1 Corinthians 7
Лӕг ӕмӕ усы иумӕйаг цард
1Сымах мӕм цӕй тыххӕй фыстат, ныр та уый фӕдыл: хорз у, нӕлгоймаг сылгоймаджы ӕмгӕрон куы не’рцӕуа, уӕд. 2Фӕлӕ хӕтынӕй хи бахизыны тыххӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи мой. 3Мой хъуамӕ ӕххӕст кӕна, йӕ усы раз ыл цы хӕс ӕвӕрд ис, уый; афтӕ ус дӕр. a 4Усы буарыл йӕхи бар нӕ, фӕлӕ йӕ мойы бар цӕуы. Афтӕ мойӕн дӕр йӕ буарыл йӕхи бар нӕ, фӕлӕ йӕ усы бар цӕуы. 5Уӕ дыууӕйы дӕр куы фӕнда, уӕд ӕнӕ кӕрӕдзийӕ ут ӕрмӕстдӕр цыбыр рӕстӕгмӕ — ком даргӕйӕ ӕмӕ кувгӕйӕ, — цӕмӕй та уый фӕстӕ ӕриу уат, ӕмӕ уӕ сайтан ма мондаг кӕна, уӕхиуыл фӕхӕцын кӕй нӕ фӕразут, уый аххосӕй. 6Ӕниу ӕз уый бардзырды хуызы нӕ зӕгъын — ахӕм бар уын ис. 7Мӕн фӕндид, цӕмӕй адӕм иууылдӕр уой мӕ хуызӕн, фӕлӕ алкӕмӕ дӕр йӕхи сӕрмагонд курдиат ис Хуыцауӕй: иумӕ — иу, иннӕмӕ — иннӕ. b 8Къай кӕмӕн нӕй, уыдонӕн ӕмӕ идӕдз устытӕн та зӕгъын: мӕнау иунӕгӕй баззайын хуыздӕр у. 9Фӕлӕ кӕд сӕхиуыл хӕцын нӕ фӕразынц, уӕд курӕнт устытӕ ӕмӕ цӕуӕнт моймӕ. Уымӕн ӕмӕ монцы арты судзынӕй лӕг ӕмӕ усы цард кӕнын хуыздӕр у. c 10Усджын ӕмӕ моймӕдзыд чи у, уыдонӕн та ӕз нӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йӕхӕдӕг фӕдзӕхсы: ус йӕ мойы ма ныууадзӕд. d 11Куы йӕ ныууадза, уӕд та мой мауал скӕнӕд кӕнӕ йӕ моимӕ бафидауӕд; мой дӕр йӕ усӕй ма ахицӕн уӕд. 12Иннӕтӕн та Бардарӕг нӕ, фӕлӕ ӕз зӕгъын: кӕд ӕфсымӕртӕй искӕмӕн ис ӕнӕуырнӕг ус ӕмӕ усы фӕнды йемӕ цӕрын, уӕд ӕй лӕг ма ныууадзӕд. 13Ӕмӕ устытӕй дӕр ӕнӕуырнӕг лӕг кӕмӕн ис, уымӕн кӕд йӕ мойы йемӕ цӕрын фӕнды, уӕд ӕй ус ма ныууадзӕд. 14Уымӕн ӕмӕ ӕнӕуырнӕг лӕгӕн йӕ зӕрдӕ йӕ уырнӕг усы фӕрцы ссыгъдӕг вӕййы, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ус дӕр йӕ уырнӕг мойы фӕрцы сыгъдӕг кӕны. Науӕд уӕ цот сыгъдӕг нӕ уаиккой, ныр та сыгъдӕг сты. 15Кӕд ӕнӕуырнӕджы ахицӕн фӕнды — ахицӕн уӕд; ахӕм уавӕры ӕфсымӕр кӕнӕ хо сӕрибар сты. Хуыцау уӕ фидыдӕй цӕрын домы. e 16Ды цӕмӕй зоныс, сылгоймаг, ӕмӕ дӕ мойы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? Кӕнӕ ды цӕмӕй зоныс, нӕлгоймаг, ӕмӕ дӕ усы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ?Райгонд у дӕ уавӕрӕй
17Ӕрмӕст алчидӕр цӕрӕд, Бардарӕг куыд снысан кодта, афтӕ ӕмӕ баззайӕд, Хуыцау ӕм цы уавӕры фӕсидти, уыцы уавӕры. Ӕз уый фӕдзӕхсын ӕппӕт аргъуантӕн дӕр. f 18Сунӕтгондӕй дӕм фӕсидти Хуыцау — ма йӕ сусӕг кӕн; ӕнӕсунӕтӕй дӕм фӕсидти — сунӕт ма скӕн. 19Сунӕт скӕнын дӕр ницы у, сунӕт не скӕнын дӕр ницы у — ӕрмӕст Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын у ахсджиаг. g 20Алчидӕр баззайӕд, Хуыцау ӕм куы фӕсидти, уӕд цы уыди, уымӕй. h 21Цагъайрагӕй дӕм фӕсидти — ма йыл тыхс; фӕлӕ кӕд дӕ бон сӕрибар райсын у, уӕд дын хуыздӕр уыдзӕни уыцы фадатӕй спайда кӕнын ▼▼Ацы бынатӕн бамбарӕн ис афтӕ дӕр: Цагъайрагӕй дӕ’рхуыдта — ма йыл тыхс, фӕлӕ кӕд дӕ бон сӕрибар райсын у, уӕд дын хуыздӕр уыдзӕни дӕ абоны уавӕрӕй спайда кӕнын.
