‏ 1 Kings 13

Иудейаг пехуымпар Вефилы ӕргом кӕны Хуыцауы фӕндон

1Йоровам нывӕндтӕ ӕрхӕссыны охыл нывондхӕссӕны цур куыд лӕууыд, афтӕ Иудейӕ Вефилмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ, ӕрбацыд иу пехуымпар, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг. 2Нывондхӕссӕны’рдӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй ныхъхъӕр кодта: «Нывондхӕссӕн, нывондхӕссӕн! Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Давиды хӕдзарвӕндаджы рантысдзӕни фырт, йӕ ном — Иосиа. Ӕмӕ дыл уый нывондӕн ӕрхӕсдзӕни кувӕн къуыбырты сауджынты, дӕуыл нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыдоны, басудздзӕни дыл адӕймӕгты стджытӕ».

3Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг тӕккӕ уыцы бон равдыста нысан. Загъта: «Мӕнӕ, ацы ныхас Дунедарӕг кӕй загъта, уый нысан: ныртӕккӕ ацы нывондхӕссӕн ныппырх уыдзӕн ӕмӕ, йӕ уӕлӕ цы сойдзыд фӕнык ис, уый ӕркӕлдзӕн».

4Паддзах Йоровам, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Вефилы нывондхӕссӕны тыххӕй цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм нывондхӕссӕны цурӕй йӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ загъта: «Хӕцут ыл!»

Фӕлӕ йӕ къух ӕвиппайды ныхъхъӕдӕг ис ӕмӕ бандзыг, ӕрбатасын ын нал куымдта.
5Нывондхӕссӕн афасти, йӕ сойдзыд фӕнык йӕ сӕрӕй ракалд, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст ис, Дунедарӕджы ныхасӕй Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг цы нысан загъта, уый. 6Уӕд паддзах Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн загъта: «Дунедарӕг Хуыцауы зӕрдӕ мӕм фӕфӕлмӕн кӕн, бакув Ӕм мӕн тыххӕй, цӕмӕй мын мӕ къух фӕстӕмӕ сдзӕбӕх кӕна ӕмӕ та мын тасын райдайа».

Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ та паддзахӕн йӕ къух раздӕрау йӕ коммӕ кӕсын райдыдта.
7Паддзах Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн загъта: «Мидӕмӕ мӕм саккаг кӕн ӕмӕ мын мӕ цӕхх, мӕ къӕбӕрӕй саход. Ноджы ма дын исты лӕвар дӕр ратдзынӕн».

8Фӕлӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг паддзахӕн загъта: «Дӕ паддзахады ӕмбис мын куы дӕттай, уӕддӕр дӕм нӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ ацы бынаты дӕ къӕбӕрӕй дӕр ӕмӕ дӕ донӕй дӕр нӕ саходдзынӕн, 9уымӕн ӕмӕ мын Дунедарӕг бафӕдзӕхста, уыцы ран мадӕр къӕбӕры, мадӕр доны хъӕстӕ фӕу, фӕстӕмӕ дӕр-иу, уырдӕм цы фӕндагыл бацыдтӕ, уыцы фӕндагыл ма рацу, зӕгъгӕ».

10Ӕмӕ Вефилӕй сӕхимӕ ӕндӕр фӕндагыл аздӕхт.

Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕмӕ израилаг пехуымпар

11Вефилы царди иу зӕронд пехуымпар. Йӕ фырттӕ йӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йын радзырдтой, уыцы бон Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Вефилы цы бакодта ӕмӕ паддзахӕн цы загъта, уыдӕттӕ. 12Сӕ фыд сӕ бафарста: «Кӕцы фӕндагыл ацыди?»

Йӕ фырттӕ йын бацамыдтой, Иудейӕ чи ӕрбацыд, уыцы адӕймаг, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, цы фӕндагыл аздӕхти, уый.
13Уӕд сын загъта: «Хӕрӕг-ма мын сифтындзут!» Хӕрӕг ын куы сивтыгътой, уӕд ыл пехуымпар сбадти 14ӕмӕ араст ис Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы фӕдыл. Баййӕфта йӕ тулдзы бын бадгӕ ӕмӕ йӕ бафарста: «Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ды дӕ, Иудейӕ чи ӕрбацыд, уый?» Дзуапп ын радта: «О, ӕз дӕн». 15Бахатыд ӕм: «Мӕ хӕдзармӕ саккаг кӕн ӕмӕ мын мӕ цӕхх, мӕ къӕбӕр фен». 16Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ын загъта: «Мӕ бон нӕу раздӕхын демӕ, уымӕн ӕмӕ мын ацы бынаты къӕбӕр хӕрӕн дӕр ӕмӕ дон нуазӕн дӕр нӕй. 17Дунедарӕг мын загъта, уыцы ран мадӕр къӕбӕры, мадӕр доны хъӕстӕ фӕу, фӕстӕмӕ дӕр-иу, уырдӕм цы фӕндагыл бацыдтӕ, уыцы фӕндагыл ма рацу, зӕгъгӕ».

