‏ 1 Kings 12

Паддзах Роховам нӕ байхъуыста зондджын уынаффӕмӕ

1Роховам фӕцыди Шехеммӕ, уымӕн ӕмӕ уырдӕм ӕрӕмбырд сты ӕппӕт Израилы адӕм, цӕмӕй йӕ спаддзах кӕной. 2 3Израилӕгтӕ арвыстой, кӕддӕр паддзах Соломонӕй Мысырмӕ чи алыгъд, уыцы Йороваммӕ дӕр, Наваты фыртмӕ. Уый Мысырӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ ныр уыди Шехемы. Ӕмӕ Йоровам ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты минӕвӕрттӕ бахатыдысты Роховаммӕ: 4«Кӕддӕр ныл дӕ фыд уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, ӕмӕ дӕ курӕм: нӕ куыст нын фӕрогдӕр кӕн, ӕмӕ дын мах лӕггад кӕндзыстӕм». 5Уый сын дзуапп радта: «Ацӕут уал, иннӕбон мӕм ӕрбацӕудзыстут».

Адӕм куы ацыдысты,
6уӕд паддзах Роховам бафарста, йӕ фыд Соломонӕн йӕ заманы чи лӕггад кодта, уыцы фӕлтӕрдджын хистӕрты: «Исты-ма мын зӕгъут! Цы дзуапп раттон ацы адӕмӕн?» 7Уыдон ын загътой: «Абон сын ды лӕггадгӕнӕг куы суай ӕмӕ сӕ лӕгъз ныхасӕй куы барӕвдауай, уӕд дын цӕрӕнбонты уыдзысты иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ».

8Фӕлӕ Роховам ницӕмӕ ӕрдардта хистӕрты уынаффӕ ӕмӕ бафарста йе’мгар лӕппуты, кӕимӕ сырӕзт ӕмӕ йын ныр лӕггад чи кодта, уыдоны: 9«Сымах та мын цы бауынаффӕ кӕндзыстут? Цы зӕгъон ацы адӕмӕн? Курынц мӕ, цӕмӕй сын фӕрогдӕр кӕнон, мӕ фыд сыл цы уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, уый». 10Йе’мгӕрттӕ йын дзуапп радтой: «Дӕ фыд ныл цы уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, уый нын фӕрогдӕр кӕн, зӕгъгӕ дын цы адӕм дзурынц, уыдонӕн афтӕ зӕгъ: „Мӕ кӕстӕр ӕнгуылдз мӕ фыды агъдӕй ставддӕр у, 11ӕмӕ уыл кӕд мӕ фыд уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, уӕд уын ӕй ӕз та ноджы фӕуӕззаудӕр кӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕфхӕрдта хуымӕтӕг ехсытӕй, ӕз та уӕ ӕфхӕрдзынӕн сындзджын ехсытӕй“».

12Ӕртыккаг бон Йоровам ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕ ӕрбацыдысты паддзах Роховаммӕ, ныхасгонд куыд уыдысты, афтӕ. 13Ӕмӕ сын паддзах радта цӕхгӕр дзуапп. Хистӕрты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта, 14фӕлӕ байхъуыста йе’мгӕртты уынаффӕмӕ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Мӕ фыд уыл уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдта, ӕз та уын ӕй ноджы уӕззаудӕр фӕкӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕфхӕрдта хуымӕтӕг ехсытӕй, ӕз та уӕ ӕфхӕрдзынӕн сындзджын ехсытӕй.

15Паддзахмӕ адӕмы курдиат нӕ бахъардта, уымӕн ӕмӕ уый Дунедарӕджы фӕндон уыд. Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Дунедарӕг силомаг Ахийайы уылты Наваты фырт Йоровамӕн цы ныхас загъта, уый».

Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ куыд байуӕрстой

16Израилы адӕм куы федтой, паддзах сын сӕ курдиат ницӕмӕ дары, уый, уӕд ын загътой: «Чи нын у ныр Давид? Цы ма нын ис иумӕйагӕй Йессейы фыртимӕ? Ныххӕлиу ут уӕ цатыртӕм, Израилы адӕм! Ныр сӕ мыггаг сӕхи бар уӕд Давиды байзӕддагӕн!»

Ӕмӕ Израилы адӕм аздӕхтысты сӕ цатыртӕм.
17Ӕрмӕст, Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы сахарты цы израилӕгтӕ царди, уыдонӕн паддзахӕй баззади Роховам.

