‏ 1 Chronicles 7

Иссахары хӕдзарвӕндаг

1Иссахарӕн уыди цыппар фырты: Тола, Пуа, Йашув ӕмӕ Шимрон.

2Толайы фырттӕ: Уззи, Рефайа, Йериел, Йахмай, Ивсам ӕмӕ Самуел, Толайы артӕй рацӕуӕг мыггӕгты хистӕртӕ, ӕхсарджын хӕстонтӕ. Давиды заман Толайы байзӕддӕгтӕ сӕ мыггӕгты номхыгъдмӕ гӕсгӕ баисты дыууын дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ.

3Уззийы фырт — Израхиа. Израхиайы фырттӕ: Михаел, Овади, Иоел, Ишшиа. Фондзӕй дӕр уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ. 4Уыцы мыггӕгтӕм сӕ номхыгъдмӕ гӕсгӕ уыд ӕртын ӕхсӕз мин хӕстоны, уымӕн ӕмӕ Узийайы байзӕддагӕн бирӕ устытӕ ӕмӕ фырттӕ уыди.

5Се’рвадӕлтӕ дӕр, Иссахары иннӕ мыггӕгты адӕм, се’ппӕт дӕр уыдысты ӕхсарджын хӕстонтӕ. Сӕ номхыгъдмӕ гӕсгӕ уыдысты ӕстай авд мины.

Бениамины хӕдзарвӕндаг

6Бениаминӕн уыдис ӕртӕ фырты: Бела, Бехер ӕмӕ Йедиаел.

7Белайы фырттӕ: Ецбон, Уззи, Уззиел, Йеримот ӕмӕ Ири. Фондзӕй дӕр уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ, ӕхсарджын хӕстонтӕ. Сӕ мыггӕгты номхыгъды фыст ӕрцыди дыууын дыууӕ мин ӕртын цыппар лӕджы.

8Бехеры фырттӕ: Земирах, Йоаш, Елиезер, Елйоенай, Омри, Йеремот, Авийа, Анатот, Алемет. 9Сӕ байзӕддаджы номхыгъды, мыггаггай, фыст ӕрцыди ссӕдз мины ӕмӕ дыууӕсӕдӕ ӕхсарджын хӕстоны.

10Йедиаелы фырт — Билхан. Билханы фырттӕ: Йеуш, Бениамин, Ехуд, Кенаана, Зетан, Таршиш, Ахишахар. 11Йедиаелы фырттӕ се’ппӕт дӕр уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ, ӕхсарджын хӕстонтӕ; сӕ мыггӕгты уыди ӕвддӕс мины ӕмӕ дыууӕсӕдӕ хӕстифтонг лӕджы.

12Иры фырттӕ: Шуппим ӕмӕ Хуппим. Ахеры фырт — Хушим.

Неффалимы хӕдзарвӕндаг

13Неффалимы фырттӕ: Йахциел, Гуни, Йецер, Шаллум — Неффалимы мад Билхайы зӕнӕджы зӕнӕг.

Менассиайы хӕдзарвӕндаг

14Менассиайы байзӕддӕгтӕ: йӕ арамейаг номылусӕй рацыди фырт Асриел, ноджы — Махир, Галаады фыд. 15Махир ӕрхаста ус, йӕ ном — Мааха, Хуппим ӕмӕ Шуппимы хо. Махиры дыккаг фырт хуынди Цалфахад. Цалфахадӕн ӕрмӕстдӕр чызджытӕ уыд.

16Махиры ус Мааха ныййардта фырт ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Переш. Йе’фсымӕры ном — Шереш. Шерешы фырттӕ: Улам ӕмӕ Рекем. 17Уламы фырт хуынди Бедан. Адон сты Галаады байзӕддӕгтӕ, рацыдысты Менассиайы фырт Махиры артӕй.

18Галаады хо Хаммолехет ныййардта Ишходы, Авиезеры ӕмӕ Махлайы.

