‏ 1 Corinthians 10

Гуымирытӕн кувын тӕссаг хъуыддаг у

1Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, нӕ фыдӕлтӕ иууылдӕр ӕврагъы дӕлбазыр кӕй уыдысты ӕмӕ се’ппӕт дӕр Сырх денджызыл кӕй ахызтысты, уый. 2Уыдонӕн се’ппӕтыл дӕр Моисеимӕ саргъуыдӕуыд ӕврагъ ӕмӕ денджызы. 3Се’ппӕт дӕр хордтой уыциу монон хойраг. 4Се’ппӕт дӕр нуӕзтой уыциу монон донӕй — семӕ чи цыди, уыцы монон къӕдзӕхӕй ракӕлгӕ донӕй; уыцы къӕдзӕх та уыди Чырысти. 5Фӕлӕ Хуыцау сӕ фылдӕрӕй райгонд нӕ уыд, ӕмӕ фӕцагъды сты ӕдзӕрӕг быдыры.

6Уыдӕттӕ та махӕн зондыхос сты — фыдӕхмӕ ӕмхиц ма уӕм, уыдон ӕм куыд ӕмхиц уыдысты, афтӕ. 7Ма ут мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, уыдонӕй сын бирӕтӕ куыд куывтой, афтӕ; Сыгъдӕг Фыст уыдоны тыххӕй зӕгъы: «Адӕм ӕрбадтысты хӕрд ӕмӕ нозтыл, стӕй сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой». 8Нӕхи бахизӕм хӕтынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ хӕтыныл куыд бафтыдысты, афтӕ. Уый тыххӕй дзы иу бонмӕ ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз мины фӕмард. 9Ма фӕлварӕм Чырыстийы, уыдонӕй Йӕ бирӕтӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ. Уый тыххӕй кӕлмыты хӕстӕй фӕцагъды сты. 10Бустӕ ма кӕнут, уыдонӕй бирӕтӕ куыд бустӕ кодтой, афтӕ; уый тыххӕй сӕ мӕлӕтхӕссӕг зӕд фӕцагъта. 11Сӕ хабӕрттӕ махӕн зонды хос сты, ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыд, цӕмӕй махӕн, рӕстӕджы кӕрон цӕрджытӕн, рагфӕдзӕхст суой. a 12Уӕдӕ кӕд исчи афтӕ ӕнхъӕл у, фидар лӕууы, зӕгъгӕ, уӕд кӕсӕд йӕхимӕ, цӕмӕй ма ахауа. b 13Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм хуымӕтӕг фӕлварӕны. Хуыцау иузӕрдион у ӕмӕ, кӕмӕн нӕ бафӕразат, ахӕм фӕлварӕн уыл не’руадздзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ ма уын алы фӕлварӕны ӕххуыс дӕр бакӕндзӕн, фӕндаг дӕр уын бацамондзӕн ӕмӕ уын хъару дӕр ратдзӕн. c

14Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕм кувынӕй. 15Ӕз зӕгъын, ӕмбаргӕтӕн куыд фӕзагъдӕуы, афтӕ. Ӕмӕ, цы зӕгъын, ууыл уӕхӕдӕг ахъуыды кӕнут. d 16Цы арфӕйы кӕхцы тыххӕй арфӕ кӕнӕм, уый мах Чырыстийы Тугимӕ нӕ иу кӕны, ӕви? Ӕмӕ цы дзул асӕттӕм, уый мах Чырыстийы Буаримӕ нӕ иу кӕны, ӕви? 17Дзул иу кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах, бирӕ адӕм, иу буар стӕм, уымӕн ӕмӕ иу дзулӕй райсы алчидӕр йӕ хай. e

18Акӕсут-ма, туг-стӕгӕй израилаг чи у, уыдонмӕ — нывондӕй куы фӕхӕрынц, уӕд нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕ нӕ вӕййынц, ӕви? 19Ӕз цы зӕгъын уымӕй? Мӕнгхуыцау исты у, кӕнӕ мӕнгхуыцауӕн ӕрхаст нывонд исты у? f 20Ницы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы! Фӕлӕ муртаттӕгтӕ цы нывӕндтӕ ӕрхӕссынц, уыдон Хуыцауӕн нӕ, фӕлӕ дӕлимонтӕн хӕссынц. Мӕн та нӕ фӕнды, цӕмӕй дӕлимонтимӕ баст уат. 21Бардарӕджы кӕхцӕй дӕр нуазат ӕмӕ дӕлимонты кӕхцӕй дӕр, уый уын не’мбӕлы. Бардарӕджы фынгыл дӕр бадат ӕмӕ дӕлимонты фынгыл дӕр, уый уын не’мбӕлы. g 22Ӕви нӕм Бардарӕг смӕсты уа, уый нӕ фӕнды? Ӕмӕ, ау, мах Уымӕй тыхджындӕр стӕм?

Цы кӕнут, уый — Хуыцауы кадӕн

23Ис алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ алцы пайда нӕу. Ис алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ алцы фидаргӕнӕг нӕу. h 24Йӕхи пайдайыл мачи тыхсӕд, фӕлӕ алчидӕр тыхсӕд иннӕйы пайдайыл. i

25Уӕййаг цыдӕриддӕр у, уый хӕрут ӕнӕ равзар-бавзарӕй, ӕнӕзӕрдӕхсайгӕйӕ. 26Уымӕн ӕмӕ, «зӕхх, стӕй йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон Дунедарӕджы исбон сты». 27Ӕнӕуырнджытӕй уӕ исчи куы фӕхона ӕмӕ уӕ ацӕуын куы бафӕнда, уӕд уын цы ӕрӕвӕрой, уый бахӕрут ӕнӕ равзар-бавзарӕй, ӕнӕзӕрдӕхсайгӕйӕ. 28Фӕлӕ уын исчи куы зӕгъа: «Уый мӕнгхуыцауӕн хаст нывонд у», уӕд зӕгъӕгӕй ма фефсӕрмы кӕнут ӕмӕ дзы ма бахӕрут. 29Ӕз сымах ӕфсармы тыххӕй нӕ, фӕлӕ уыцы адӕймаджы ӕфсармы тыххӕй зӕгъын. Мӕ сӕрибарӕн мын кӕйдӕр ӕфсарм цӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ уа тӕрхонгӕнӕг? 30Кӕд мӕ къӕбӕр, Хуыцауӕй бузныг уӕвгӕйӕ, хӕрын, уӕд, бузныг цӕмӕй дӕн, уый тыххӕй мын исчи цӕмӕн хъуамӕ бауайдзӕф кӕна? j

31Уӕдӕ хӕргӕ кӕнат ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразат, ӕппӕт дӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн. k 32Цӕлхдур ма ут нӕдӕр иудейӕгтӕн, нӕдӕр бердзенӕгтӕн, нӕдӕр Хуыцауы Аргъуанӕн, 33Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕй зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдайыл нӕ архайын, фӕлӕ бирӕты пайдайыл, цӕмӕй фервӕзой. l
Copyright information for OssIBT2022