, ахӕм. Цӕй ӕмӕ йын ӕрцӕттӕ кӕнон аразӕн ӕрмӕг». Ӕмӕ Давид бирӕ ӕрцӕттӕ кодта йӕ амӕлӕты размӕ.

Давиды ныстуан Соломонӕн

6Давид басидт йӕ фырт Соломонмӕ ӕмӕ йын ныффӕдзӕхста хӕдзар саразын Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн. 7Афтӕ йын загъта: «Мӕ хъӕбул! Мӕ зӕрды уыди Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, номыл хӕдзар саразын. 8Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта: „Ды бирӕ туг ныккалдтай, стыр хӕстыты хӕцыдтӕ. Мӕ номыл хӕдзар аразӕг Ды нӕ уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ федтон, зӕххыл цас туг ныккалдтай, уый. 9Фӕлӕ дын райгуырдзӕни фырт. Уыдзӕн ын сабыр уаг, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕ алфамбылай знӕгтӕй се’ппӕтӕй дӕр сӕнӕмӕт кӕндзынӕн. Йӕ ном уыдзӕни Соломон
Соломон — дзут. «Шеломо», йӕ мыртӕм гӕсгӕ у дзырд «шалом»-ы («фарн») ӕнгӕс.
, ӕмӕ Израилӕн Соломоны заман ратдзынӕн фарн ӕмӕ ӕнцой.
10Соломон сараздзӕн Мӕ номыл хӕдзар. Уый уыдзӕни Мӕ фырт, Ӕз та уыдзынӕн Йӕ Фыд, ӕмӕ йын Израилы сӕргъы йӕ паддзахы бадӕн сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ“. 11Гъемӕ Дунедарӕджы уазӕг у, мӕ хъӕбул, бантысӕд дын Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, хӕдзар саразын, Уый дӕ куыд ӕнхъӕл у, афтӕ. 12Дунедарӕг дын раттӕд куырыхон зонд ӕмӕ алцы ӕвзарыны курдиат, цӕмӕй, Израилы сӕргъы дӕ куы ӕрлӕууын кӕна, уӕд ӕххӕст кӕнай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, Ӕгъдау. 13Дунедарӕг Моисеймӕ Израилӕн цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон куы ӕххӕст кӕнай, уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын. У фидар ӕмӕ ӕхсарджын ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс, дӕ ныфс макуы асӕттӕд. 14Ӕз тыхтӕй-амӕлттӕй Дунедарӕджы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон сыгъзӕрины сӕдӕ мин таланты ӕмӕ ӕвзисты милуан таланты, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаджы уӕзӕн та сбарӕн дӕр нӕй, афтӕ бирӕ сты; ӕрцӕттӕ кодтон хъӕдӕрмӕг ӕмӕ дуртӕ дӕр. Ды дӕр ма сӕм бафтаудзынӕ. 15Кусджытӕ дӕм бирӕ ис: дурлӕгъзгӕнджытӕ, дурыл ӕмӕ хъӕдыл нывӕфтауджытӕ, ӕмӕ, банымайӕн дӕр сын нӕй, уый бӕрц арӕхстджын ӕрмдӕснытӕ: 16сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ чи кусы, уыдон. Райдай аразын, ӕмӕ дын Дунедарӕг баххуыс кӕнӕд».

17Давид Израилы хицӕуттӕн се’ппӕтӕн дӕр ныффӕдзӕхста йӕ фырт Соломонӕн баххуыс кӕнын: 18«Уемӕ куы ис Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ алфамбылай знӕгтӕй уӕ куы сӕнӕмӕт кодта. А бӕстӕйы цӕрджыты дӕр радта мӕ къухтӕм, ӕмӕ а бӕстӕ баци Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ адӕмы дӕлбар. 19Гъемӕ уӕдӕ уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ уды ӕппӕт хъаруйӕ агурут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, саразут Ын Кувӕндон. Йӕ номыл цы хӕдзар сырӕза, уырдӕм-иу бахӕссут Фидыды Чырын ӕмӕ Хуыцауы уаз мигӕнӕнтӕ».
Copyright information for OssIBT2022