‏ 1 Chronicles 23

Левитты къордтӕ ӕмӕ сӕ куыст

1Давид базӕронд, бафсӕсти цардӕй ӕмӕ Израилы сӕргъы паддзахӕй сӕвӕрдта йӕ фырт Соломоны.

2Давид фӕсидт Израилы ӕппӕт ӕлдӕрттӕм, сауджынтӕм ӕмӕ левиттӕм. 3Левиттӕ нымад ӕрцыдысты ӕртыназдзыдтӕй уӕлӕмӕ; ӕдӕппӕтӕй сӕ нӕлгоймӕгты нымӕц уыд ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз мины. 4Уыдонӕй Дунедарӕджы хӕдзары куысты урӕд ӕрцыди цыппар ӕмӕ ссӕдз мины, бӕрнылӕгтӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕй — ӕхсӕз мины, 5дуаргӕстӕй — цыппар мины, Дунедарӕджы кадӕн цӕгъдӕнтӕй ифтонг зарӕггӕнджытӕй дӕр — цыппар мины. Давид сӕ Дунедарӕджы стауыны охыл саразын кодта.

6Давид левитты адих кодта ӕртӕ къордыл — Левийы фырттӕ Гершон, Кехат ӕмӕ Мераримӕ гӕсгӕ.

7Гершоны фырттӕ: Ладан ӕмӕ Шими. 8Ладаны фырттӕ: хистӕр — Йехиел, уый дӕле — Зетам ӕмӕ Иоел, ӕртӕ. 9Шимийы фырттӕ: Шеломот, Хазиел ӕмӕ Аран, ӕртӕ. Адон уыдысты Ладанӕй рацӕугӕ мыггӕгты хистӕртӕ. 10Шимийӕн ма ноджы уыди цыппар фырты: Йахат, Зиза, Йеуш ӕмӕ Бриа. 11Хистӕр уыди Йахат, уый кӕстӕр — Зиза. Йеушӕн ӕмӕ Бриайӕн бирӕ цот нӕ рацыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ систы иу мыггаг ӕмӕ иу къорд.

12Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон ӕмӕ Уззиел, цыппар. 13Амрамы фырттӕ: Аарон ӕмӕ Моисей. Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ хицӕнгонд ӕрцыдысты — мыггагмӕ сӕ снывонд чындӕуыд; уыдон сты иууылуаз — ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ис бар Дунедарӕджы раз буд судзынӕн, лӕггад Ын кӕнынӕн ӕмӕ Йӕ номӕй цӕрӕнбонтӕм адӕмӕн арфӕ кӕнынӕн. 14Хуыцауы минӕвар Моисейы байзӕддӕгтӕ та нымад ӕрцыдысты левиттыл. 15Моисейы фырттӕ: Гершом ӕмӕ Елиезер. 16Гершомы хистӕр фырт — Шевуел. 17Елиезеры фырт, йӕ фыццаг — Рехави. Уымӕй ӕндӕр ын фырттӕ нӕ уыди, фӕлӕ Рехавийӕн тынг бирӕ фырттӕ сӕнтыст. 18Ицхары фырт, йӕ фыццаг — Шеломит. 19Хевроны фырттӕ: хистӕр — Йерийа, уый кӕстӕр — Амариа, ӕртыккаг — Йахазиел, цыппӕрӕм та — Йекамам. 20Уззиелы фырттӕ: хистӕр — Миха, уый кӕстӕр — Ишшиа.

21Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши. Махлийы фырттӕ: Елеазар ӕмӕ Киш. 22Елеазар амарди, фырттӕ йын нӕ сӕнтыст, афтӕмӕй, уыди йын чызджытӕ. Сӕ фыды’фсымӕр Кишы фырттӕ сӕ ракуырдтой. 23Мушийы фырттӕ: Махли, Едер ӕмӕ Йеремот, ӕртӕ.

24Адон сты Левийы байзӕддӕгтӕ мыггаггай, мыггӕгты хистӕртӕ. Уыцы мыггӕгты адӕм нымад ӕрцыдысты сӕрӕй-сӕрмӕ — ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ — ӕмӕ куыстой Дунедарӕджы хӕдзары. 25Уымӕн ӕмӕ Давид загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, Йӕ адӕмӕн радта ӕнцой ӕмӕ Йерусалимы ӕрцарди мыггагмӕ. 26Афтӕмӕй левитты нал хъӕудзӕн Дунедарӕджы цӕрӕн ӕмӕ йе’ппӕт мигӕнӕнтӕ хӕссын».

27Давиды фӕстаг ныстуантӕм гӕсгӕ Левийы байзӕддӕгтӕ нымад ӕрцыдысты ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ. 28Уыдонӕн сӕ хӕс уыди Аароны байзӕддӕгтӕн, Дунедарӕджы хӕдзары чи лӕггад кодта, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Сӕ бӕрны уыдысты Кувӕндоны кӕртытӕ ӕмӕ хатӕнтӕ. Се’вджид ма сын бакодтой ӕппӕт уаз дзауматӕ сыгъдӕгӕй дарын, стӕй Хуыцауы хӕдзары иннӕ куыстытӕ дӕр кӕнын. 29Сӕ бӕрны уыдысты, Дунедарӕджы раз-иу Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдтой, уыцы дзултӕ, хуынӕн чи хъуыди, уыцы ӕвзаргӕ ссад, донгонд лауаситӕ, лауызтӕ, стӕй, ссадӕй ма-иу ноджыдӕр цы фыцинӕгтӕ сызмӕстой, уыдӕттӕ, ноджы ма — алы уӕзбарст ӕмӕ алы дӕргъбарст дӕр. 30Хъуамӕ-иу алы райсом ӕмӕ алы изӕр дӕр ӕрлӕууыдаиккой Дунедарӕджы раз, арфӕ ӕмӕ Йын кад кӕнгӕйӕ. 31Хъуамӕ-иу, Дунедарӕгӕн алы иууылсудзинаг хӕссынафон, сабаттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты заман, ӕдзух лӕууыдаиккой Дунедарӕджы раз, бӕрӕг нымӕцӕй, куыд сын фӕдзӕхст уыди, афтӕ. 32Афтӕмӕй сӕ бӕрны уыди Фембӕлды Цатыры куыст ӕмӕ Кувӕндоны куыст; хъуамӕ се’рвадӕлтӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, ӕххуыс кодтаиккой Дунедарӕджы хӕдзары.
Copyright information for OssIBT2022