1 Corinthians 1
Арфӕйы ныхӕстӕ
1Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Сосфенӕй a — 2Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, Йесо Чырыстиимӕ баиуы фӕрцы Хуыцауыл фӕдзӕхст чи у ӕмӕ Хуыцау Йӕ сыгъдӕджытӕ суӕвынмӕ кӕмӕ фӕсидти, уыдонмӕ; стӕй, алы ран дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ном чи ары, уыдонмӕ се’ппӕтмӕ дӕр. bАрфӕйы куывд
3Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ. c 4Ӕз иудадзыг арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн, Йесо Чырыстийы руаджы сымах Йӕ хорзӕхӕй кӕй схайджын кодта, уый тыххӕй. d 5Уымӕн ӕмӕ Йесоимӕ баиуы руаджы сымах схъӕздыг стут дзырд ӕмӕ зонынады алы хӕзнатӕй. e 6Чырыстийы тыххӕй уын цы загъд уыди, уый цӕры уӕ зӕрдӕты. f 7Уымӕ гӕсгӕ, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, иу курдиатӕй дӕр ӕнӕхай не стут. g 8Ӕмӕ уӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти сфидар кӕндзӕни кӕронмӕ, цӕмӕй Йе’рцыды бон уат ӕназым. h 9Уымӕн ӕмӕ иузӕрдион у Хуыцау, Йӕ Фырт ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ уын бастдзинад саразыны охыл сымахмӕ Чи фӕсидти, Уый. iБыцӕутӕ аргъуаны
10Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй уе’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы ӕмбарат ӕмӕ хицӕнтӕ ма кӕнат, фӕлӕ уат ӕнгом — ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд. j 11Уымӕн ӕмӕ ӕз Хлойӕйы хӕдзаронтӕй фехъуыстон, ме’фсымӕртӕ, хъаугъатӕ уӕм кӕй рауайы, уый. 12Ӕз уый зӕгъынмӕ хъавын, ӕмӕ сымахӕй алчидӕр дзуры: «Ӕз Павелы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Аполлосы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Кифӕйы ахуыргӕнинаг дӕн», «Ӕз Чырыстийы ахуыргӕнинаг дӕн». k 13Ау, Чырысти дихтӕ ныцци? Ӕви уӕ сӕраппонд Павел, мыййаг, ӕрцыди дзуарылтыгъд? Кӕнӕ донаргъуыд, мыййаг, Павелы номыл райстат? l 14Бузныг дӕн Хуыцауӕй, Крисп ӕмӕ Гайосы йеддӕмӕ сымахӕй кӕй никӕуыл саргъуыдтон, уый тыххӕй. m 15Афтӕ никӕй бон у зӕгъын, ӕмӕ мӕ номыл ӕрцыдыстут аргъуыд. 16Саргъуыдтон ма Стефаны хӕдзаронтыл дӕр. Ӕндӕр ма искӕуыл саргъуыдтон, уый нӕ хъуыды кӕнын. 17Чырысти мӕн аргъауынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ, уыимӕ — куырыхон ӕмӕ вазыгджын ӕвзагӕй нӕ, фӕлӕ хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй, цӕмӕй Чырыстийы дзуарӕн йӕ нысаниуӕг ма фесӕфа. nЧырысти — Хуыцауы тых ӕмӕ зонд
18Дзуары фӕдыл уазныхас кӕнын сӕфты фӕндагыл цӕуджытӕ ӕдылыдзинадыл нымайынц, фӕлӕ махӕн, фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытӕн, уый Хуыцауы тых у. o 19Сыгъдӕг Фыст дӕр уымӕн афтӕ зӕгъы: «Зондджынтӕн фесафдзынӕн се стыр зонд,ӕмбаргӕтӕ нал ӕмбардзысты».
20Кӕм ис уыцы куырыхон? Кӕм ис уыцы динамонӕг? Кӕм ис ацы ӕнусы уыцы арфхъуыдыгӕнӕг? Ау, Хуыцау, ацы дунейы куырыхон зонд ӕцӕгӕй ӕдылыдзинад кӕй у, уый нӕ равдыста? 21Хуыцау Йӕ зондмӕ гӕсгӕ куыд снысан кодта, афтӕ дуне йӕхи зондӕй Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы бафӕндыди дзуары тыххӕй «ӕдылы» Уацы фӕрцы уырнджыты фервӕзын кӕнын. p 22Уымӕн ӕмӕ иудейӕгтӕ диссӕгтӕ домынц, бердзенӕгтӕ зонд агурынц, q 23мах та хъусын кӕнӕм дзуарылтыгъд Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ ныхас иудейӕгтӕн цӕлхдур у, муртаттӕгтӕ та йӕ ӕдылыйыл нымайынц. r 24Иудейӕгтӕ ӕмӕ бердзенӕгтӕй Хуыцау кӕмӕ фӕсидти, уыдонӕн та Чырысти Хуыцауы тых ӕмӕ Хуыцауы зонд у. s 25Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы «ӕдылыдзинад» адӕймаджы зондӕй уӕлдӕр у, ӕмӕ Хуыцауы «лӕмӕгъдзинад» адӕймаджы хъаруйӕ хъаруджындӕр у. 26Ӕркӕсут-ма уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, Хуыцау уӕм куы фӕсидти, уӕд цавӕр уыдыстут: зӕххон барӕнтӕй баргӕйӕ, уе’хсӕн бирӕ нӕ уыди зондджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди тыхджынтӕ, бирӕ уӕм нӕ уыди уӕздӕттӕй. t 27Фӕлӕ Хуыцау сӕвзӕрста, дунейы цӕсты ӕдылы чи у, уыдоны, цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна зондджынты, ӕмӕ лӕмӕгъты — цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна тыхджынты. u 28Дунейы цӕсты ницӕйаг, ӕгад ӕмӕ ӕнахадгӕ чи уыди, Хуыцау уыдоны сӕвзӕрста, цӕмӕй ахадгӕты скӕна ӕнахадгӕ, 29ӕмӕ иу адӕймаг дӕр Хуыцауы раз йӕхицӕй ма раппӕла. v 30Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта, w 31цӕмӕй ӕрцӕуа, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый ӕппӕлӕд Дунедарӕгӕй». x
Copyright information for
OssIBT2022