1 John 4
Ӕцӕгады Уд ӕмӕ фӕливӕг мон
1Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы. a 2Хуыцауы Уд кӕмӕ ис, уый афтӕмӕй базондзыстут: Йесо Чырысти адӕймаджы буары ӕрцыд, зӕгъгӕ, ӕргомӕй чидӕриддӕр зӕгъы, уый Хуыцауы Удӕй у хайджын. 3Фӕлӕ афтӕ чидӕриддӕр зӕгъы, Йесо адӕймаджы буары не’рцыд, зӕгъгӕ, уымӕ та Хуыцауы Уд нӕй — Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы мон ӕм ис. Сымах фехъуыстат, Чырыстийы ныхмӕлӕууӕджы мон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы мон ныридӕгӕн дунейы ис. b 4Мӕ хуртӕ, сымах Хуыцауӕй стут ӕмӕ басастат уыцы мӕнг пехуымпарты, уымӕн ӕмӕ, уӕ зӕрдӕты Чи ис, Уый уӕлдӕр у, дунейы чи ис, уымӕй. 5Уыдон дунейӕ сты ӕмӕ дзургӕ дӕр дунейы ӕвзагыл кӕнынц, ӕмӕ сӕм дуне хъусы. c 6Мах та Хуыцауӕй стӕм, ӕмӕ, Хуыцауы чи зоны, уый нӕм хъусы. Хуыцауӕй чи нӕу, уый та нӕм нӕ хъусы. Афтӕмӕй базонӕм ӕцӕгады Уды ӕмӕ фӕливӕг моны. dХуыцау у уарзондзинад
7Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕдӕ уарзӕм кӕрӕдзийы, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй у. Чидӕриддӕр уарзы, уый Хуыцауӕй райгуырд ӕмӕ зоны Хуыцауы. 8Чи нӕ уарзы, уый нӕ базыдта Хуыцауы, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уарзондзинад у. 9Хуыцау мах кӕй уарзы, уый нын уымӕй раргом, ӕмӕ Йӕ иунӕг Фырты рарвыста дунемӕ, махӕн Йӕ фӕрцы цард куыд уа, афтӕ. e 10Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы. Хуыцау нӕ Йӕхӕдӕг бауарзта ӕмӕ Йӕ Фырты нӕ тӕригъӕдты тыххӕй рарвыста фидауынгӕнӕг нывондӕн. f 11Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд Хуыцау мах афтӕ бауарзта, уӕд мах дӕр хъуамӕ уарзӕм кӕрӕдзийы. g 12Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ, кӕрӕдзийы куы уарзӕм, уӕд Хуыцау ис немӕ ӕмӕ Йӕ уарзт та ӕххӕстӕй цӕры нӕ зӕрдӕты. h 13Мах Хуыцауимӕ кӕй баиу стӕм ӕмӕ Уый немӕ кӕй баиу, уый мах зонӕм, Йӕ Сыгъдӕг Удӕй нын кӕй бахай кодта, уымӕй. i 14Мах федтам ӕмӕ ӕвдисӕн стӕм, Фыд Йӕ Фырты дунейӕн Ирвӕзынгӕнӕгӕй кӕй рарвыста, уымӕн. 15Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл ӕргомӕй чи ӕууӕнды, уый баиу Хуыцауимӕ, ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ. j 16Хуыцау мах кӕй уарзы, уый базыдтам ӕмӕ баууӕндыдыстӕм уыцы уарзтыл. Хуыцау у уарзондзинад, ӕмӕ, чи уарзы, уый баиу Хуыцауимӕ ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ. k 17Уарзондзинад нӕ зӕрдӕты цӕры афтӕ ӕххӕстӕй, ӕмӕ ныфсджын уыдзыстӕм Тӕрхоны Бон, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕм, Чырысти куыд царди, афтӕ. 18Уарзондзинадӕн тасимӕ иумӕйагӕй ницы ис, ӕцӕг уарзондзинад кӕм уа, уым тасӕн бынат нӕй. Уымӕн ӕмӕ, тӕрсгӕ чи кӕны, уый ныридӕгӕн ӕфхӕрд ӕййафы. Чи тӕрсы, уымӕн йӕ уарзт алцӕмӕй ӕххӕст нӕу. 19Мах уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг раздӕр бауарзта. 20Ӕз Хуыцауы уарзын, чи зӕгъы, афтӕмӕй та йе’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у фӕлитой. Уымӕн ӕмӕ, цӕстӕй кӕй уыны, йӕ уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон нӕу, цӕстӕй Кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын. l 21Ӕмӕ нын Уый бафӕдзӕхста, Хуыцауы чи уарзы, уый йе’фсымӕры дӕр куыд уарза, афтӕ. m
Copyright information for
OssIBT2022