1 Corinthians 9
Апостолы бартӕ
1Ау, ӕз апостол нӕ дӕн? Ау, ӕз сӕрибар нӕ дӕн? Ӕз нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы нӕ федтон, ӕви? Ӕз Бардарӕджы сӕраппонд цы фӕллой бакодтон, сымах уый не стут, ӕви? a 2Кӕд иннӕтӕн апостол нӕ дӕн, уӕддӕр сымахӕн апостол дӕн. Ӕз Бардарӕджы апостол кӕй дӕн, уымӕн сымах ӕвдисӕн стут. b 3Гъе, уый у мӕ дзуапп, мӕныл даутӕ чи кӕны, уыдонӕн. 4Ӕви махӕн хӕрыны ӕмӕ нуазыны бар нӕй? c 5Ӕви иннӕ апостолтӕн, Дунедарӕджы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ Кифӕйӕн, устытӕ куыд ис, афтӕ мӕнӕн мӕ уырнӕг хотӕй искӕй мӕхицӕн цардӕмбал скӕныны бар нӕй, кӕмдӕриддӕр мемӕ куыд уа, афтӕ? 6Ӕви ӕрмӕст мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн нӕй нӕ кусыны бар? 7Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза? 8Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз, мыййаг, адӕймаджы зондӕй зӕгъын? Моисейы Ӕгъдау дӕр афтӕ нӕ зӕгъы, ӕви? 9Уымӕн ӕмӕ дзы фыст ис: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых ма бӕтт». Хуыцауы мӕт, мыййаг, галтыл у? d 10Ӕви уый мах тыххӕй загъд у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый мах тыххӕй фыст у; уымӕн ӕмӕ хуымгӕнӕг хуым ӕмӕ найгӕнӕг най кӕны йӕ хай райсыны ныфсимӕ. 11Ӕмӕ кӕд мах уӕ зӕрдӕты Сыгъдӕг Уды мыггаг байтыдтам, уӕд зӕххон тыллӕгӕй фӕхайджын уӕвыныл дӕр нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд уый, ау, ӕгӕр уыдзӕни? e 12Иннӕтӕн уӕм ахӕм бар кӕм ис, уым мах уыдонӕй барджындӕр не стӕм, ӕви? Уыцы бартӕй мах уӕвгӕ дӕр нӕ пайда кодтам, фӕлӕ быхсӕм алцӕмӕн дӕр, цӕмӕй Чырыстийы Фарны Уацӕн мацы цӕлхдур сӕвӕрӕм. f 13Хуыцауы хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыдон сӕ хӕлц уырдыгӕй кӕй исынц, ӕмӕ нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕн нывӕндтӕй хай кӕй ис, уый нӕ зонут, ӕви? 14Афтӕ Бардарӕг Фарны Уац хъусынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхста Фарны Уац хъусын кӕнынӕй цӕрын. g 15Фӕлӕ ӕз уыцы бартӕй не спайда кодтон; мӕ фыстӕг дӕр уӕм уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ сӕ пайда кӕнын райдайон. Уый бӕсты мӕ амӕлӕт хуыздӕр уаид! Раппӕлинагӕй мӕм цы ис, уымӕй мӕ ӕнӕхай ничи фӕкӕндзӕн. 16Ӕз Фарны Уац адӕммӕ кӕй хӕссын, уымӕй мӕхицӕй нӕ раппӕлдзынӕн — уый мӕ хӕс у, ӕмӕ додой мӕ сӕр, Фарны Уац адӕммӕ куынӕ хӕссон, уӕд! h 17Уыцы куыст барвӕндонӕй куы кӕнин, уӕд мын уаид мызд; фӕлӕ йӕ ӕз барвӕндонӕй нӕ кӕнын — ӕз аразын, мӕ бӕрны мын цы хъуыддаг бачындӕуы, ӕрмӕст уый. 18Уӕдӕ мӕ мызд цы у? Мӕ мызд уый у, ӕмӕ Фарны Уац хъусын кӕнын лӕвар, ӕмӕ афтӕмӕй Фарны Уац хъусынгӕнӕджы бартӕй нӕ пайда кӕнын. 19Ӕз никӕй дӕлбар дӕн, уӕддӕр алкӕмӕн дӕр мӕхицӕй скодтон цагъар, цӕмӕй фылдӕр адӕм Хуыцаумӕ ӕрхонон. i 20Иудейӕгты ӕрхоныны тыххӕй ӕз мӕхи дардтон, куыд иудейаг; Моисейы Ӕгъдауы дӕлбар уӕвджыты тыххӕй — куыд Ӕгъдауы дӕлбар адӕймаг, кӕд Ӕгъдауы дӕлбар нӕ дӕн, уӕддӕр. 21Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, уыдонӕн сдӕн, Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, ахӕмау, — афтӕмӕй та Хуыцауы раз ӕнӕ ӕгъдау нӕ дӕн, фӕлӕ дӕн Чырыстийы ӕгъдауы дӕлбар, — цӕмӕй ӕрхонон, Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, уыдоны. j 22Лӕмӕгъты ӕрхоныны сӕраппонд лӕмӕгътӕн сдӕн лӕмӕгъау. Ӕппӕтӕн дӕр ӕз сдӕн алцы, цӕмӕй цыфӕндыйӕ дӕр фервӕзын кӕнон иуӕй-иуты. k 23Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз кӕнын Фарны Уацы сӕраппонд, цӕмӕй йын суон ӕмкусӕг. 24Згъорӕн фӕзы се’ппӕт дӕр фезгъорынц, фӕлӕ хӕрзиуӕг иу адӕймагмӕ кӕй ӕрхауы, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ згъоргӕут ӕмӕ райсат хӕрзиуӕг! l 25Ерысты архайджытӕ алцӕмӕй дӕр сты хиуылхӕцгӕ. Уыдонӕн сӕ нысан у, зӕххон, ома баруайӕн цы хӕрзиуӕгӕн ис, уый райсын; махӕн та — баруайӕн кӕмӕн нӕй, уый. m 26Уымӕ гӕсгӕ ӕз, бӕлвырд нысан кӕмӕн нӕй, уыцы згъорӕгау нӕ дӕн; армӕйхӕцӕгау ӕз уӕлдӕф тымбылкъухӕй дзӕгъӕлы нӕ хойын. 27Фидар хӕцын мӕ буарыл, мӕ дӕлбар ӕй кӕнын, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, иннӕтӕн Фарны Уац ӕрхӕсгӕйӕ, мӕхӕдӕг хӕрзиуӕджы аккаг ма разынон. n
Copyright information for
OssIBT2022