1 Kings 10
Савайы ус-паддзах — Соломоны уазӕг
1Соломон Дунедарӕгӕн стыр кад кӕй кодта ӕмӕ номджын паддзах кӕй сси, уый Савайы ус-паддзахмӕ дӕр байхъуыст, ӕмӕ йӕм ӕрбацыди базон-базонтӕй йӕ бафӕлварынмӕ. 2Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтимӕ йын Йерусалиммӕ теуатыл ӕрбаласта бирӕ хъӕздыг лӕвӕрттӕ: хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, тынг бирӕ сыгъзӕрин ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Соломонмӕ куы бацыд, уӕд ын, йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттӕ фӕдзырдта. 3Ӕмӕ йын Соломон йӕ фӕрстытӕй иу дӕр ӕнӕдзуапп нӕ ныууагъта. 4Савайы ус-паддзахӕн фыр дисӕй йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, Соломоны куырыхон зонд ын иууылдӕр куы сбӕрӕг, уӕд. Афӕлгӕсыд ын йӕ галуаныл дӕр, 5федта йын йӕ дзаг фынгтӕ, йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц, лӕггадгӕнджытӕ аив дарӕсты куыд лӕггад кӕнынц, дзагдарты дӕр сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссыны уаг ӕрӕвӕрдта, уый дӕр. Ӕмӕ йӕхи нал баурӕдта Савайы ус-паддзах. 6Уый Соломонӕн загъта: «Савайы дӕу тыххӕй цы хабӕрттӕ фехъуыстон, дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дӕ куырыхон зонды тыххӕй, уыдон ӕцӕг разындысты. 7Фӕлӕ мӕ нӕ уырныдтой, цалынмӕ дӕм ӕрбацыдтӕн ӕмӕ дӕ мӕхи цӕстытӕй федтон, уӕдмӕ. Дӕ куырыхон зонд ӕмӕ дӕ хъӕздыг исбон дзӕвгар фылдӕр куы сты, ӕз сӕ цы фехъуыстон, уымӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕн мын се’мбисы бӕрц дӕр нӕ радзырдтой. 8Тӕхудиаг сты, ӕдзух дӕ разы лӕууыны ӕмӕ дӕ куырыхон ныхасмӕ хъусыны фадат кӕмӕн ис, уыдон — дӕ адӕм ӕмӕ, лӕггад дын чидӕриддӕр кӕны, уыдон. 9Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕхцон Кӕмӕн уыдтӕ ӕмӕ дӕ Израилы паддзахы къӕлӕтджыны Чи сбадын кодта! Дунедарӕг Израилы адӕмы мыггагмӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй дӕ скодта сӕ паддзах, цӕмӕй сын хӕссай рӕстаг тӕрхон». 10Ӕмӕ Савайы ус-паддзах Соломонӕн балӕвар кодта сыгъзӕрины ӕхсӕзыссӕдз таланты, тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Савайы ус-паддзах паддзах Соломонӕн цы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ балӕвар кодта, ахӕмтӕ уӕды онг никуыма ничи федта. 11Хирамы наутӕ дӕр, Соломонӕн Офирӕй сыгъзӕрин чи ласта, уыдон, уырдыгӕй ноджыдӕр ӕрбаластой тынг бирӕ зынаргъ хъӕдӕрмӕг ӕмӕ хӕзнадуртӕ. 12Уыцы хъӕдӕрмӕгӕй Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ йӕ Галуанӕн скодта цӕджындзтӕ. Ноджы ма дзы Кувӕндоны зарӕггӕнджытӕн скодта хъисфӕндыртӕ ӕмӕ дыууадӕстӕнонтӕ. Ахӕм диссаджы хъӕдӕрмӕг ныронг никуыма ӕрбафтыд Йерусалиммӕ. 13Паддзах Соломон йӕхӕдӕг дӕр Савайы ус-паддзахы сбуц кодта йӕ лӕвӕрттӕй, ноджы ма йын радта, йӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр загъта ӕмӕ дзы йӕхи дзыхӕй цыдӕриддӕр ракуырдта, уыдӕттӕ дӕр. Ӕмӕ Савайы ус-паддзах йӕ фӕсдзӕуинтимӕ сӕхимӕ аздӕхт.Паддзах Соломоны ӕмбисонды хъӕздыгдзинад