. 22Уымӕн ӕмӕ, Бардарӕг кӕмӕ фӕсидти, уыцы цагъары Бардарӕг ссӕрибар кодта; сӕрибарӕй кӕй ӕрхуыдта, уый та Чырыстийы цагъар у. j 23Сымах стыр аргъӕй балхӕдӕуыд — ма сут цагъартӕ адӕймагӕн. k 24Ӕфсымӕртӕ, кӕмӕ цы уавӕры ӕрсидтӕуыд, алчидӕр уыцы уавӕры баззайӕд Хуыцауы раз. Къайады фӕдыл ныхас
25Ӕнӕцыд чызджыты ӕмӕ ӕнӕус лӕппуты тыххӕй мын Бардарӕг ницы бафӕдзӕхста, фӕлӕ Бардарӕджы хорзӕхӕй хайджын чи у ӕмӕ ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймагау уын уынаффӕ кӕнын. l 26Мӕ хъуыды ахӕм у: абоны зынтӕм гӕсгӕ адӕймагӕн хуыздӕр у, цы уавӕры ис, уыцы уавӕры баззайын. 27Дӕ усимӕ къайадӕй баст дӕ? Йӕ фехалыныл ма архай. Усимӕ баст нӕ дӕ? Ус ракурыныл ма архай. 28Ӕниу, ус куы ракурай, уӕд уымӕй тӕригъӕды не’фтыс; ӕмӕ, чызг мой куы скӕна, уӕд уый дӕр уымӕй тӕригъӕды не’фты. Фӕлӕ ахӕмтӕ сӕ царды ӕвзардзысты зынтӕ, ӕмӕ уыл мӕ зӕрдӕ риссы. 29Ӕз уын зӕгъын, ӕфсымӕртӕ: рӕстӕг бирӕ нал баззад, ӕмӕ усджынтӕ нырӕй фӕстӕмӕ сӕхи дарой, цыма сын устытӕ нӕй, афтӕ. 30Кӕуджытӕ хъуамӕ ма уой кӕуджытау; цингӕнджытӕ — цингӕнджытау; ӕлхӕнджытӕ хъуамӕ уой, цыма сӕ къухы ницы бафтыд, уыйау. 31Ацы дунейы хорзӕхтӕй чи пайда кӕны, уыдон хъуамӕ уой афтӕ, цыма нӕ пайда кӕнынц. Уымӕн ӕмӕ, мах цы дуне уынӕм, уымӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуы. m 32Мӕн та фӕнды, цӕмӕй сымах уат ӕнӕмӕт. Ӕнӕус мӕт кӕны Бардарӕджы хъуыддагыл, Бардарӕджы зӕрдӕ балхӕныныл. 33Усджын та мӕт кӕны зӕххон хъуыддӕгтыл, йӕ усы зӕрдӕ балхӕныныл. Моймӕдзыд ӕмӕ ӕнӕцыд чызг ӕмхуызон не сты. 34Ӕнӕмой мӕт кӕны Бардарӕджы хъуыддагыл, Бардарӕджы зӕрдӕ балхӕныныл, цӕмӕй буарӕй дӕр ӕмӕ удӕй дӕр уа сыгъдӕг. Моймӕдзыдӕн та йӕ мӕт зӕххон хъуыддӕгтыл, йӕ мойы зӕрдӕ балхӕныныл у. 35Ӕз уын уӕ бартӕ байсынмӕ нӕ хъавын, фӕлӕ дзурын, уӕ пайдайӕн цы у, ууыл, цӕмӕй Бардарӕгӕн кусат, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ уӕ мацы къуылымпы кӕна. 36Кӕд искӕмӕ, йӕ чындздзон чызг моймӕдзыд кӕй нӕма у, уый худинаг кӕсы, уӕд йӕ бар йӕхи — йӕ чызджы раттӕд моймӕ; уымӕй ницы тӕригъӕды бацӕудзӕн. 37Фӕлӕ йӕ бар йӕхи кӕмӕн у, афтӕмӕй йӕ чызджы ӕнӕцыдӕй ныууадзыны фӕнд фидарӕй чи скодта ӕмӕ йӕ уыцы фӕнд аивыны хъуыды кӕмӕ нӕй, уый раст кӕны. 38Уӕдӕ афтӕ: йӕ чызджы моймӕ чи дӕтты, уый раст кӕны; чи йӕ нӕ дӕтты, уый та ноджы растдӕр кӕны. 39Усӕн цалынмӕ йӕ лӕг удӕгас у, уӕдмӕ йемӕ баст у. Йӕ лӕг куы амӕла, уӕд, кӕмӕ фӕцӕуа, уый йӕхи бар у, фӕлӕ — Бардарӕгыл чи ӕууӕнды, ӕрмӕстдӕр ахӕммӕ. n 40Фӕлӕ уыцы ус, мӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ (мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕз дӕр Сыгъдӕг Удӕй хайджын дӕн), куынӕуал смой кӕна, уӕд амондджындӕр уыдзӕн.
Copyright information for
OssIBT2022