1 Kings 1
Адониа бӕллы паддзахы бынатмӕ
1Паддзах Давид тынг базӕронд ис, ӕмӕ-иу ӕй цыфӕнды хъарм куы стыхтой, уӕддӕр йӕ зӕронд стджытӕ нал тӕфстысты, 2ӕмӕ йын йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Фарн дӕм бадзурӕд, нӕ хицау, нӕ паддзах, бар нын ратт ӕмӕ дын, чи дӕм зила ӕмӕ дын чи лӕггад кӕна, иу ахӕм ӕрыгон чызг бацагурӕм. Дӕ хъӕбысы хуысдзӕн ӕмӕ нын нӕ хицау, нӕ паддзахы бахъарм кӕндзӕн». 3Израилы къуымты зилын байдыдтой рӕсугъд чызг агурӕг. Шунемы сахары йыл фӕхӕст сты — Авишаг, зӕгъгӕ, йӕ ном — ӕмӕ йӕ ӕрбалӕууын кодтой паддзахмӕ. 4Чызг уыдис ӕмбисонды рӕсугъд. Давидмӕ зылди, лӕггад ын кодта, фӕлӕ паддзах ӕмуат никуы ӕрцыд йемӕ. 5Уыцы заман Хагиты лӕппу Адониа йӕхиуыл тынг фервӕссыд, паддзах суыдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕнхъӕлдта. Уый самал кодта паддзахы уӕрдон, баххуырста барджытӕ, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз фӕсдзӕуины. 6Йӕ фыд ын уайдзӕф дӕр никуы бакодта, цӕмӕн афтӕ кӕныс, зӕгъгӕ. Адониа хӕрзконд лӕппу уыд, саджы фисынтыл амад кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм. Давидӕн райгуырди Авессаломы фӕстӕ. 7Адониа баныхас кодта Церуайы фырт Йоав ӕмӕ сауджын Авиафаримӕ, ӕмӕ йӕ цӕдисонтӕ систы. 8Ӕрмӕст сауджын Цадок, Йеходайы фырт Бенайа, пехуымпар Натан, Шими, Реи, стӕй Давиды ӕхсарджынтӕ Адониайы фарс нӕ рахӕцыдысты. 9Иу бон Адониа Ен-Рогелы донгуырӕнмӕ ӕввахс, Зохелеты дур, зӕгъгӕ, уыцы бӕрӕг бынаты цур скодта куывд. Аргӕвдын кодта фыстӕ, стуртӕ ӕмӕ хӕрзхаст уӕнгуытӕ ӕмӕ фӕхуыдта йе’ппӕт ӕфсымӕрты дӕр, паддзахы фыртты, стӕй, иудейӕгтӕй паддзахы кӕрты чи лӕггад кодта, уыдон. 10Ӕрмӕст пехуымпар Натаны, Бенайайы, Давиды ӕхсарджынты ӕмӕ йе’фсымӕр Соломоны нӕ фӕхуыдта. 11Пехуымпар Натан Соломоны мад Вирсавимӕ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Хагиты лӕппу Адониа нӕ хицау Давиды ӕвастӕй паддзах кӕй сси, уыцы хабар нӕ фехъуыстай? 12Цы дын зӕгъон, уый бакӕн ӕмӕ ма бабын уай дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фырт Соломон дӕр. 13Паддзах Давидмӕ ӕвӕстиатӕй бацу ӕмӕ йӕ бафӕрс: „О мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах! Ард мын куы бахордтай, дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ фӕстӕ мӕ паддзахы бадӕны, зӕгъгӕ, уӕд ныр Адониа цӕмӕн спаддзах?“ 14Йемӕ ма ныхас кӕндзынӕ, афтӕ уӕм ӕз дӕр мидӕмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ дын дӕ ныхас айсдзынӕн». 15Вирсави бацыди паддзахы уатмӕ. Паддзах бынтондӕр базӕронд ис, уым ын шунемаг Авишаг кодта лӕггад. 16Вирсави ныллӕг бакуывта паддзахӕн, ӕмӕ йӕ уый бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» 17«Мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах! — дзуапп ын радта уый. — Айразмӕ мын дӕ Хуыцауӕй, Дунедарӕгӕй, ард бахордтай, дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ фӕстӕ мӕ къӕлӕтджыны, зӕгъгӕ. 18Фӕлӕ ныр де’вастӕй, зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакодтай, афтӕмӕй спаддзах ис Адониа. 