‏ 1 Corinthians 16

Ӕххуыс Йерусалимы аргъуанӕн

1Ныр та сыгъдӕджытӕн ӕххуысы тыххӕй. Сымах хъуамӕ бакӕнат, ӕз Галатийы аргъуантӕн куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ. a

2Къуырийы фыццаг бон сымахӕй алчидӕр, йӕ къух куыд амоны, афтӕ йӕ мулкӕй рахицӕн кӕнӕд, цӕмӕй, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд уыцы ӕххуыс ӕмбырдгӕнинаг мауал уа.

3Куы ӕрцӕуон, уӕд, аккагыл кӕй банымайат, уыдоны фыстӕджытимӕ арвитдзынӕн Йерусалиммӕ, цӕмӕй уын уӕ лӕвар фӕхӕццӕ кӕной. b

4Кӕд дзы уыцы сӕр бахъӕуа, ӕмӕ мӕхӕдӕг ацӕуон, уӕд уыдон дӕр мемӕ ацӕудзысты.

Павел хаты коринфӕгтӕм

5Ӕз уӕм ӕрцӕудзынӕн, ӕгас Македонийыл куы ӕрзилон, уӕд. Уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрды Македонийыл ӕрзилын ис. 6Афӕстиат уӕм уыдзынӕн, ӕвӕццӕгӕн. Чи зоны, мӕ зымӕг дӕр сымахмӕ арвитон, ӕмӕ мӕ уый фӕстӕ сымах срӕвдз кӕндзыстут фӕндагмӕ, дарддӕр кӕдӕм цӕуон, уырдӕм. 7Нӕ мӕ фӕнды сымахмӕ ӕхстуадӕй бауайын — Бардарӕджы фӕндӕй, иу цасдӕр уӕм кӕй фӕуыдзынӕн, ууыл мӕ зӕрдӕ дарын. c

8Эфесы та фӕуыдзынӕн Къуыриты бӕрӕгбонмӕ — 9кӕд мӕ ныхмӕлӕуджытӕ бирӕ сты, уӕддӕр мын уым ис сӕрибар ӕмӕ ӕнтыстджынӕй кусыны фадат. 10Кӕд уӕм Тимофей ӕрцӕуа, уӕд бацархайут, сымахмӕ йын ӕдас цӕмӕй уа, ууыл. Уымӕн ӕмӕ уый дӕр мӕнау Бардарӕгӕн кусы. 11Ӕнӕрвӕссонтӕ йыл мачи кӕнӕд. Ифтонгӕй йӕ фарнимӕ афӕндараст кӕнут, цӕмӕй ӕрцӕуа мӕнмӕ — иннӕ ӕфсымӕртимӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын.

12Ныр та не’фсымӕр Аполлосы тыххӕй. Ӕз ӕм тынг ӕрхатыдтӕн, цӕмӕй ӕфсымӕртимӕ сымахмӕ ацӕуа, фӕлӕ йӕ ныртӕккӕ уый ницы хуызы бафӕндыд; фадат ын куы фӕуа, уӕд уӕм ацӕудзӕн.

Фыстӕджы кӕронбӕттӕн

13Къӕрцхъус ут, фидар уырнындзинад уӕм уӕд, ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых ут. d 14Уӕ алы хъуыддаг дӕр уарзондзинадимӕ аразут.

15Ахайы фыццаг чи баууӕндыди, уыдон Стефан ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ кӕй уыдысты ӕмӕ сыгъдӕджытӕн лӕггад кӕнынӕн сӕхи кӕй снывонд кодтой, уый уын зындгонд у. Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, e 16ахӕмты, стӕй ма уыцы хъуыддаджы семӕ чидӕриддӕр фӕллой кӕны, уыдоны коммӕ кӕсут. 17Сымах мемӕ кӕй не стут, уый мын баххӕст кодтой Стефан, Фортунат ӕмӕ Ахаик. Райын се’рцыдыл. 18Сымахау мӕнӕн дӕр удӕнцой ӕрхастой. Ахӕмтӕ уӕм нымады уӕнт!

19Салам уын ӕрвитынц Азийы аргъуантӕ; Бардарӕгимӕ иудзинады фӕрцы уын зӕрдиаг салам — Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйӕ, стӕй, сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕй дӕр. f 20Саламтӕ уын ӕрвитынц ӕфсымӕртӕ иууылдӕр. Ӕфсымӕрон байӕ салам дӕттут кӕрӕдзийӕн. g

21Ныр та фыссын мӕхи къухӕй: салам уын Павелӕй. 22Бардарӕджы [Йесо Чырыстийы] чи нӕ уарзы, уый ӕлгъыст у. Марана та!
Арамейаг ӕвзагыл амоны «Ӕрцу, Хицау».
23Нӕ Бардарӕг Йесойы хорзӕх уӕ уӕд! 24Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы мын уе’ппӕт дӕр стут уарзон адӕм!
Copyright information for OssIBT2022