‏ 1 Chronicles 9

1Афтӕ хыгъд ӕрцыдысты Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ мыггӕгтӕ, фыст сты Израилы паддзӕхты чиныджы.

Йерусалимы цӕрджытӕй уацарӕй фыццаг чи ӕрыздӕхт, уыдон

Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивтой, уый тыххӕй иудейӕгты уацары атардтой Вавилонмӕ.
2Уый фӕстӕ сӕ уӕзӕгмӕ, сӕ сахартӕм, фыццаг чи ӕрыздӕхт, уыдон уыдысты сауджынтӕ, левиттӕ, Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ иннӕ израилӕгтӕ. 3Йерусалимы ӕрцӕрӕг адӕм уыдысты Иудӕйы, Бениамины, Ефремы ӕмӕ Менассиайы байзӕддӕгтӕй.

Иудӕйӕ чи ӕрыздӕхт, уыдон

4Иудӕйы фырт Парецы байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхти Утай. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Аммиуд, Омри, Имри, Бани. 5Иудӕйы фырт Шелайы байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхтысты йӕ хистӕр зӕнӕг Асайа ӕмӕ йӕ фырттӕ. 6Иудӕйы фырт Зарахы байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхти Йеуел. Се’рвад-ӕфсымӕртимӕ уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ нӕуӕдз лӕджы.

Бениамины мыггагӕй чи ӕрыздӕхт, уыдон

7Бениамины байзӕддӕгтӕй ӕрыздӕхти Саллу. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Мешуллам, Ходави, Сенуа. 8Йерохамы фырт Ивнейа, Михрийы байзӕддаг Уззийы фырт Ела, стӕй Мешуллам, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Шефати, Реуел, Ивнейа. 9Семӕ ӕрыздӕхтысты се’рвадӕлтӕ дӕр, иннӕ мыггӕгты адӕм, фарастсӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз лӕджы. Се’ппӕт дӕр уыдысты мыггӕгты хистӕртӕ.

Сауджынтӕй чи ӕрыздӕхти, уыдон

10Сауджынтӕй ӕрыздӕхтысты Иедайа, Йехорив, Йахин, 11Азариа, Хуыцауы хӕдзары хицау, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Хилкиа, Мешуллам, Цадок, Мерайот, Ахитув; 12Адайа, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Йерохам, Пашхур, Малкиа; ноджы ма Масай, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Адиел, Йахзера, Мешуллам, Мешиллемит, Иммер. 13Семӕ ӕрыздӕхтысты се’рвадӕлтӕ дӕр, мыггӕгты хистӕртӕ, мин авдсӕдӕ ӕхсай лӕджы — Хуыцауы хӕдзары фӕлтӕрдджын лӕггадгӕнджытӕ.

Левиттӕ — чи ӕрыздӕхти, уыдон

14Левиттӕй ӕрыздӕхти Шемайа, Мерарийы мыггагӕй, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Хашшув, Азрикам, Хашавиа, 15ноджы ма Бакбакар, Хереш, Галал ӕмӕ Маттаниа, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Миха, Зихри, Асаф, 16ноджы ма Овади, йӕ фыдӕлтӕ — кӕстӕрӕй хистӕрмӕ — Шемайа, Галал, Йедутун, стӕй нетофӕгты хъӕуты цӕрӕг Варахи, Елканайы байзӕддаг Асайы фырт.

