1 Corinthians 6
Уырнджыты хъаугъатӕ
1Уӕ иу иннӕуыл куы бахъаст кӕны, уӕд уӕндгӕ та куыд бакӕны йӕ хъаст тӕригъӕдджынтӕм бахӕссынмӕ, сыгъдӕджыты бӕсты йын уыдон куыд тӕрхон кӕной, афтӕ? 2Сыгъдӕджытӕ ацы дунейӕн кӕй тӕрхон кӕндзысты, уый нӕ зонут, ӕви? Кӕд иугӕр дунейӕн сымах тӕрхон кӕндзыстут, уӕд хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ равзарыны аккаг не стут? a 3Зӕдтӕн мах кӕй тӕрхон кӕндзыстӕм, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕд зӕххон царды быцӕутӕ равзарын нӕ бон нӕу? 4Кӕд ахӕм быцӕутӕ рауайы, уӕд сын тӕрхонгӕнджытӕй цӕмӕн сӕвӕрут, аргъуанмӕ чи ницы бар дары, уыдоны? 5Цӕмӕй уӕхиуыл ӕрхудат, уый тыххӕй уын зӕгъын: йе’фсымӕрты быцӕу чи равзара, иунӕг ахӕм зондджын лӕг дӕр уӕм нӕй, ӕви? 6Сымахмӕ та ӕфсымӕр ӕфсымӕрыл хъаст кӕны, уыимӕ йӕ хъаст ӕнӕуырнджыты размӕ хӕссы. 7Кӕрӕдзиуыл кӕй хъаст кӕнут, ӕрмӕст уый дӕр уӕ тынг ӕгад кӕны. Ӕфхӕрды бынаты баззайын уын хуыздӕр нӕ уаид? Истӕмӕй хъуаг куы ӕййафиккат, уӕд уын хуыздӕр нӕ уаид? b 8Сымах та уӕхӕдӕг ӕфхӕрут ӕмӕ стигъут. Ӕмӕ кӕй? Уе’фсымӕрты! 9Ӕви тӕригъӕдджынтӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты, уый нӕ зонут? Уӕхи ма сайут: нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр нӕлмойтӕ, c 10нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр кӕрӕфтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ, нӕдӕр хахуыргӕнджытӕ, нӕдӕр фӕлитойтӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты. 11Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы. dКад кӕнут Хуыцауӕн уӕ буарӕй дӕр
12Ис мын алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ мын алцы пайда нӕу. Ис мын алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ хъуамӕ мацӕй цагъар суон. e 13Хойраг гуыбынӕн у, гуыбын та — хойрагӕн, фӕлӕ Хуыцау сӕ дыууӕйы дӕр фесафдзӕни. Буар та хӕтынӕн нӕ, фӕлӕ Бардарӕгӕн у, Бардарӕг та буарӕн дӕр йӕ хицау у. f 14Хуыцау Йӕ хъаруйӕ райгас кодта Бардарӕджы — райгас кӕндзӕни мах дӕр. g 15Уӕ буӕрттӕ Чырыстийы уӕнгтӕ кӕй сты, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ Чырыстийы буары уӕнгтӕ райсдзынӕн ӕмӕ сӕ хъахбайы уӕнгтӕ фестын кӕндзынӕн? Ницы хуызы! h 16Кӕнӕ, хъахбаимӕ чи баиу уа, уый йемӕ иу буар кӕй свӕййы, уый нӕ зонут, ӕви? Уымӕн ӕмӕ афтӕ загъдӕуыд: «Дыууӕ уыдзысты иу буар». 17Бардарӕгимӕ чи баиу вӕййы, уый та монон ӕгъдауӕй Йемӕ иу у. 18Уӕхи хизут хӕтынӕй: адӕймаг цыдӕриддӕр тӕригъӕды бацӕуы, уый буары ӕдде вӕййы, фӕлӕ хӕтаг йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы. 19Хуыцауӕй уын лӕвӕрд цы буар у, уый Сыгъдӕг Уды цӕрӕнут кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уӕхиуыл уӕ бар нӕ цӕуы, i 20Стыр аргъӕй ӕлхӕд ӕрцыдыстут. Уӕдӕ кад кӕнут Хуыцауӕн уӕ буарӕй. j
Copyright information for
OssIBT2022