18Паддзах Роховам йӕ хъалонисӕг ӕмӕ бегарайы кусджыты хицау Адорамы хъалон исынмӕ куы арвыста, уӕд ыл Израилы адӕм дуртӕй ралӕууыдысты ӕмӕ йӕ амардтой. Паддзах Роховам йӕхӕдӕг та уайсахат хӕцӕн уӕрдоны баппӕрста йӕхи ӕмӕ алыгъди Йерусалиммӕ. 19Афтӕ фӕтӕригъӕдджын Израил, Давиды хӕдзарвӕндагыл йӕхи куы атигъ кодта, уӕд, ӕмӕ ныронг дӕр уӕрст сты.

20Израилы хӕдзарвӕндӕгты адӕм иууылдӕр базыдтой, Йоровам Мысырӕй кӕй ӕрбаздӕхт, уый, фӕдзырдтой йӕм се’хсӕнады ӕмбырдмӕ ӕмӕ йӕ спаддзах кодтой сӕхицӕн. Паддзах Давиды байзӕддагыл ма иузӕрдионӕй баззад ӕрмӕстдӕр Иудӕйы хӕдзарвӕндаг.

21Роховам куыддӕр Йерусалиммӕ бахӕццӕ ис, афтӕ Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ ӕстай мин ӕвзаргӕ хӕстоны, цӕмӕй Израилимӕ схӕцой ӕмӕ Соломоны фыртӕн йӕ паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къухы бакӕной.

22Хуыцау пехуымпар Шемайайӕн загъта: 23«Соломоны фырт Роховамӕн, Иудейы паддзахӕн, стӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгты адӕмӕн, ноджы ма, израилӕгтӕй Иудейы чи баззад, уыдонӕн се’ппӕтӕн дӕр зӕгъ!» 24Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ма схӕцут уе’фсымӕртимӕ, Израилы адӕмимӕ! Алчидӕр уӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ, цыдӕриддӕр ӕрцыд, уый уыди Мӕ фӕндон!»

Адӕм байхъуыстой Дунедарӕджы ныхасмӕ ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты.

25Йоровам Ефремы къуылдымтыл рацарӕзта Шехемы сахар ӕмӕ уым ӕрцард. Фӕстӕдӕр уырдыгӕй рацыд ӕмӕ рацарӕзта сахар Пенуел. 26Йӕхинымӕр дзырдта: «Куы ницы базмӕлон, уӕд, чи зоны, ӕмӕ паддзахад ногӕй бахауа Давиды байзӕддаджы къухмӕ. 27Ацы адӕм нывӕндтӕ хӕссыны охыл Йерусалиммӕ куы цӕуой, Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ, уӕд сӕ зӕрдӕ фӕфӕлмӕн уыдзӕни сӕ бардарӕг Роховаммӕ, иудейаг паддзахмӕ, ӕмӕ мӕн амардзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзысты уымӕ».

28Паддзах бауынаффӕ кодта ӕмӕ скӕнын кодта дыууӕ сыгъзӕрин уӕныджы, стӕй адӕмӕн загъта: «Йерусалиммӕ цӕуыны сӕр уӕ нал хъӕуы, Израилы адӕм. Мӕнӕ уын, Мысыры зӕххӕй уӕ чи ракодта, уӕ уыцы Хуыцауы фӕлгонцтӕ!»

29Йоровам иу уӕныг сӕвӕрдта Вефилы, иннӕ та — Даны. 30Ӕмӕ йӕ уыцы ми расайдта тӕригъӕдтӕ. Адӕм уӕнгуытӕн сӕ иумӕ кувынмӕ цыдысты Данмӕ. 31Йоровам ма уыдонӕй уӕлдай скодта кувӕн къуыбыртӕ, уыдоныл та кувӕндӕттӕ ӕмӕ сын сауджынтӕ сӕвӕрдта Левийы байзӕддагӕй нӕ, фӕлӕ хуымӕтӕг адӕмӕй. 32Ӕстӕм мӕйы фынддӕсӕм бон снысан кодта бӕрӕгбон, иудейаг бӕрӕгбон фӕзмгӕйӕ, ӕмӕ Даны нывондхӕссӕныл ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ. Афтӕ бакодта Вефилы дӕр, цы уӕнгуытӕ скӕнын кодта, уыдонӕн ӕрхаста нывӕндтӕ. Вефилы цы кувӕн къуыбыртӕ скодта, уыдонӕн сӕвӕрдта, йӕхӕдӕг кӕй снысан кодта, уыцы сауджынты. 33Йӕхи фӕндӕй кӕй снысан кодта, ӕстӕм мӕйы фынддӕсӕм бон, уыцы бон Израилы адӕмӕн Вефилы скодта бӕрӕгбон, уым цы нывондхӕссӕн сарӕзта, ууыл ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ. Афтӕмӕй-иу нывондхӕссӕны цурмӕ бацыд йӕхӕдӕг, нывӕндтӕ йыл ӕрхӕссынмӕ ӕмӕ йыл буд басудзынмӕ.
Copyright information for OssIBT2022