19Шемидайы фырттӕ: Ахйан, Шехем, Ликхи, Аниам.

Ефремы байзӕддӕгтӕ

20Ефремы фырт — Шутелах, уый фырт Беред, уый фырт Тахат, уый фырт Елада, уый фырт Тахат, 21уый фырт Завад, уый фырт Шутелах.

Ефремӕн ма уыди дыууӕ фырты: Езер ӕмӕ Елад. Амардтой сӕ Гаты адӕм, уыцы бӕстӕйы бынӕттон цӕрджытӕ, адон сын сӕ фос ратӕрынмӕ кӕй ныццыдысты, уый тыххӕй.
22Бирӕ бонтӕ арвыста, уыдоныл кӕугӕйӕ, сӕ фыд Ефрем, ӕмӕ йӕм йе’фсымӕртӕ ӕрцыдысты тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ. 23Фӕстӕдӕр Ефрем йӕ усимӕ ӕмуат ӕрцыд, ус банхъӕлцау ӕмӕ лӕппу ныййардта. Ефрем ыл сӕвӕрдта ном Бриа, уымӕн ӕмӕ бӕллӕх ӕрцыд йӕ хӕдзарыл.

24Ефремӕн уыди чызг дӕр — Шеера. Уый сарӕзта ӕртӕ сахары: Дӕллаг Бет-Хорон, Уӕллаг Бет-Хорон ӕмӕ Уззен-Шеера.

25Ефремӕн ма ноджыдӕр уыди фырттӕ: Рефах ӕмӕ Решеф. Решефы фырт — Телах, уый фырт Тахан, 26уый фырт Ладан, уый фырт Аммиуд, уый фырт Елишама, 27уый фырт Нун, уый фырт Йешуа.

28Ефремы байзӕддӕгты зӕххытӕ, сӕ цӕрӕнуӕттӕ, уыдысты: Вефил йӕ алыварс хъӕутимӕ, Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм — Нааран, ныгуылӕнӕрдӕм — Гезер йӕ алыварс хъӕутимӕ. Цӕгатӕрдӕм сӕ зӕххытӕ ӕххӕссыдысты Шехем ӕмӕ Айайы ӕмӕ уыдонӕн сӕ алыварс хъӕуты онг.

29Менассиайы байзӕддӕгты къухы уыдысты: Бет-Шеан, Таанах, Мегиддо ӕмӕ Дор сӕ алыварс хъӕутимӕ.

Уыцы рӕтты цардысты Израилы фырт Йосефы байзӕддӕгтӕ.

Асиры хӕдзарвӕндаг

30Асиры фырттӕ: Имна, Ишва, Ишви ӕмӕ Бриа; сӕ хо — Серах.

31Бриайы фырттӕ: Хевер ӕмӕ Малкиел, Бирзаиты бындурӕвӕрӕг. 32Хеверӕн рацыди ӕртӕ фырты: Йафлет, Шомер ӕмӕ Хотам, стӕй иу чызг — Шуа.

33Йафлеты фырттӕ: Пасах, Бимхал ӕмӕ Ашват.

34Шемеры фырттӕ: Ахи, Рохга, Хубба, Арам.

35Шемеры ӕфсымӕр Хелемы фырттӕ: Цофах, Имна, Шелеш, Амал. 36Цофахы фырттӕ: Суах, Харнефер, Шуал, Бери, Имра, 37Бецер, Ход, Шамма, Шилша, Итран, Беера. 38Йетеры фырттӕ: Иефонне, Фиспа, Ара.

39Уллайы фырттӕ: Арах, Ханниел, Рици.

40Адон се’ппӕт дӕр сты Асиры байзӕддӕгтӕ, мыггӕгты хистӕртӕ, ӕвзаргӕ лӕгтӕ, ӕхсарджын хӕстонтӕ, номдзыд ӕлдӕрттӕ. Асиры байзӕддӕгтӕй хӕстонты номхыгъды фыст ӕрцыд ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы.
Copyright information for OssIBT2022