‏ 1 Kings 11

Соломон кувы иннӕ адӕмты хуыцӕуттӕм

1Фараоны чызгӕй уӕлдай ма Соломон бауарзта бирӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгты дӕр: моавӕгты, аммонӕгты, едомӕгты, сидойнӕгты, хеттӕгты, 2кӕд ӕмӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн уыцы адӕмты тыххӕй афтӕ фӕдзӕхста, семӕ хӕстӕгдзинад ма бакӕнут, намӕ уӕ ӕнӕмӕнг сӕ хуыцӕуттӕм кувыныл фӕцахуыр кӕндзысты, зӕгъгӕ, уӕддӕр. Фӕлӕ Соломоны зӕрдӕ ӕгӕр уарзӕгой разынд уыцы ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕм. 3Уыди йын авдсӕдӕ усы, уӕздан мыггӕгтӕй, стӕй ӕртӕсӕдӕ номылусы, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ Хуыцаумӕ ӕруазал кодтой. 4Куы базӕронд ис, уӕд ӕй фӕцахуыр кодтой ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувыныл, ӕмӕ йӕ фыд Давидау тынг ӕнувыд уыди Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл, зӕгъгӕ, уый зӕгъӕн дзы нал уыд. 5Соломон райдыдта кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ аммонӕгты ӕлгъаг Милкоммӕ. 6Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттыл бафтыд, йӕ фыд Давидӕй хъауджыдӕр, зӕрдиаг ӕмӕ удуӕлдай лӕггад нал кодта Дунедарӕгӕн.

7Уыцы заман Соломон Йерусалимы скӕсӕнварс хохыл моаваг ӕлгъаг Кемошӕн ӕмӕ аммонаг ӕлгъаг Молохӕн скодта фӕйнӕ кувӕн къуыбыры. 8Ахӕм кувӕн къуыбыртӕ скодта йе’ппӕт ӕндӕрбӕстаг устыты хуыцӕуттӕн дӕр, ӕмӕ сын уыдон уымыты сӕ номыл сыгътой буд ӕмӕ кодтой кусӕрттӕ. 9 10Дунедарӕг уыдӕтты тыххӕй смӕсты ис Соломонмӕ. Кӕддӕр ӕм дыууӕ хатты фӕзынд ӕмӕ йын дыууӕ хатты дӕр бафӕдзӕхста, ӕндӕр хуыцӕуттӕм ма кув, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ныр Соломон Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, уыцы фӕдзӕхст нал ӕххӕст кодта. 11Уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Афтӕ кӕй кӕныс, не’хсӕн цы фидыд уыд, уый кӕй фехӕлдтай ӕмӕ дын цы уагӕвӕрдтӕ радтон, уыдон кӕй не’ххӕст кӕныс, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ паддзахдзинад байсдзынӕн ӕмӕ йӕ дӕ цагъарӕн ратдзынӕн. 12Ӕцӕг дын, дӕ фыд Давиды сӕр нымайгӕйӕ, де’гасӕй нӕ бакӕндзынӕн уыцы хъуыддаг. Дӕ паддзахдзинад дын ратондзынӕн дӕ фырты къухтӕй. 13Фӕлӕ уый къухтӕй дӕр паддзахдзинад ӕнӕхъӕнӕй нӕ байсдзынӕн. Дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕй ма йын иуы ныууадздзынӕн, мӕ цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ, стӕй, Йерусалимы сахар кӕй равзӕрстон, уый фӕрцы».

