‏ 1 John 2

Чырысти — нӕ Сӕрылхӕцӕг

1Мӕ хуртӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти. a 2Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр. b 3Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын куы феххӕст кӕнӕм, уӕд нын раргом вӕййы, кӕй Йӕ базыдтам, уый. 4Афтӕ чи зӕгъы: «Ӕз Ӕй базыдтон», фӕлӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ та не’ххӕст кӕны, уый у фӕлитой, ӕмӕ ӕцӕгад йӕ зӕрдӕйы нӕ цӕры. 5Фӕлӕ Йын Йӕ дзырд чи ӕххӕст кӕны, уымӕн йӕ зӕрдӕйы ӕцӕг ӕрцарди Хуыцауы уарзт. Уымӕй нын раргом вӕййы, мах Йемӕ кӕй баиу стӕм, уый.

6«Ӕз баиу дӕн Йемӕ» чи зӕгъы, уый хъуамӕ цӕра, Йесо куыд цардис, афтӕ. c

Ног фӕдзӕхст

7Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕз уӕм цавӕрдӕр ног фӕдзӕхсты тыххӕй нӕ фыссын. Ӕз уӕм цы фӕдзӕхсты тыххӕй фыссын, уый рагон у — сымах ӕй зонут тӕккӕ райдианӕй. Ацы рагон фӕдзӕхст у, сымах кӕй фехъуыстат, уыцы ныхас. d 8Ӕниу уӕм цы фыссын, уый ног фӕдзӕхст дӕр у — йӕ ӕцӕгад ӕвдыст ӕрцыд Чырыстийы цардӕй дӕр ӕмӕ уӕ цардӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ талынг фӕивгъуыйы, ӕмӕ ӕцӕг рухс ныридӕгӕн рухс кӕны. e

9Афтӕ чи зӕгъы, рухсы цӕрын, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та йе’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый нырма талынджы цӕры. f 10Йе’фсымӕры чи уарзы, уый рухсы цӕры, ницӕуылуал фӕкӕлы. 11Йе’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый та талынджы ис, йӕ фӕндаг талынг у, ӕмӕ, кӕдӕм цӕуы, уый нӕ зоны, уымӕн ӕмӕ йӕ талынг бакуырм кодта. g 12Фыссын уӕм, сабитӕ,
уымӕн ӕмӕ уын хатыргонд сты
уӕ тӕригъӕдтӕ Йесойы руаджы. h
13Фыссын уӕм, хистӕртӕ,
уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат,
райдианӕй Чи ис, Уый.
Фыссын уӕм, фӕсивӕд,
уымӕн ӕмӕ сымах басастат Фыдгӕнӕджы.
14Ныффыстон уӕм, сабитӕ,
уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Фыды. i
Ныффыстон уӕм, хистӕртӕ,
уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат,
райдианӕй Чи ис, Уый.
Ныффыстон уӕм, фӕсивӕд,
уымӕн ӕмӕ сымах тыхджын стут,
Хуыцауы дзырд цӕры уӕ зӕрдӕты
ӕмӕ сымах басастат Фыдгӕнӕджы. j

15Ма уарзут дуне, стӕй, дунейы цы ис, уый дӕр. Дуне чи уарзы, уый Фыды нӕ уарзы. k 16Уымӕн ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис — тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцтӕ, цӕсты монцтӕ ӕмӕ хъал царды цӕстӕй кӕсын, — уыдон Фыдӕй ратгӕ не сты, фӕлӕ сты ацы дунейӕ. 17Дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ аивгъуыйынц, Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг та мыггагмӕ цӕрдзӕни. l

Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг

18Сабитӕ, рӕстӕджы кӕрон ӕрхӕццӕ! Куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныридӕгӕн дӕр Чырыстийӕн фӕзынди бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый. m 19Уыдон мах ӕхсӕнӕй рацыдысты, фӕлӕ махӕй нӕ уыдысты. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ уаиккой. Фӕлӕ уыдон ацыдысты ӕмӕ уымӕй раргом, се’ппӕт дӕр махӕй кӕй нӕ уыдысты, уый. n 20Сымах та Сыгъдӕг схайджын кодта Йӕ Удӕй, ӕмӕ уе’ппӕт дӕр зонут ӕцӕгад. o 21Ӕцӕгад цыма нӕ зонут, уый тыххӕй уӕм, мыййаг, нӕ ныффыстон, фӕлӕ йӕ кӕй зонут, стӕй, кӕцыфӕнды мӕнгдзинад ӕцӕгадӕй кӕй нӕ рацӕуы, уый дӕр уын зындгонд кӕй у, уый тыххӕй. 22Сайӕгой чи у? Йесо, дам, Чырысти нӕу, зӕгъгӕ, чи дзуры, уый. Ахӕм адӕймаг у Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Уый йӕхи тигъ кӕны Фыдыл дӕр ӕмӕ Фыртыл дӕр. 23Фыртыл чидӕриддӕр йӕхи тигъ кӕны, уымӕн хай нӕй Фыдӕй дӕр, фӕлӕ Фыртыл ӕргомӕй чи ӕууӕнды, уымӕн хай ис Фыдӕй дӕр. p 24Райдианӕй цы фехъуыстат, уый цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Райдианӕй цы фехъуыстат, уый уӕ зӕрдӕты куы цӕра, уӕд сымахӕн дӕр уыдзӕн иудзинад Фыртимӕ дӕр ӕмӕ Фыдимӕ дӕр. 25Ӕмӕ нын Йӕхӕдӕг зӕрдӕ бавӕрдта мӕнӕ уымӕй — мыггагмӕйы цардӕй.

26Ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз ныффыстон, уӕ асайыныл чи архайы, уыдоны тыххӕй. 27Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцы дӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ. q

Хуыцауы хъӕбултӕ

28Уӕдӕ, мӕ хуртӕ, уӕд уын иудзинад Чырыстиимӕ, куы’рцӕуа, уӕд ныфсджын куыд уӕм ӕмӕ Йӕ разы къӕмдзӕстыг куыд нӕ разынӕм, афтӕ. 29Хуыцау раст Хуыцау кӕй у, кӕд иугӕр уый зонут, уӕд, алы рӕстгӕнӕг дӕр Уымӕй кӕй райгуырд, уый дӕр хъуамӕ зонат.
Copyright information for OssIBT2022