1 Corinthians 12:7-11
7Алкӕй удыхъӕды дӕр Сыгъдӕг Уд Йӕхи ӕвдисы сӕрмагонд хуызы, фӕлӕ — иумӕйаг хъуыддаджы пайдайӕн. a 8Иуӕн уд йӕ ныхасы бавӕры уӕлзонд, иннӕмӕн — зонынад, 9аннӕмӕ Уды руаджы фӕзыны уырнындзинад, кӕмӕндӕр та Уд схай кӕны низтӕ дзӕбӕх кӕныны курдиат. b 10Иуӕн — диссӕгтӕ аразыны, иннӕмӕн — пехуымпарады, ӕртыккагӕн — адӕймаг цавӕр удӕй хайджын у, уый иртасыны, цыппӕрӕмӕн — алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурыны, фӕндзӕмӕн — уыцы ӕвзӕгтыл цы загъдӕуыд, уый ӕмбарын кӕныны курдиат. c 11Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ уыцы иу, алкӕмӕн дӕр, Йӕхи куыд фӕнды, ахӕм лӕвӕрттӕ Чи кӕны, уыцы Уды архайдӕй цӕуынц.
Copyright information for
OssIBT2022