18Зӕронд лӕг та йын загъта: «Ӕз дӕр пехуымпар дӕн дӕуау. Дунедарӕджы дзырдӕй мын зӕд бафӕдзӕхста, дӕ хӕдзармӕ йӕ бахон ӕмӕ къӕбӕр дӕр бахӕрӕд ӕмӕ дон дӕр бануазӕд, зӕгъгӕ».

Асайдта йӕ,
19ӕмӕ уӕд уый йемӕ раздӕхт ӕмӕ йын йӕ хӕдзары хӕргӕ дӕр бакодта ӕмӕ нуазгӕ дӕр. 20Фынгыл ма куыд бадтысты, афтӕ, фӕстӕмӕ йӕ чи раздӕхта, уыцы пехуымпары дзыхы Дунедарӕг бавӕрдта йӕ ныхас, 21ӕмӕ уый ныхъхъӕр кодта йӕ иудейаг уазӕгыл: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг! Дунедарӕджы коммӕ кӕй нӕ бакастӕ, цы дын бафӕдзӕхста, уый кӕй нӕ сӕххӕст кодтай, 22фӕстӕмӕ кӕй раздӕхтӕ ӕмӕ дын Дунедарӕг цы бынатӕй загъта, мадӕр дзы хӕргӕ бакӕн, мадӕр нуазгӕ, зӕгъгӕ, уым хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй бакодтай, уый тыххӕй дӕ мард дӕ фыдӕлты зӕппадзы ӕвӕрд не’рцӕудзӕн!»

23Хӕрд ӕмӕ нозт куы ахицӕн сты, уӕд фысым Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн йӕ хӕрӕг балӕвар кодта, сифтыгъта йын ӕй, 24ӕмӕ уазӕг адардта йӕ фӕндаг. Иу ран Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгыл иу домбай йӕхи ныццавта ӕмӕ йӕ амардта, ӕмӕ йӕ мард фӕндагыл баззад. Хӕрӕг ӕмӕ домбай дӕр лӕууыдысты йӕ разы. 25Йӕ рӕзты чи фӕцӕйцыд, уыдон федтой марды дӕр ӕмӕ йӕ цуры домбайы дӕр, ӕмӕ, зӕронд пехуымпар цы сахары царди, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд уыцы хабар радзырдтой. 26Фӕндагӕй йӕ чи раздӕхта, уыцы пехуымпар хабар куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уый, Дунедарӕгмӕ чи нӕ байхъуыста, уыцы Хуыцауы ӕвзӕрст адӕймаг у. Дунедарӕг ӕй домбайы амӕттаг бакодта, ӕмӕ йӕ уый Дунедарӕджы дзырдӕй аргӕвста».

27Пехуымпар йӕ фырттӕн загъта: «Хӕрӕг мын сифтындзут».

Сифтыгътой йын ӕй,
28ӕмӕ лӕг араст ӕмӕ фӕндагыл ссардта марды, йӕ цуры лӕууыдысты хӕрӕг ӕмӕ домбай. Домбай марды дӕр нӕ бахордта, хӕрӕджы дӕр нӕ аргӕвста. 29Ӕмӕ пехуымпар хӕрӕджы рагъмӕ сӕргъӕвта Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы мард ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ аласта Вефилмӕ, фӕхъыг ыл кодта 30ӕмӕ йӕ бавӕрдта йӕхи зӕппадзы, фӕкуыдта йыл, оххай-гъе, ме’фсымӕр, зӕгъгӕ. 31Уый фӕстӕ йӕ фырттӕн бафӕдзӕхста: «Куы амӕлон, уӕд мӕн дӕр ацы зӕппадзы бавӕрут, ацы Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы стджыты фарсмӕ-иу мын ӕрӕвӕрут ме стджытӕ. 32Уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, уый Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Вефилы нывондхӕссӕны тыххӕй ӕмӕ, Самарийы сахарты цы мӕнг кувӕндӕттӕ ис, ӕппӕт уыдоны тыххӕй цы загъта, уый».

Йоровам не’рфӕсмон кодта йӕ тӕригъӕдтыл

33Уыцы хабары фӕстӕ дӕр Йоровам йӕ галиу митӕ нӕ ныууагъта. Бынӕттон кувӕндӕттӕн-иу адӕмӕй сауджын суын кӕйдӕриддӕр бафӕндыд, уый-иу сӕвӕрдта сауджынӕй. 34Ӕмӕ уыцы хъуыддаг тӕригъӕды ӕппӕрста Йоровамы мыггаджы, сӕфтмӕ йӕ кодта, бынсӕфт-быныскъуыдмӕ йӕ тардта.
Copyright information for OssIBT2022