Хуыцау Соломоны ныхмӕ самидин кодта фыдгулты

14Дунедарӕг Соломонӕн йӕ ныхмӕ сардыдта йе знаджы: Едомы паддзӕхты мыггаджы байзӕддаг Хадады. 15 16 17Кӕддӕр Давид едомӕгтимӕ куы хӕцыд, уӕд ма Хадад чысыл лӕппу уыд ӕмӕ йӕ фыды фӕсдзӕуинтӕй цалдӕримӕ Мысырмӕ алыгъд. Уымӕн ӕмӕ уыцы заман Давиды ӕфсады хицау Йоав араст, Едомы зӕххыл израилаг хӕстонтӕй чи фӕмард, уыдоны мӕрдтӕ баныгӕнынмӕ ӕмӕ йе’фсадимӕ Едомы фӕци ӕхсӕз мӕйы бӕрц, цалынмӕ сын сӕ нӕлгоймӕгты иууылдӕр ныццагъта, уӕдмӕ.

18Хадад йӕ фӕсдзӕуинтимӕ араст ис Мидианӕй, ӕмӕ бахӕццӕ сты Паранмӕ. Уырдыгӕй ма семӕ ракодтой иу къорд лӕджы ӕмӕ ацыдысты фараонмӕ, Мысыры паддзахмӕ. Фараон Хададӕн радта хӕдзар ӕмӕ зӕххы хай, фӕкасти йӕм хӕлцӕй дӕр. 19Фараоны зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыди Хадад, ӕмӕ йын бинойнагӕн радта йӕ ус-ӕхсин Тахпенесы хойы. 20Тахпенесы хо Хададӕн ныййардта фырт, йӕ ном Генуват. Тахпенес бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ хъомыл кӕной фараоны галуаны, ӕмӕ Генуват галуаны царди фараоны фырттимӕ иумӕ.

21Хадад Мысыры фехъуыста, зӕгъгӕ, Давид йӕ фыдӕлты размӕ бацыд, йе’фсады хицау Йоав дӕр амард, ӕмӕ фараонмӕ бахатыд: «Бар мын ратт, ӕмӕ мӕ фыдызӕхмӕ ацӕуон». 22Фараон ӕй бафарста: «Исты хъуаг мӕм ӕййафыс, мыййаг? Цӕмӕн дӕ фӕнды дӕ фыдызӕхмӕ ацӕуын?» Хадад ын дзуапп радта: «Ӕз хъуаг ницӕмӕй ӕййафын, фӕлӕ дӕ уӕддӕр курын, ауадз мӕ».

