‏ 1 Chronicles 5

Рувимы хӕдзарвӕндаг

1Израилы зӕнӕджы хистӕр Рувим уыди, фӕлӕ йӕ фыды хуыссӕн куы фӕчъизи кодта, уӕд йӕ хистӕры кад лӕвӕрд ӕрцыд Израилы фырт Йосефы фырттӕн; ӕцӕг, хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды Йосеф хистӕрыл нымад нӕу. 2Иудӕ йе’фсымӕртӕй тыхджындӕр уыд, ӕмӕ фӕтӕг уымӕй равзӕрди, кӕд хистӕры кад Йосефӕн лӕвӕрд уыд, уӕддӕр. 3Израилы зӕнӕджы хистӕр Рувимы фырттӕ: Ханох, Паллу, Хецрон, Карми.

4Иоелы байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт Шемайа, уый фырт Гог, уый фырт Шими, 5уый фырт Миха, уый фырт Реайа, уый фырт Баал, 6уый фырт Беера, Ассирийы паддзах Тиглат-Пилесер уацары кӕй атардта, уый. Уыди Рувимы байзӕддӕгты фӕтӕг. 7Йе ӕрвадӕлтӕ, мыггаггай, сӕ хӕдзарвӕндаджы номхыгъды куыд фыст сты, афтӕ: хистӕр — Йеиел, уый дӕле — Захариа 8ӕмӕ Бела.

Белайы фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Азаз, Шема ӕмӕ Иоел.

Рувимы байзӕддӕгтӕ цардысты Ароеры сахары ӕмӕ уымӕй цӕгатӕрдӕм дӕр, суанг Нево ӕмӕ Баал-Меоны онг;
9скӕсӕнӕрдыгӕй та — Евфраты доны ацы фарс ӕдзӕрӕг быдыры онг, уымӕн ӕмӕ Галаады зӕххыл сбирӕ сты сӕ фосы дзугтӕ. 10Саулы заман Рувимы фӕдонтӕ хӕцыдысты агарӕгтимӕ. Ныццагътой сӕ ӕмӕ сын сӕ цатырты ӕрцардысты Галаады ӕппӕт скӕсӕнварс.

Гады хӕдзарвӕндаг

11Гады байзӕддӕгтӕ цардысты Башаны зӕххыл, суанг Салхайы онг. Рувимы хӕдзарвӕндагимӕ уыдысты ӕмарӕн. 12Башаны цӕрджытӕн бӕстыхицау уыд Иоел, дыккаг лӕг — Шафам, дарддӕр — Йанай ӕмӕ Шафат. 13Се ӕрвадӕлтӕ мыггаггай: Михаел, Мешуллам, Шева, Йорай, Йакан, Зиа, Евер — авд. 14Уыдон Авихаилы фырттӕ сты; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Хури, Йароах, Гилад, Михаел, Йешишай, Йахдо, Буз. 15Гунийы байзӕддаг Авдиелы фырт Ахи уыди сӕ мыггаджы хистӕр. 16Цардысты Галаады зӕххыл, Башаны хъӕуты, стӕй Шароны ӕппӕт уӕтӕрты, суанг сӕ арӕнты онг. 17Адон сӕ фыдӕй-фыртмӕйы номхыгъды фыст ӕрцыдысты иудейаг паддзах Йотам ӕмӕ израилаг паддзах Йоровамы заманы.

18Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕм, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисмӕ уыди цыппор цыппар мин авдсӕдӕ хӕстифтонг хъӕбатыры; зыдтой кард ӕмӕ уартӕй хӕцын, стӕй фатӕй ӕхсын. 19Уыдон хӕцыдысты агараг мыггӕгтӕ Йетур, Нафиш ӕмӕ Нодавимӕ. 20Тӕккӕ тохы сахат Хуыцаумӕ кӕй скуывтой, сӕ зӕрдӕ Йыл кӕй дардтой, уымӕ гӕсгӕ сын Уый сӕ куывд фехъуыста ӕмӕ сын баххуыс кодта, ӕмӕ агарӕгтӕ, семӕ чидӕриддӕр уыд, уыдонимӕ сӕ амӕттаг баисты. 21Ратардтой сын сӕ фос: дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз мины теуатӕ, дыууӕсӕдӕ фӕндзай мины лыстӕг фос, дыууӕ мины та хӕрджытӕ. Сӕ адӕмӕй сын сӕдӕ мины райстой уацары. 22Цагъды дӕр сӕ бирӕ фӕци, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уыд ацы хӕст. Адон та сын сӕ цӕрӕнты фӕцардысты, цалынмӕ сын сӕхи дӕр уацары нӕ атардтой, уӕдмӕ.

Менассиа

23Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иу ӕмбис цардысты Башанӕй Баал-Хермоны онг, стӕй Сенир ӕмӕ Ермоны хӕхты онг зӕххытыл. Дзӕвгар уыди сӕ нымӕц. 24Мӕнӕ сӕ мыггӕгты хистӕртӕ: Ефер, Иши, Елиел, Азриел, Йеремиа, Ходави ӕмӕ Йахдиел, уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ, номдзыд лӕгтӕ. 25Фӕлӕ Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы байзӕддӕгтӕ сӕ фыдӕлты Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ куы сивтой ӕмӕ, Хуыцау сын сӕ цуры цы бӕстӕйы адӕмты ныццагъта, уыдоны хуыцӕуттӕм кувын куы байдыдтой, 26уӕд сын Израилы Хуыцау сӕ ныхмӕ самидин кодта Ассирийы паддзах Пулы — йӕ иннӕ ном Тиглат-Пилесер, — ӕмӕ уый Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн йе’мбис уацары райста, акодта сӕ Халахмӕ, Хавормӕ, Харамӕ ӕмӕ Гозаны донмӕ, ӕмӕ ма абоны онг дӕр цӕрынц уым.
Copyright information for OssIBT2022