19Бирӕ галтӕ, хӕрзхаст уӕнгуытӕ ӕмӕ фыстӕ акусарт кодта ӕмӕ дын йӕ куывдмӕ фӕхуыдта де’ппӕт фыртты дӕр, стӕй сауджын Авиафар ӕмӕ ӕфсады хицау Йоавы, ӕрмӕст дын дӕ фырт Соломоны нӕ фӕхуыдта. 20Гъемӕ ныр ӕппӕт Израилы адӕмӕн дӕр дӕумӕ у сӕ каст, мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах, ӕмӕ сын фехъусын кӕн, дӕ фӕстӕ дӕ къӕлӕтджыны чи хъуамӕ сбада, уый тыххӕй. 21Науӕд, мӕ паддзах йӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрхуысса, уӕд ӕз мӕ фырт Соломонимӕ фыдгӕнджытыл нымад ӕрцӕудзыстӕм». 22– 23Вирсави йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕрбахызт пехуымпар Натан. Паддзахӕн фехъусын кодтой: «Пехуымпар Натан ам ис». Уӕд уый паддзахы размӕ бацыд ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывта. 24Натан загъта: «Мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах! Ды, мыййаг, афтӕ загътай, мӕ фӕстӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн Адониа ӕмӕ мӕ паддзахы бадӕны ӕрбаддзӕн, зӕгъгӕ? 25Абон уый ацыд ӕмӕ бирӕ кусӕрттӕгтӕ аргӕвста: галтӕ, хӕрзхаст уӕнгуытӕ ӕмӕ фыстӕ. Йӕ куывдмӕ дын де’ппӕт фыртты дӕр фӕхуыдта, стӕй ӕфсады хицау Йоавы ӕмӕ сауджын Авиафары. Уым иууылдӕр цӕл кӕнынц, нуазынц ӕмӕ сидынц: „Ӕгас цӕуӕд паддзах Адониа!“ 26Ӕрмӕст Адониа нӕ фӕхуыдта мӕн — дӕ лӕггадгӕнӕджы, стӕй сауджын Цадокы, Йеходайы фырт Бенайайы ӕмӕ дӕ фырт Соломоны. 27Дӕу фӕндӕй ӕрцыдаид ацы хъуыддаг ӕви нӕ, мӕ паддзах? Стӕй йӕ дӕ иузӕрдион цагъарӕй куыд басусӕг кодтай, дӕ фӕстӕ дӕ къӕлӕтджыны чи хъуамӕ сбада, уый ном?»Паддзах Соломон
28Паддзах Давид загъта: «Фӕдзурут-ма мын Вирсавимӕ!» Уый ӕрбацыд ӕмӕ паддзахы раз ӕрлӕууыд. 29Паддзах расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, алы фыдбылызӕй дӕр-иу мӕ Чи фервӕзын кодта, Уымӕй! 30Амӕй размӕ дын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, куыд расомы кодтон, мӕ фӕстӕ дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ къӕлӕтджыны, зӕгъгӕ, афтӕ абон сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ дзырд». 31Вирсави зӕххы онг ӕркуывта паддзахӕн ӕмӕ загъта: «Мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах Давид, цӕр ӕнусмӕ!» 32Паддзах Давид бардзырд радта, цӕмӕй йӕм иумӕ ӕрӕмбырд уой сауджын Цадок, пехуымпар Натан ӕмӕ Йеходайы фырт Бенайа. Уыдон ӕрлӕууыдысты паддзахы раз, 33ӕмӕ сын уый бафӕдзӕхста: «Мӕ фырт Соломоны мын мӕ хӕргӕфсыл абадын кӕнут ӕмӕ, мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр уемӕ, афтӕмӕй йӕ Гихоны доны онг бахӕццӕ кӕнут. 34Уым ӕй сауджын Цадок ӕмӕ пехуымпар Натан байсӕрдӕнт, цӕмӕй суа Израилы паддзах. Уӕд-иу сыкъауадындзтӕй ныууасут ӕмӕ ныхъхъӕр кӕнут: „Ӕгас цӕуӕд паддзах Соломон!“ 35Уый фӕстӕ йӕ фӕстӕмӕ ардӕм ӕрбакӕнут ӕмӕ йӕ сбадын кӕнут мӕ къӕлӕтджыны. Нырӕй фӕстӕмӕ Соломон уыдзӕни уӕ паддзах мӕ бӕсты. Ӕз бафӕдзӕхстон уымӕн, цӕмӕй Израил ӕмӕ Иудейы адӕмӕн суа сӕ фӕтӕг». 