23Хуыцау Соломоны ныхмӕ сардыдта Елйадайы фырт Резоны дӕр. Уый алыгъд йӕ паддзахӕй — Цовайы паддзах Адад-Езерӕй, 24Давид Адад-Езерӕн йе’фсад куы ныддӕрӕн кодта, уӕд Резон ӕрӕмбырд кодта адӕмы, сӕ балхон сси ӕмӕ иуахӕмы бабырста Дамаскмӕ, бацахста йӕ, ӕмӕ йӕ уым адӕм спаддзах кодтой. 25Афтӕмӕй Резон сси Сирийы паддзах ӕмӕ, цалынмӕ Соломон царди, уӕдмӕ уый дӕр Хададау ӕдзух архайдта Израилы ныхмӕ, кастис ӕм фыдгулы цӕстӕй. 26Соломоны лӕггадгӕнджытӕй дӕр иу, Йоровам, зӕгъгӕ, ефремон, паддзахы ныхмӕ сыстади. Йоровам, Наваты фырт, уыди Цередайы сахарӕй, йӕ фыд ӕгас нал уыд ӕмӕ йӕ мад Цериа царди идӕдзӕй. 27Ныр паддзахы ныхмӕ кӕй фӕци, уымӕн та йӕ хъуыддаг уыди афтӕ. Соломон ногӕй аразын райдыдта Миллойы зылд, ӕмпъызта йӕ фыд Давиды сахары быруйы хуынкъ. 28Йоровам та ӕрыгон, фӕлӕ сӕрӕн лӕг уыд. Ӕмӕ, хъуыддаджы лӕг кӕй у, уый Соломон куы федта, уӕд ӕй Йосеф ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл бегарайы куыстытӕм скодта цӕстдарӕг. 29Уыцы заман Йоровам рацыд Йерусалимӕй, ӕмӕ йыл фӕндагыл, йӕ уӕлӕ ног пӕлӕз, афтӕмӕй амбӕлд Ахийа-пехуымпар, Силомы сахайраг. Сӕхицӕй уӕлдай сӕ разы ничи уыд. 30Ӕмӕ Ахийа йӕ ног пӕлӕз раласта, дыууадӕс хӕцъилыл ӕй аскъуыдтӕ кодта 31ӕмӕ Йоровамӕн загъта: «Адонӕй дӕс хӕцъилы дӕхицӕн айс. Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Ӕз Соломоны къухӕй байсдзынӕн паддзахад ӕмӕ дын дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕй дӕс дӕ къухы бакӕндзынӕн. 32Соломонӕн ма дзы, Мӕ цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ, стӕй, Мӕхицӕн Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты зӕххытӕй цы сахар равзӕрстон, уыцы Йерусалимы сӕраппонд ныууадздзынӕн иу. 33Афтӕ сӕ уый тыххӕй бафхӕринаг дӕн, ӕмӕ Мӕныл сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ райдыдтой кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ Кемошмӕ, моавӕгты хуыцаумӕ, стӕй Милкоммӕ, аммонӕгты хуыцаумӕ. Соломоны фыд Давидӕй хъауджыдӕр адон Мӕ фӕдыл нал цӕуынц, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттӕ нал кӕнынц, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын мӕ амындтытӕ нал ӕххӕст кӕнынц. 34Ӕцӕг, паддзахад Соломонӕн йӕхи къухӕй нӕ байсдзынӕн. Йӕ амӕлӕты бонмӕ йын ӕй ныууадздзынӕн, Мӕ амындтытӕ ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ чи ӕххӕст кодта, кӕй равзӕрстон, Мӕ уыцы цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ. 35Уый фӕстӕ йӕ байсдзынӕн йӕ фырты къухӕй ӕмӕ дзы дӕуӕн ратдзынӕн дӕс хӕдзарвӕндаджы, 36уый фыртӕн та дзы ратдзынӕн иу хӕдзарвӕндаг, цӕмӕй Мӕхицӕн, Мӕ ном дзы цӕра, зӕгъгӕ, кӕй равзӕрстон, уыцы сахар Йерусалимы мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды цырагъ макуы ахуысса. 37Дӕу та Ӕз паддзахӕй ӕвзарын, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзынӕ, цӕуыл дӕ бафӕнда, ууыл цӕудзӕн дӕ бар, ды уыдзынӕ Израилы паддзах. 38Ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уый Мын, Мӕ цагъар Давидау, куы аразай, Мӕ фӕдыл куы цӕуай, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттыл дӕхи куынӕ тигъ кӕнай ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ куы ӕххӕст кӕнай, уӕд дыл ауддзынӕн. Давидау дӕуӕн дӕр дӕ паддзахы хӕдзарвӕндаг сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ, Израил дын бакӕндзынӕн дӕ къухы. 39Давиды байзӕддӕгтӕ мыл сӕхи кӕй атигъ кодтой, уый тыххӕй сӕ бафхӕрдзынӕн, фӕлӕ мыггагмӕ нӕ“».

40Соломон бахъавыд Йоровамы амарынмӕ, фӕлӕ уый ӕвӕстиатӕй алыгъди Мысырмӕ, Мысыры паддзах Шишакмӕ, ӕмӕ Соломоны амӕлӕты бонмӕ царди уым.

Соломоны паддзахиуӕджы кӕрон

41Соломонӕн йӕ иннӕ хабӕрттыл та, йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ куырыхон зондыл дзырдӕуы Соломоны хъуыддӕгты чиныджы. 42Соломон Израилӕн Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта дыууиссӕдз азы. 43Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыд Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Роховам.
Copyright information for OssIBT2022