1 Corinthians 5
Ӕнӕуаг ми
1Бӕлвырдӕй куыд фехъуыстон, афтӕмӕй уӕм ӕрцыди ахӕм ӕнӕуаг хъуыддаг, ӕмӕ суанг муртаттӕгтӕм дӕр никуыма уыди — чидӕр, дам, цӕры йӕ фыдыусимӕ. 2Хъал уӕвыны бӕсты сымахӕн кӕуын ӕмбӕлы! Уыцы хъуыддаг чи бакодта, уый нӕ фӕсырдтат уе’хсӕнӕй. 3Ӕз уӕм дард дӕн, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ уемӕ ис ӕмӕ, цыма ӕцӕгдӕр уемӕ дӕн, афтӕ бауынаффӕ кодтон, ахӕм хъуыддаг бакӕнӕгӕн цы бачындӕуа, уый тыххӕй: a 4Нӕ Бардарӕг Йесойы номыл куы ӕрӕмбырд уат, уӕд мӕ уд дӕр уыдзӕни уемӕ, ӕмӕ уыцы фыдгӕнӕджы нӕ Бардарӕг Йесойы хъаруйӕ 5бакӕнӕм сайтаны бар йӕ буар ын бафхӕрыны тыххӕй, цӕмӕй йӕ уд фервӕза, нӕ Бардарӕг тӕрхон куы кӕна, уыцы Бон. b 6Раппӕлинагӕй уӕм ницы ис. Армыдзаг ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕй сӕнхъизын кӕны, уый нӕ зонут, ӕви? c 7Уӕдӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут зӕронд ӕнхъизӕнӕй, цӕмӕй фестат ног, ӕнӕнхъизӕн хыссӕ. Сымах ӕцӕгдӕр ахӕмтӕ стут, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы, нӕ Куадзӕны Уӕрыччы, нывондӕн ӕрхастӕуыд. 8Уӕдӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ бӕрӕг кӕнӕм Куадзӕн, зӕронд ӕнхъизӕнимӕ нӕ, хӕлддзинад ӕмӕ фыдӕхы ӕнхъизӕнимӕ нӕ, фӕлӕ ӕцӕгады донгонд дзултимӕ. 9Ӕз уӕм мӕ фыстӕджы фыстон, хӕтаг чи у, уыдонмӕ ӕмгӕрон цӕуын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй. 10Фӕлӕ зӕххы цъары хӕлд адӕм, кӕрӕфтӕ, стигъджытӕм, мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ ӕмхуызонӕй нӕ уыдысты мӕ хъуыдыйы, — уӕд уӕ ацы дуне ныууадзын бахъӕуид. 11Ӕз уӕм фыстон, цӕмӕй ӕмгӕрон ма цӕуат, йӕхи ӕфсымӕр чи хоны, афтӕмӕй та хӕтаг, кӕрӕф, мӕнгхуыцӕуттӕм кувӕг, цъыфкалӕг, расыггӕнаг кӕнӕ стигъӕг чи у, уымӕ. Ахӕмимӕ иу фынгыл дӕр макуы бадут. d 12Ӕнӕуырнджытӕн ӕз цӕмӕн хъуамӕ тӕрхон кӕнон? Уыдонӕн Хуыцау у тӕрхонгӕнӕг. 13Фӕлӕ уырнджытӕн сымах тӕрхон цӕуылнӕ кӕнут? Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Фӕсурут уе’хсӕнӕй хӕлд адӕймаджы!».
Copyright information for
OssIBT2022