36Йеходайы фырт Бенайа паддзахӕн загъта: — Аммен, мӕ паддзах! Дӕ ныхас дын ныффидар кӕнӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау! 37Дунедарӕг Хуыцау мӕ паддзахыл куыд аудыдта, афтӕ аудӕд Соломоныл дӕр ӕмӕ йын йӕ къӕлӕтджын мӕ паддзах Давиды къӕлӕтджынӕй ноджы кадджындӕр скӕнӕд! 38Сауджын Цадок, пехуымпар Натан ӕмӕ Йеходайы фырт Бенайа, стӕй керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕ ацыдысты, Соломоны паддзах Давиды хӕргӕфсыл сбадын кодтой ӕмӕ йӕ акодтой Гихонмӕ. 39Цадок ӕрбахаста Цатырӕй оливӕйы сойы сыкъа ӕмӕ Соломоны байсӕрста. Уый фӕстӕ сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты, ӕмӕ адӕм ӕмдзыхӕй ныхъхъӕр кодтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах Соломон!» 40Ӕмӕ адӕм иууылдӕр Соломоны фӕдыл рацыдысты; уадындзтӕй цагътой, сӕ цины хъӕртӕ афтӕ тынг азӕлыдысты, ӕмӕ-иу зӕхх сӕнкъуысти. 41Адониа ӕмӕ йӕ уазджытӕн сӕ бадт кӕронмӕ куы ахӕццӕ, раст уыцы рӕстӕг сӕ хъустыл цины уынӕр ауади. Йоав куыддӕр сыкъауадындзы уасын айхъуыста, афтӕ афарста: «Цымӕ уый цӕй хъӕрахст цӕуы сахары’рдыгӕй?» 42Йоав йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕрбацыди сауджын Авиафары фырт Йонатан. Адониа йӕм дзуры: «Рахиз мидӕмӕ, ды ӕууӕнкджын лӕг дӕ ӕмӕ хорз хабархӕссӕг уыдзынӕ». 43Йонатан ын загъта: «Нӕ уыдзынӕн! Нӕ паддзах Давид йӕ паддзахдзинад Соломонӕн радта. 44– 45Йӕ хӕргӕфсыл ӕй сбадын кӕнын кодта ӕмӕ йын йемӕ Гихоны доны онг арвыста сауджын Цадокы, пехуымпар Натаны, Йеходайы фырт Бенайайы, стӕй керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгты. Уым ӕй сауджын Цадок ӕмӕ пехуымпар Натан байсӕрстой, ӕмӕ сси нӕ паддзах. Уӕд уырдыгӕй цингӕнгӕ рараст сты фӕстӕмӕ, ӕмӕ сахар ӕмызмӕлд сси. Ныр дӕр уыцы уынӕр уайы уӕ хъустыл. 46Ныридӕгӕн йӕ паддзахы бадӕны сбадти Соломон. 47Паддзах Давидмӕ та йӕ дӕлдӕртӕ бацыдысты ӕмӕ йын арфӕтӕ кӕнынц: „Хуыцау дын дӕ номӕй ноджы кадджындӕр скӕнӕд Соломоны ном, дӕ паддзахы бадӕнӕй йын ноджы цытджындӕр скӕнӕд йӕ бадӕн!“Ӕмӕ Давид рабадти йӕ сынтӕджы, акуывта йӕ сӕрӕй 48ӕмӕ загъта: „Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Йӕ хорзӕхӕй мӕ паддзахы бадӕны ног паддзах сбадти, ӕмӕ ӕз уый мӕхи цӕстӕй уынын“». 49Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ, Адониайы уазджытӕ фыр тӕссӕй сӕ бынӕттӕй фӕгӕппытӕ ластой ӕмӕ алырдӕмты фӕлыгъдысты. 50Адониа йӕхӕдӕг дӕр фӕтарсти Соломонӕй ӕмӕ ацыд ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатыл йӕ къухтӕй ныххӕцыд. 51Соломонмӕ фӕхабар кодтой: «Адониа дӕ тӕрсы ӕмӕ йӕ къухтӕй нывондхӕссӕны сыкъатыл ныххӕцыд ӕмӕ зӕгъы: „Соломон уал мын ард бахӕрӕд, йӕ цагъары карды амӕттаг кӕй нӕ бакӕндзӕн!“». 52Соломон загъта: «Кӕд ӕууӕнкджын лӕг разына, уӕд йӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр не’рхаудзӕн. Намӕ дзы фыдвӕнды хабар райхъуысти, зӕгъгӕ, уӕд амӕлдзӕн». 53Паддзах Соломон арвыста Адониамӕ ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны цурӕй йӕхимӕ ӕрбакӕнын кодта. Уый йын ныллӕг акуывта йӕ сӕрӕй, ӕмӕ йын паддзах загъта: «Дӕ хӕдзармӕ ацӕуыны бар дын ис».
Copyright information for
OssIBT2022