‏ 1 John 3

1Кӕсут-ма, Фыд нын цы уарзт балӕвар кодта, уымӕ, цӕмӕй хӕссӕм Йӕ хъӕбулты ном. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Йӕ хъӕбултӕ стӕм. Дуне Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, мах дӕр уый тыххӕй нӕ зоны. a 2Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕр уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй. b 3Ӕмӕ Йыл уыцы хъуыддаджы йӕ зӕрдӕ чидӕриддӕр дары, уый сыгъдӕг кӕны йӕхи, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕг у. c

4Тӕригъӕды ӕфтыд чидӕриддӕр у, уый халы Хуыцауы ӕгъдау дӕр. Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд ракӕнынӕй хӕлд цӕуы Хуыцауы ӕгъдау. d 5Йесо тӕригъӕдтӕ ахӕссыны тыххӕй кӕй фӕзынд, уый сымах зонут. Йӕхӕдӕг та тӕригъӕдджын ницӕмӕй у. e 6Чидӕриддӕр Йемӕ баиу, уый тӕригъӕды нӕ цӕуы. Тӕригъӕд чидӕриддӕр ракӕны, уый Йӕ нӕ федта ӕмӕ Йӕ нӕ базыдта. 7Мӕ хуртӕ, мачи уӕ асайӕд. Рӕстӕй чи цӕры, уый рӕстгӕнӕг у, Чырысти рӕстгӕнӕг куыд у, афтӕ. 8Тӕригъӕды чи ӕфты, уый хӕйрӕгӕй у, уымӕн ӕмӕ райдианӕй хӕйрӕг у тӕригъӕды ӕфтыд. Ӕмӕ Хуыцауы Фырт дӕр уый тыххӕй фӕзынди, цӕмӕй хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала. f 9Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нал ӕфты, уымӕн ӕмӕ схайджын Хуыцауы цардӕй. Ӕмӕ тӕригъӕды ӕфтын йӕ бон нал у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй райгуырд. g 10Хуыцауы хъӕбултӕ ӕмӕ хӕйрӕджы цотӕй чи кӕцы у, уый афтӕмӕй базындӕуы: рӕстӕй чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ йе’фсымӕры чидӕриддӕр нӕ уарзы, уый Хуыцауӕй нӕу.

Кӕрӕдзийы уарзут

11Райдианӕй мӕнӕ уыцы уац фехъуыстат: мах хъуамӕ уарзӕм кӕрӕдзи. h 12Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе’фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та — раст. i 13Ӕфсымӕртӕ, дуне уӕ йе сӕфт кӕй уыны, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд. j 14Не’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ мах зонӕм, мӕлӕтӕй цардмӕ кӕй рахызтыстӕм, уый. Йе’фсымӕры чи нӕ уарзы, уый мӕлӕты къухы ис. k 15Йе’фсымӕрӕй йе сӕфт чидӕриддӕр уыны, уый лӕгмар у. Сымах та зонут: лӕгмартӕй иуӕн дӕр мыггагмӕйы цард нӕй. 16Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам, Йесо нӕ сӕраппонд Йӕ цард кӕй радта, уымӕй. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ не’фсымӕрты сӕраппонд дӕттӕм нӕ цард. l 17Зӕххон цардӕн алцыдӕр фаг кӕмӕ ис, уый йе’фсымӕры хъуӕгтӕ куы уына, фӕлӕ йӕхи нӕуынӕг куы скӕна, уӕд йӕ зӕрдӕйы Хуыцауы уарзондзинад куыд цӕрдзӕн? m

18Мӕ хуртӕ, уӕдӕ кӕрӕдзийы дзыхӕй ма уарзӕм, фӕлӕ нын зӕрдиаг кӕй у, уый равдисӕм хъуыддагӕй. 19Уымӕй базондзыстӕм, мах ӕцӕгады хъӕбултӕ кӕй стӕм, уый. Ӕмӕ Хуыцауы раз ӕнцой ссардзыстӕм нӕ зӕрдӕйӕн, n 20истӕй тыххӕй нын тӕрхон куы кӕна, уӕд дӕр; уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у ӕмӕ зоны ӕппӕт дӕр. 21Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд нын нӕ зӕрдӕ нӕ тӕрхон кӕны, уӕд ныфсджын стӕм Хуыцауы раз. o 22Ӕмӕ, цыдӕриддӕр фӕкурӕм, уый Дзы райсӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ ӕмӕ Йын нӕ хъуыддӕгтӕ сты фӕндон. p 23Йӕ фӕдзӕхст та ахӕм у: мах хъуамӕ ӕууӕндӕм Йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл ӕмӕ уарзӕм кӕрӕдзи, куыд нын бафӕдзӕхста, афтӕ. q 24Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры, уый Хуыцауимӕ ис, ӕмӕ Хуыцау йемӕ ис. Хуыцау немӕ кӕй ис, уый нын ӕргом кӕны, Йӕхӕдӕг нын Кӕй радта, уыцы Сыгъдӕг Уд. r
Copyright information for OssIBT2022