‏ 1 Corinthians 8

Мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндты тыххӕй

1Ныр та мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндты тыххӕй. Мах ӕмбарӕм, не’ппӕтмӕ дӕр зонынад кӕй ис, уый. Фӕлӕ зонынад адӕймаджы хиуыл ӕввӕрсын кӕны, уарзондзинад та фидаргӕнӕг у. a 2Йӕхицӕн исты зонын ӕнхъӕл чи у, уыцы адӕймаг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ницыма зоны. b 3Фӕлӕ Хуыцауы, чи Йӕ уарзы, уыцы адӕймаджы зоны. c

4Уӕдӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыны тыххӕй мах зонӕм: мӕнгхуыцау дунейы ницы у, иунӕг Хуыцау йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй. d 5Кӕд арвыл кӕнӕ зӕххыл ис, хуыцӕуттӕ кӕй хуындӕуы, ахӕмтӕ, — уымӕн ӕмӕ, «хуыцӕуттӕ» ӕмӕ «бардарджытӕ» кӕй хонынц, уыдон бирӕ сты, — 6уӕддӕр махӕн ис, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста ӕмӕ мах Кӕмӕн цӕрӕм, уыцы иунӕг Фыд Хуыцау ӕмӕ, ӕппӕт дӕр Кӕй руаджы сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ цардӕй Кӕй фӕрцы схайджын стӕм, уыцы иунӕг Бардарӕг Йесо Чырысти. e

7Фӕлӕ алкӕмӕ фаг зонынад нӕй: иуӕй-иутӕ мӕнг хуыцӕуттыл афтӕ сахуыр сты, ӕмӕ нывондаг хойраг куы фӕхӕрынц, уӕд ӕй нымайынц гуымирыйӕн хаст нывондыл, ӕмӕ сын сӕ лӕмӕгъ ӕфсарм фӕзӕгъы, фӕчъизи сты, зӕгъгӕ. f 8Хойраг мах Хуыцаумӕ нӕ хӕстӕг кӕны: куы нӕ хӕрӕм, уӕд дӕр нӕ ницы сӕфы; куы хӕрӕм, уӕд дӕр ныл ницы ӕфты. g

9Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ уыцы бартӕ лӕмӕгъуырнджытӕн цӕлхдур ма суой. h 10Дӕумӕ ис зонынад, ӕмӕ дӕ исчи муртаттӕгты кувӕндоны фынгыл бадгӕ куы фена, уӕд, йӕхӕдӕг лӕмӕгъ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын йе’фсарм мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыны бар нӕ ратдзӕн, ӕви? 11Ӕмӕ дӕ зонынадӕй бабын уыдзӕни лӕмӕгъ — Чырысти кӕй сӕраппонд амард, дӕ уыцы ӕфсымӕр. i 12Афтӕмӕй сымах цӕут уӕ лӕмӕгъ ӕфсымӕрты тӕригъӕды, ардаут сӕ, се’фсарм сын тӕрхон цӕй тыххӕй кӕны, уыдӕттӕ кӕныныл. Ӕмӕ уымӕй цӕут Чырыстийы хъыджы. j 13Уӕдӕ кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме’фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме’фсымӕры. k
Copyright information for OssIBT2022