1 John 1
Царды Дзырд
1Райдианӕй цы уыди, мах цы фехъуыстам, нӕхи цӕстӕй цы федтам, цӕмӕ кастыстӕм ӕмӕ нӕ уырзтӕй цы басгӕрстам, Царды уыцы Дзырды тыххӕй хъусын кӕнӕм сымахӕн. a 2Уымӕн ӕмӕ нын Цард раргом кодта йӕхи, федтам ӕй ӕмӕ йын стӕм ӕвдисӕн. Ӕмӕ уын хъусын кӕнӕм, Фыдимӕ чи уыди ӕмӕ махӕн йӕхи чи раргом кодта, уыцы мыггагмӕйы Царды тыххӕй. b 3Мах цы федтам ӕмӕ фехъуыстам, уый уын хъусын кӕнӕм, сымахӕн немӕ иудзинад куыд уа, афтӕ. Махӕн та иудзинад Фыдимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ ис. c 4Ацы ныхӕстӕ мах фыссӕм, цӕмӕй нӕ цинӕн кӕрон ма уа.Хуыцау у рухс
5Ӕмӕ уын мӕнӕ мах хъусын кӕнӕм, Уымӕй цы уац фехъуыстам, уый: Хуыцау у рухс ӕмӕ Йӕм мисхалы бӕрц дӕр талынг нӕй. d 6Кӕд мах дзурӕм, Йемӕ нын иудзинад ис, зӕгъгӕ, уӕвгӕ та талынджы цӕрӕм, уӕд сайгӕ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ цард ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ нӕу. e 7Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр. f 8Кӕд мах афтӕ дзурӕм, тӕригъӕдджын не стӕм, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм, ӕмӕ ӕцӕгад нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры. 9Мах нӕ тӕригъӕдтыл ӕргомӕй куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Уый, иузӕрдион ӕмӕ раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныббардзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн алы галиу хъуыддагӕй дӕр. 10Кӕд афтӕ дзурӕм, тӕригъӕды не’фтӕм, зӕгъгӕ, уӕд Ӕй мах ӕвдисӕм сайӕгойӕ, ӕмӕ Йӕ ныхас нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры.
Copyright information for
OssIBT2022