1 Corinthians 3
Хуыцауӕн ӕмкусджытӕ
1Ӕмӕ, ӕфсымӕртӕ, Хуыцауы Удӕй хайджынтимӕ куыд фӕныхас кӕнынц, мӕ бон уемӕ афтӕ дзурын нӕ уыд. Ӕз уемӕ дзырдтон тӕригъӕдджын мондӕгтӕн коммӕгӕстимӕ дзурӕгау. Уымӕн ӕмӕ уӕ чырыстон уырнындзинадмӕ гӕсгӕ сымах нырма дзидзидайтӕ стут. a 2Ӕз уӕ хастон ӕхсырӕй, хъӕбӕр хӕринаг та уын нӕ лӕвӕрдтон, йӕ бахӕрын уӕ бон кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ; ӕмӕ ныртӕккӕ дӕр нӕу уӕ бон йӕ бахӕрын, b 3уымӕн ӕмӕ нырма дӕр тӕригъӕдджын монцты дӕлбар стут. Кӕд ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕнут, хъаугъамӕ гӕппӕввонгӕй лӕуут, уӕд уый исты, уӕ буары тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды дӕлбар кӕй стут ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕг адӕмы цардӕй кӕй цӕрут, уый нӕ нысан кӕны? 4Кӕд уӕ иу афтӕ зӕгъы: «Ӕз Павелы ахуыргӕнинаг дӕн», иннӕ та: «Ӕз Аполлосы ахуыргӕнинаг дӕн», уӕд ацы дунейы адӕмау не стут, ӕви? c 5Чи у Аполлос? Чи у Павел? Уыдон сты, сымах кӕй фӕрцы баууӕндыдыстут, ӕрмӕстдӕр уыцы кусджытӕ; ӕмӕ сӕ алчидӕр сарӕзта, Бардарӕг ын йӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый. d 6Ӕз байтыдтон, Аполлос ӕй бафсӕста донӕй, фӕлӕ хор Хуыцау радта. e 7Уӕдӕ тауӕгӕй дӕр ӕмӕ донуадзӕгӕй дӕр ницы аразгӕ у — ӕппӕт дӕр аразгӕ у хордӕттӕг Хуыцауӕй. 8Тауӕг ӕмӕ донхорыггӕнӕг иу хъуыддаг аразынц, ӕмӕ алчидӕр райсдзӕни йӕ хӕрзиуӕг, цас бакуса, уымӕ гӕсгӕ. 9Мах Хуыцауимӕ стӕм ӕмкусджытӕ, сымах та стут Хуыцауы хуым, Хуыцауы бӕстыхай. 10Хуыцау мын цы хорзӕх ракодта, уый фӕрцы зондджын аразӕгау ӕз сӕвӕрдтон бындур, иннӕ та уыцы бындурыл амайы. Фӕлӕ алчидӕр хъуамӕ лӕмбынӕг кӕса, куыд аразы, уымӕ. 11Бындур ӕвӕрд у, ӕмӕ ӕндӕр бындур сӕвӕрын никӕй бон у, уымӕн ӕмӕ ӕвӕрд бындур Йесо Чырысти у. f 12Уыцы бындурыл чи цӕмӕй аразы — сыгъзӕринӕй, ӕвзистӕй, зынаргъ дуртӕй ӕви хъӕдӕй, хосӕй кӕнӕ хъӕмпӕй — 13алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг рабӕрӕг уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг бафӕлвардзӕн арт, ӕмӕ арты сбӕрӕг уыдзӕн, цавӕр ын у, уый. g 14Йӕ арӕзт хъуыддаг кӕмӕн нӕ басудза, уый райсдзӕни хӕрзиуӕг, 15йӕ хъуыддаг кӕмӕн басудза, уый та баййафдзӕни зиан. Ӕниу йӕхӕдӕг фервӕздзӕни, фӕлӕ — артӕй раирвӕзӕгау. 16Сымах Хуыцауы хӕдзар кӕй стут ӕмӕ Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый нӕ зонут, ӕви? h 17Хуыцауы хӕдзар чи фӕчъизи кӕна, уый Хуыцау бафхӕрдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар сыгъдӕг у, ӕмӕ уыцы хӕдзар сымах стут. 18Йӕхи уӕ мачи сайӕд. Кӕд сымахӕй искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ ацы дунейы зондджын у, уӕд суӕд «ӕдылы», ӕмӕ ӕцӕгӕй уыдзӕни зондджын. 19Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты ӕнӕзонддзинад у, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Зондджынтӕн сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ фӕкӕны».20Ӕмӕ ма ноджыдӕр: «Дунедарӕг зоны, зондджынты хъуыдытӕ
мӕнг кӕй сты, уый».
21Уӕдӕ адӕймаджы ма стаут, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр сымах у: 22Павел уа, Аполлос кӕнӕ Кифӕ, дуне уа, цард, мӕлӕт, абон кӕнӕ фидӕн — ӕппӕт дӕр сымах у; 23сымах уӕхӕдӕг — Чырыстийы, Чырысти та — Хуыцауы.
Copyright information for
OssIBT2022