‏ 1 Chronicles 29

Хъӕздыг мысайнӕгтӕ Кувӕндон саразынӕн

1Паддзах Давид загъта Израилы адӕмӕн: «Мӕ фырт Соломон (Хуыцау ӕрмӕстдӕр уый равзӕрста) нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, ацы хъуыддаг та тынг стыр у, уымӕн ӕмӕ ацы галуан адӕймаджы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцауы уыдзӕн. 2Ӕз ме’ппӕт тыхтӕ бахардз кодтон ууыл, цӕмӕй мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кӕнон ӕрмӕг: сыгъзӕрин дзауматӕн — сыгъзӕрин, ӕвзист дзауматӕн — ӕвзист, ӕрхуы дзауматӕн — ӕрхуы, ӕфсӕйнаг дзауматӕн — ӕфсӕйнаг, хъӕдын дзауматӕн — хъӕдӕрмӕг; оникс, фӕлгӕты бавӕргӕ дуртӕ, налхъуыт-налмастӕ ӕмӕ алы зынаргъ дуртӕ, стӕй бирӕ мрамор. 3Ис ма мӕм мӕхи сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дӕр, ӕмӕ мӕ Хуыцауы хӕдзар кӕй уарзын, уый тыххӕй сӕ дӕттын, ацы сыгъдӕг хӕдзарӕн цы ӕрцӕттӕ кодтон, ӕппӕт уыдӕтты уӕле: 4офираг сыгъзӕрины ӕртӕ мин таланты ӕмӕ сыгъдӕг ӕвзисты авд мин таланты. Уыдонӕн сӕ иу хай уыдзӕн агъуыстыты къултӕ фӕлындынӕн, 5иннӕ хай та — сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дзауматӕн, стӕй ӕрмдӕсныты алы мийӕн. Кӕй ма уӕ фӕнды абон йӕ рӕдау мысайнаг Дунедарӕгӕн рауӕлдай кӕнын?»

6Ӕмӕ райдыдтой мысайнӕгтӕ дӕттын Израилы мыггӕгты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ, стӕй паддзахы исбонмӕ цӕстдарджытӕ дӕр. 7Хуыцауы хӕдзар саразынӕн радтой сыгъзӕрины фондз мин таланты ӕмӕ дӕс мин сыгъзӕрин драхмӕйы, ӕвзисты дӕс мин таланты, ӕрхуыйы ӕстдӕс мин таланты ӕмӕ ӕфсӕйнаджы сӕдӕ мин таланты. 8Зынаргъ дуртӕ кӕмӕ уыд, уыдон дӕр сӕ радтой Дунедарӕджы хӕдзары хӕзнадонмӕ, Гершоны байзӕддаг Йехиелы къухтӕм. 9Адӕм цин кодтой, Дунедарӕгӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ууыл. Цинӕй ради паддзах Давиды зӕрдӕ дӕр.