Дуаргӕстӕ

17Дуаргӕстӕй ӕрыздӕхтысты: Шаллум, Аккув, Талмон, Ахиман ӕмӕ се’фсымӕртӕ; Шаллум сын хицау уыд. 18Ныронг дӕр сӕ мыггӕгтӕ хъалагъур хӕссынц Паддзахы кулдуары цур, Кувӕндоны скӕсӕнварс. Сӕ фыдӕлтӕ кӕддӕр уыдысты левитты рӕсӕнуӕтты хъахъхъӕнджытӕ. 19Шаллум (йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Коре, Евиасаф, Корах) йе’рвадӕлтимӕ, Корахы байзӕддӕгтимӕ, хъалагъур лӕууыдысты Цатыры къӕсӕрыл, кӕддӕр сӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы рӕсӕнуатмӕ бацӕуӕн куыд хъахъхъӕдтой, афтӕ. 20Уӕд Елеазары фырт Пинхас уыди сӕ хицау. Дунедарӕг ӕй ӕрымысӕд! 21Мешелемиайы фырт Захариа уыди Фембӕлды Цатыры дуаргӕс. 22Дуаргӕстӕ кӕй скодтой, уыдон ӕдӕппӕт уыдысты дыууӕсӕдӕ дыууадӕс. Мыггӕгты номхыгъды фыст ӕрцыдысты сӕ хъӕуты. Дуаргӕстӕй сӕ сӕвӕрдтой Давид ӕмӕ зонынджын Самуел. 23Сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕ дӕр хъалагъур хастой Дунедарӕджы хӕдзары, Уаз Цатыры, дуӕртты цур. 24Дуаргӕстӕ хъалагъур хастой цыппарӕрдыгӕй: скӕсӕнӕрдыгӕй, ныгуылӕнӕрдыгӕй, цӕгатӕрдыгӕй ӕмӕ хуссарӕрдыгӕй. 25Се’рвадӕлтӕ цардысты хъӕуты ӕмӕ-иу сӕм къордгай ӕрбацыдысты къуырийы ӕмгъуыдмӕ, семӕ балӕггад кӕнынмӕ. 26Цыппар сӕйраг хъахъхъӕнӕджы та ӕдзух уыдысты сӕ бӕрнон куысты лӕуд.

Левитты хӕстӕ

Адонӕн, левиттӕн, сӕ бӕрны уыдысты Хуыцауы хӕдзары хатӕнтӕ ӕмӕ хӕзнатӕ.
27Хуыцауы хӕдзары алыварс-иу баззадысты ӕхсӕвӕй райсоммӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны бӕрны уыди хъалагъур хӕссыны, стӕй алы райсом дуӕрттӕ гом кӕныны хъуыддаг дӕр. 28Сӕ иуты къухы уыдысты аргъауыны ахсджиаг мигӕнӕнтӕ, нымадӕй сӕ хастой мидӕмӕ дӕр ӕмӕ ӕддемӕ дӕр. 29Иннӕты къухы уыдысты Кувӕндоны иннӕ мигӕнӕнтӕ, стӕй ӕвзаргӕ ссад, сӕн, сой, буд ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. 30Хӕрздӕфгӕнӕнтӕ аразгӕ та кодтой сауджынтӕ.

31Левиттӕй иуӕн, Корахы байзӕддаг Шаллумы хистӕр фырт Маттитиайӕн, йӕ бӕрны уыди кувинаг лауаситӕ фыцын. 32Се’рвадӕлтӕй, Кехаты байзӕддӕгтӕй, кӕйдӕрты бӕрны уыди, алы сабат дӕр-иу Дунедарӕджы раз Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдӕуыд, уыцы дзултӕ фыцын.

33Зарӕггӕнджытӕ, левитты мыггӕгты хистӕртӕ, цардысты Кувӕндоны хатӕнты. Иннӕ куыстытӕй уыдысты сӕрибар, уымӕн ӕмӕ ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр ӕххӕст кодтой, сӕ бӕрны чи уыд, уыцы куыст.

34Адон уыдысты левитты мыггӕгты хистӕртӕ; цардысты Йерусалимы.

Саулы мыггаг

35Гивоны царди Йеиел, Гивоны сахарӕн йӕ бындурӕвӕрӕг; йӕ усы ном — Мааха. 36Йӕ хистӕр фырт — Авдон, уый дӕле Цур, Киш, Баал, Нер, Надав, 37Гедор, Ахйо, Захариа, Миклот. 38Миклотӕй райгуырди Шимам. Адон дӕр се’рвад-ӕфсымӕртимӕ цардысты Йерусалимы.

39Нерӕй райгуырди Киш; Кишӕй райгуырди Саул; Саулӕй райгуырдысты Ионатан, Малкишуа, Авинадав ӕмӕ Ешбаал. 40Ионатаны фырт — Мерив-Баал; Мерив-Баалӕй райгуырди Миха. 41Михайы фырттӕ: Питон, Мелех, Тахреа, Ахаз. 42Ахазӕй райгуырд Йара; Йарайӕ райгуырдысты Алемет, Азмавет ӕмӕ Зимри; Зимрийӕ райгуырди Моца; 43Моцайӕ райгуырди Бина; уый фырт Рефайа, уый фырт Еласа, уый фырт Ацел. 44Ацелӕн уыд ӕхсӕз фырты: Азрикам, Бохру, Измаел, Шеари, Овади, Ханан.
Copyright information for OssIBT2022