1 Corinthians 4
Чырыстийы апостолтӕ
1Уӕдӕ нӕ сымах хъуамӕ нымайат Чырыстийы кусджытыл, Хуыцау Йӕ сусӕгдзинӕдтӕ кӕуыл баууӕндыди, уыдоныл. a 2Ӕмӕ ахӕм ӕууӕнкӕй чи фӕхайджын ис, уыдонӕй домдӕуы сӕхи иузӕрдионӕй равдисын. b 3Сымах кӕнӕ иннӕ адӕм мӕнӕн цы аргъ кӕнынц, уый мӕ не’ндавы. Ӕз мӕхӕдӕг дӕр мӕхицӕн аргъгӕнӕг нӕ дӕн. 4Кӕд мӕ зӕрдӕ мӕхимӕ ницӕмӕй ӕхсайы, уӕддӕр уымӕй мӕхи нӕ раст кӕнын; тӕрхонгӕнӕг мын Бардарӕг у. c 5Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг. d 6Ӕз цы дзырдтон, ӕфсымӕртӕ, уый уӕ сӕраппонд мӕхи ӕмӕ Аполлосы тыххӕй загътон, цӕмӕй мах бафӕзмат, фыст цы у, уый сӕрты нӕ хизыныл — иу адӕймагӕй сӕрыстыр ма уат, иннӕуыл та дӕлӕмӕ ма хӕцат. e 7Дӕу уӕлдӕр чи ӕвӕры? Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый дын Хуыцауӕй лӕвӕрд нӕу, ӕви? Ӕмӕ дын кӕд Хуыцауӕй лӕвӕрд у, уӕд дӕхицӕй, цыма дӕхи у, афтӕ цы ӕппӕлыс? f 8Сымахмӕ ныридӕгӕн фагӕй фылдӕр ис ӕппӕт дӕр, ныридӕгӕн схъӕздыг стут, ӕнӕ мах систут паддзӕхтӕ. Бӕргӕ паддзахиуӕг ӕцӕгӕй куы кӕниккат, цӕмӕй мах дӕр уемӕ суӕм паддзӕхтӕ! 9Фӕлӕ мӕнмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ махӕн, апостолтӕн, Хуыцау бынат снысан кодта ӕппӕты кӕронӕй, цыма нын адӕмы цӕсты раз амӕлыны тӕрхон рахастӕуыд, афтӕ. Махыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта дун-дуне — зӕдтӕ ӕмӕ адӕм. g 10Мах ӕнӕзонд стӕм Чырыстийы сӕраппонд, сымах та зондджын чырыстӕттӕ стут; мах ӕдых стӕм, сымах — тыхджын; сымах кадджын стут, мах — ӕгад. 11Абоны онг дӕр ма стонг ӕмӕ дойны ӕвзарӕм, бызгъуырты цӕуӕм ӕмӕ над ӕййафӕм, хӕдзар нын нӕй, 12нӕ къӕбӕр уӕнгдыхӕй амал кӕнӕм. Ӕлгъитгӕ нӕ чи кӕны, уыдонӕн мах та Хуыцауӕй хорзӕх курӕм. Ӕфхӕрынц нӕ — мах фӕразӕм. h 13Цъыф ныл калынц, мах та сын фӕлмӕн ныхасӕй дзуапп дӕттӕм. Быронӕй уӕлдай не стӕм адӕмы цӕсты. 14Ӕз уыдӕттӕ уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ уӕхиуыл ӕрхудат, фӕлӕ уын, уарзон хъӕбултӕн амонӕгау, зонд амонын. 15Кӕд уын бирӕ чырыстон хъомылгӕнджытӕ ис, уӕддӕр уын фыдӕлтӕ бирӕ нӕй — Фарны Уац уӕм кӕй ӕрхастон, уый фӕрцы Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕз сдӕн уӕ ныййарӕг. i 16Уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдиагӕй курын: фӕзмут мӕ, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ. 17Уый тыххӕй уӕм арвыстон Тимофейы — Бардарӕгыл ӕнувыд чи у, мӕ уыцы уарзон хъӕбулы. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийы мӕ царды куыд фӕзмын, уый; мӕ уыцы цардӕвӕрд у, алы аргъуаны дӕр цӕуыл ахуыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ. 18Сымахӕй чидӕртӕ схъал сты — афтӕ сӕм кӕсы, цыма ӕз сымахмӕ нал ӕрцӕудзынӕн. 19Фӕлӕ кӕд Хицауы бафӕнда, уӕд уӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уыцы хъалтӕн бафӕлвардзынӕн сӕ ныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ сӕ хъару, j 20уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ хъаруйӕ у. k 21Куыд уӕ фӕнды? Лӕдзӕгимӕ уӕм ӕрцӕуон ӕви уарзтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕг зӕрдӕимӕ?
Copyright information for
OssIBT2022