‏ 1 John 5

Мах уӕлахиз кӕнӕм дунейыл

1Йесо Чырысти кӕй у, ууыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый Хуыцауӕй райгуырд, ӕмӕ, Фыды чидӕриддӕр уарзы, уый Йын уарзы Йӕ хъӕбулты дӕр. a 2Хуыцауы куы уарзӕм ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд уымӕй зонӕм, Йӕ хъӕбулты Йын кӕй уарзӕм, уый. 3Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты. b 4Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый уӕлахиз кӕны дунейыл. Дуне саст цӕмӕй ӕрцыд, уый нӕ уырнындзинад у. c 5Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл ӕууӕндӕг куынӕ фӕуӕлахиз уа дунейыл, уӕд ыл уӕвгӕ та чи фӕуӕлахиз уыдзӕн? d

Хуыцауы Фырты ӕвдисӕнтӕ

6Уый у, дон ӕмӕ тугимӕ Чи ӕрцыд, уыцы Йесо Чырысти. Ӕрцыд ӕрмӕст донимӕ нӕ, фӕлӕ дон ӕмӕ тугимӕ. Ӕмӕ Сыгъдӕг Уд ӕвдисӕн лӕууы Уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Уд у ӕцӕгад. e 7Ис ӕртӕ ӕвдисӕны [уӕларвы: Фыд, Дзырд ӕмӕ Сыгъдӕг Уд; ӕмӕ се’ртӕ дӕр иу сты. f 8Ӕртӕ ӕвдисӕны та зӕххыл ис]: Уд, дон ӕмӕ туг. Ӕмӕ се’ртӕйӕн дӕр сӕ ныхас иу у. g 9Кӕд мах адӕймаджы ныхасыл ӕууӕндӕм, уӕд Хуыцауы ныхас та уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ уыцы ныхас Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта Йӕ Фырты тыххӕй. h 10Хуыцауы Фыртыл чи ӕууӕнды, уымӕн Хуыцауы уыцы ныхас йӕ зӕрдӕйы ис. Хуыцауыл чи не’ууӕнды, уый Йӕ ӕвдисы сайӕгойӕ, уымӕн ӕмӕ не’ууӕнды, Хуыцау Йӕ Фырты тыххӕй кӕй загъта, уыцы ныхасыл. i 11Уыцы ныхас ууыл у, ӕмӕ нын Хуыцау ралӕвар кодта мыггагмӕйы цард, ӕмӕ уыцы цард Йӕ Фырты руаджы лӕвӕрд цӕуы. 12Хуыцауы Фыртӕй хай кӕмӕн ис, уымӕн ис мыггагмӕйы цард. Хуыцауы Фыртӕй хай кӕмӕн нӕй, уымӕн та нӕй мыггагмӕйы цард. j

Ӕнусон цард

13Ацы ныхӕстӕ ныффыстон сымахмӕ, Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндджытӕм, цӕмӕй зонат, мыггагмӕйы цард уын кӕй ис, уый. k 14Мах афтӕ ныфсджын стӕм Хуыцауы раз, ӕмӕ Йын фӕндон цы у, уый Дзы куы фӕкурӕм, уӕд нӕ фехъусы. l 15Хуыцауӕй цыдӕриддӕр куы фӕкурӕм, уӕд нӕм кӕй хъусы, кӕд уый зонӕм, уӕд ма уыимӕ зонӕм, цы Дзы ракуырдтам, уый ныридӕгӕн нӕхи кӕй баци, уый дӕр.

16Кӕд исчи йе’фсымӕры уыны, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыдӕй, уӕд кувӕд, ӕмӕ йын Хуыцау ратдзӕн цард. Ныхас цӕуы, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдоныл. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъын ахӕмы тыххӕй кувын. m 17Алы галиу хъуыддаг дӕр тӕригъӕды бафтын у, фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕд дӕр. n

18Мах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны Хуыцауӕй Райгуырӕг, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не’ххӕссы
Фӕстӕдӕры къухфыстыты ацы бынат у афтӕ: Мах зонӕм: Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды не’фты, фӕлӕ Хуыцауӕй райгуырӕг хъахъхъӕны йӕхи, ӕмӕ йӕм хӕйрӕг не’ххӕссы.
. p
19Зонӕм ӕй: мах Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм, дуне ӕнӕхъӕнӕй та хӕйрӕджы уацары ис. 20Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард. 21Мӕ хуртӕ, уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕй.
Copyright information for OssIBT2022