Давид кувы Дунедарӕгмӕ

10Давид ӕппӕт адӕмы раз раарфӕ кодта Дунедарӕгӕн. Скуывта: «Арфӕгонд у мыггагӕй-мыггагмӕ, Дунедарӕг, нӕ фыдӕл Израилы Хуыцау! 11Дӕу сты, Дунедарӕг, стырад ӕмӕ хъомыс, кад, уӕлахиз ӕмӕ цыт. Арв ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон Дӕу сты. О Дунедарӕг, паддзахад Дӕу у, Ды дӕ йӕ Хицау ӕмӕ Дӕуӕй уӕлдӕр ницы ис. 12Дӕуӕй цӕуынц бӕркад ӕмӕ цыт, Ды кӕныс ӕлдариуӕг алцӕмӕн. Дӕ къухы сты хъару ӕмӕ хъомыс, Дӕу бон у алкӕй дӕр сбӕрзонд кӕнын ӕмӕ йын хъомыс раттын. 13Ныр Дын, нӕ Хуыцау, арфӕ кӕнӕм ӕмӕ Дын ӕппӕлӕм Дӕ уаз номӕй. 14Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ адӕм, цӕмӕй ахӕм мысайнӕгтӕ нӕхи хъомысӕй дӕттӕм? Дӕ лӕвар у алцыдӕр, ӕмӕ, Дӕ къухӕй цы райстам, уый Дын радтам фӕстӕмӕ. 15Не’ппӕт фыдӕлтау мах дӕр Дӕ разы ӕрцӕуӕггӕгтӕ стӕм, рӕстӕгмӕцӕрджытӕ. Нӕ царды бонтӕ ацы зӕххыл аууонӕй уӕлдай не сты, ницы ныфс нӕм ис. 16О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Дӕ уаз номӕн Дын хӕдзар саразынӕн цы бирӕ ӕрцӕттӕ кодтам, уый ӕппӕт дӕр Дӕ лӕвар у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Дӕу у. 17Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр. 18О Дунедарӕг, нӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Израилы Хуыцау! Мыггагмӕ бахъахъхъӕн Дӕ адӕмӕн йӕ ацы зӕрдӕйы уаг, цӕмӕй Дыл ма сивой сӕ зӕрдӕ. 19Мӕ фырт Соломоны иузӕрдион скӕн Дӕхицӕн, Де’ппӕт фӕдзӕхстытӕ, уынаффӕтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ Дын куыд ӕххӕст кӕна ӕмӕ, ӕрмӕг цы галуанӕн бацӕттӕ кодтон, уый куыд сараза».

20Давид басидт ӕппӕт адӕммӕ дӕр: «Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн!» Ӕмӕ ӕппӕт адӕм раарфӕ кодтой Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, ныддӕлгом сты Дунедарӕджы раз ӕмӕ паддзахы раз.

Соломоны расидтысты паддзахӕй

21Уый фӕстӕ бон Дунедарӕджы номыл аргӕвстой кусӕрттӕгтӕ ӕмӕ Йын ӕрхастой иууылсудзинӕгтӕ: мин галы, мин фысы ӕмӕ мин уӕрыччы, уыдонимӕ — сӕн. Аргӕвстой ма бирӕ ӕндӕр кусӕрттӕгтӕ дӕр ӕппӕт Израилы номӕй. 22Уыцы бон тынг зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Дунедарӕджы раз. Дыккаг хатт паддзахӕй расидтысты Давиды фырт Соломоны; байсӕрстой йӕ, цӕмӕй ӕлдариуӕг кӕна Дунедарӕджы номыл, Цадокы та байсӕрстой сауджынӕй.

23Соломон йӕ фыд Давиды бӕсты паддзахӕй ӕрбадти Дунедарӕджы бадӕныл. Уыд ӕнтыстджын, ӕмӕ йӕм хъуыстой ӕппӕт Израилы адӕм дӕр. 24Паддзах Соломонӕн, иузӕрдион ыл кӕй сты, уый тыххӕй ард бахордтой ӕппӕт хицӕуттӕ, гуыппырсартӕ ӕмӕ Давиды иннӕ фырттӕ дӕр. 25Дунедарӕг Соломоны тынг скадджын кодта ӕппӕт Израилы цӕсты, радта йын, йӕ размӕ Израилы иунӕг паддзахмӕ дӕр чи нӕма уыд, ахӕм цытджын паддзахад.

Давиды паддзахдзинады тыххӕй

26Йессейы фырт Давид уыд ӕппӕт Израилы паддзах. 27Дыууиссӕдз азы уый уыди Израилы паддзах: авд азы паддзахиуӕг фӕкодта Хевроны, ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы та — Йерусалимы. 28Амарди хӕрз зӕрондӕй, цардӕй дӕр, мулкӕй дӕр ӕмӕ кадӕй дӕр бафсӕсти, афтӕмӕй. Йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Соломон. 29Паддзах Давиды хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты зонынджын Самуелы азфыстыты, пехуымпар Натаны азфыстыты ӕмӕ зонынджын Гады азфыстыты. 30Уыдон кӕрӕй-кӕронмӕ дзурынц йӕ паддзахдзинадыл ӕмӕ йӕ бархъомысыл, стӕй, паддзах Давидыл, Израилыл ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдӕттыл.
Copyright information for OssIBT2022