‏ 1 Corinthians 2

Павел хъусын кӕны Фарны Уац

1Ӕфсымӕртӕ, куы уӕм ӕрцыдтӕн Хуыцауы сусӕгдзинад хъусын кӕнынмӕ, уӕд рӕсугъд ныхӕстӕ кӕнын ӕмӕ уӕ цӕсты мӕхи зондджынӕй равдисыныл нӕ архайдтон. a 2Уымӕн ӕмӕ мӕ уынаффӕ уыди, цалынмӕ сымахмӕ дӕн, уӕдмӕ Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, уыимӕ дзуарылтыгъд Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, ницы зонын. b 3Ӕз сымахмӕ уыдтӕн лӕмӕгъӕй, ӕнцой нӕ зыдтон, аккаг куынӕ разынон, уымӕй тӕрсгӕйӕ. c 4Ӕмӕ Фарны Уац хъусын кодтон, адӕймаджы уӕлзондӕй чи райгуыры, ахӕм уырнинаг ныхӕсты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды хъаруимӕ, d 5цӕмӕй уӕ уырнындзинады бындур уа адӕймаджы уӕлзонд нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъару. e

Хуыцауы уӕлзонд

6Зондыл та ахуыр кӕнӕм алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уырнджыты, ӕрмӕст ацы дунейы зондыл, стӕй, сӕ кӕрон кӕмӕн ӕрцӕуы, а дунейы уыцы ӕлдариуӕггӕнджыты зондыл нӕ, f 7фӕлӕ мах дзурӕм Хуыцауы сусӕг, ӕмбӕхст уӕлзондыл — дуне сфӕлдисыны агъоммӕ Хуыцау нӕ кадӕн кӕй снысан кодта, ууыл. g 8Уыцы уӕлзонд а дунейы ӕлдариуӕггӕнджытӕй иу дӕр нӕ базыдта. Куы йӕ базыдтаиккой, уӕд кадджын Бардарӕг Йесо Чырыстийы нӕ байтыгътаиккой дзуарыл. h 9Фӕлӕ, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы: «Цӕст нӕ федта, хъус нӕ фехъуыста,
ӕмӕ йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр никӕмӕн уыд,
чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау
цы ӕрцӕттӕ кодта, уый».

10Махӕн та йӕ Хуыцау раргом кодта Уды руаджы; Уд та ӕххӕссы алцӕмӕ дӕр, суанг Хуыцауы уӕлзонды арфмӕ дӕр. i 11Адӕймагмӕ цы ис, уый адӕмӕй чи зоны, адӕймаджы мидӕг чи цӕры, уыцы моны йеддӕмӕ? Афтӕ, Хуыцаумӕ цы ис, уый дӕр, Хуыцауы Уды йеддӕмӕ, ничи зоны. j 12Мах та схайджын стӕм ацы дунейы монӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд Удӕй, цӕмӕй зонӕм, Хуыцау нын цы ралӕвар кодта, уый. k

13Ӕмӕ ууыл мах дзурӕм, адӕймаджы зонд нӕ цы ныхӕстыл сахуыр кодта, уыдонӕй нӕ, фӕлӕ нын Сыгъдӕг Уд цы ныхӕстӕ бацамыдта, уыдонӕй. Удӕй цы цӕуы, уый ӕмбарын кӕнӕм Удӕй хайджынтӕн. l 14Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы. m 15Фӕлӕ Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый аргъ кӕны алцӕмӕн дӕр, уымӕн та аргъ кӕнын никӕй бон у. 16Уымӕн ӕмӕ «Дунедарӕджы зонд афтӕ чи базыдта,
ӕмӕ Йын уынаффӕгӕнӕг уа?»
Махмӕ та Чырыстийы зонд ис. n
Copyright information for OssIBT2022