14Соломонмӕ ӕрвылаз цы сыгъзӕрин ӕфтыд, уымӕн йӕ уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз таланты. 15Уымӕй уӕлдай ма йӕм сыгъзӕрин хӕццӕ кодта йӕ базаргӕнджытӕ ӕмӕ йӕ сӕудӕджерты куыстӕй, стӕй йӕ бӕстыхицӕуттӕй ӕмӕ Аравийы паддзӕхтӕй дӕр. 16Соломон скодта дзӕбугӕй цагъд ӕмӕ сыгъзӕринӕй астӕрд дыууӕсӕдӕ стыр уарты, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ сыгъзӕрины уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ шекелы. 17Ноджы ма скодта ӕртӕсӕдӕ чысыл уарты, уыдон дӕр дзӕбугӕй цагъд сыгъзӕринӕй астӕрд, сӕ сыгъзӕрины уӕз уыди фӕйнӕ ӕртӕ минӕйы. Паддзах уыцы уартытӕ иууылдӕр бафснайдта Ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны. 18Соломон пылыстӕгӕй скодта паддзахы егъау къӕлӕтджын ӕмӕ йӕ састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. 19– 20Паддзахы къӕлӕтджынмӕ цыди ӕхсӕз къӕпхӕны, ӕмӕ алы къӕпхӕнӕн дӕр йӕ фӕйнӕ кӕроны лӕууыди фӕйнӕ домбайы фӕлгонцы, цонгӕнцайӕнты цур дӕр — фӕйнӕ домбайы фӕлгонцы. Йӕ чъылдымыл сӕрӕй уыди тымбыл ӕмбӕрзӕн конд. Ахӕм диссаджы къӕлӕтджын иунӕг паддзахӕн дӕр нӕ уыд. 21Соломонӕн йӕ нуазӕнтӕ уыдысты сыгъзӕринӕй конд, йӕ ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны дзауматӕ та иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд. Ӕвзист дзаумайӕ йӕм ницы уыд, уымӕн ӕмӕ Соломоны заман ӕвзистӕн ницы кад уыди. 22Паддзахмӕ уыдис, Таршишмӕ цӕуынхъом чи уыд, ахӕм наутӕ, ӕмӕ йын уыдон Хирамы денджызонтимӕ ӕртӕ азӕй ӕртӕ азмӕ ластой сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ пылыстӕг, стӕй маймулитӕ ӕмӕ мӕлхъытӕ. 23Дунейы паддзӕхты’хсӕн Соломоны куырыхон зонд ӕмӕ йӕ хъӕздыгӕн ӕмбал нӕ уыд. 24Алы бӕстӕтӕй йӕм цыдысты йӕ ныхӕстӕм байхъусынмӕ, Хуыцау ын цы куырыхон зонд балӕвар кодта, уый фенынмӕ. 25Афӕдзӕй-афӕдзмӕ-иу ын уыдонӕй алчидӕр ӕрбаласта йӕ лӕвӕрттӕ: ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ, хъӕздыг дарӕстӕ, хӕцӕнгӕрзтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, бӕхтӕ ӕмӕ хӕргӕфсытӕ. 26Соломон ӕртымбыл кодта бирӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ. Тохуӕрдӕттӕ йӕм уыди мин цыппарсӕдӕ, хӕстон бӕхтӕ та — дыууадӕс мины. Дардта сӕ, тохуӕрдӕтты ӕфтауцуатӕн цы сахартӕ сарӕзта, уым, сӕ иу хай та сын ныууагъта йӕхимӕ, Йерусалимы. 27Соломоны заманы ӕвзист Йерусалимы арӕх уыди хуымӕтӕг дурау, кедр та, хохрӕбын цы сикомортӕ зайынц, уыдонау. 28Соломонӕн бӕхтӕ ластой Мысыр ӕмӕ Кувӕйӕ. Уым-иу сӕ бӕлвырд аргъыл балхӕдтой паддзахы сӕудӕджертӕ. 29Тохуӕрдӕттӕ дӕр ластой Мысырӕй, иу уӕрдоны аргъ уыди ӕвзисты ӕхсӕзсӕдӕ шекелы, иу бӕхы аргъ та — ӕвзисты сӕдӕ фӕндзай шекелы. Соломоны сӕудӕджертӕ-иу тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ хеттаг ӕмӕ сириаг паддзӕхтӕм дӕр фӕхӕццӕ кодтой.
Copyright information for
OssIBT2022