‏ 1 Kings 15

Иудейы паддзах Авиам

1Наваты фырт Йоровамы паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз Иудейӕн паддзах сси Авиам. 2Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕртӕ азы. Йӕ мад уыди Авессаломы чызг Мааха. 3Авиам алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ размӕ йӕ фыды тӕригъӕдджын митӕ. Йӕ фыдӕл Давиды хуызӕн иузӕрдион нӕ уыди Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл. 4Фӕлӕ йын уӕддӕр Дунедарӕг Хуыцау йӕ паддзахы хӕдзарвӕндаджы цырагъ ахуыссын нӕ бауагъта, йӕ фӕстӕ йын паддзах скодта йӕ фырты ӕмӕ бахъахъхъӕдта Йерусалим. Уыдӕттӕ бакодта Давиды сӕр нымайгӕйӕ, 5уымӕн ӕмӕ Давид арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Уый йын цы бафӕдзӕхста, уыдонӕй цӕрӕнбонты ницы фехӕлдта, хеттаг Уриайӕн цы бакодта, уымӕй дарддӕр.

6Роховам ӕмӕ Йоровамы’хсӕн цы хӕстытӕ райдыдтой, уыдон цыдысты, цалынмӕ Авиам паддзахиуӕг кодта, уӕдмӕ.

7Авиамы иннӕ хъуыддӕгтӕ, цыдӕриддӕр бакодта, уыдон, фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». Авиам ӕмӕ Йоровамы’хсӕн цыди хӕстытӕ. 8Авиам куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Аса.

Иудейы паддзах Аса

9Израилы паддзах Йоровамы паддзахиуӕджы ссӕдзӕм аз Иудейӕн паддзах сси Аса. 10Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Йӕ фыдымад уыди Авессаломы чызг Мааха.

11Аса, йӕ фыдӕл Давидау, арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. 12Йӕ зӕххӕй фӕсырдта муртаттаг кувӕндӕтты кусӕг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг хъахбайты, аппӕрста, йӕ фыдӕлтӕ цы хуыцаугӕндтӕ скодтой, уыдон. 13Суанг ма йӕ фыдымад Маахайӕн дӕр айста йӕ ус-паддзахы кады ном, Ашерӕйы ӕлгъаг гуымиры кӕй саразын кодта, уый тыххӕй. Аса бардзырд радта, цӕмӕй уыцы гуымирыйы акъуырой ӕмӕ йӕ Кедроны тӕрфы басудзой. 14Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта. Фӕлӕ уӕддӕр Аса цӕрӕнбонты иузӕрдион уыди Дунедарӕгыл. 15Аса Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бахаста, йӕ фыд дӕр ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр Кувӕндонӕн цы снывонд кодтой, уыдон: ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ алы дзауматӕ.

16Аса цӕрӕнбонты хӕцыди Израилы паддзах Баасаимӕ. 17Иуахӕмы Израилы паддзах Бааса бабырста Иудеймӕ ӕмӕ уым Рамайы сахары аразын райдыдта фидар, цӕмӕй, ууылты Иудейы паддзах Асамӕ цы фӕндаг цӕуы, уый ӕрӕхгӕна ӕмӕ йыл дыууӕрдӕм дӕр цӕуӕн мауал уа. 18Уӕд Аса йӕ минӕвӕртты арвыста Дамаскмӕ, Сирийы паддзах Бен-Хададмӕ, Хезионы фырт Тавримоны фыртмӕ. Минӕвӕрттимӕ йын арвыста лӕвӕрттӕ, Кувӕндон ӕмӕ галуаны хӕзнадӕтты ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Сирийы паддзахӕн зӕгъой: 19«Демӕ мӕ фӕнды цӕдис скӕнын, мӕ фыд ӕмӕ дӕ фыды’хсӕн куыд уыдис, афтӕ. Цӕдисы нысанӕн дын ӕрвитын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины лӕвӕрттӕ ӕмӕ дӕ курын: Израилы паддзах Баасаимӕ дӕ цӕдис фехал ӕмӕ бацархай, цӕмӕй мӕ арӕнтӕй айса йӕхи». 20Бен-Хадад сразы ис паддзах Асайы фӕндоныл ӕмӕ йе’фсӕдтӕ арвыста Израилы ныхмӕ. Уыдон бацахстой Израилы сахартӕ Ийон, Дан, Авел-Бет-Мааха, уыимӕ Неффалимы хӕдзарвӕндаджы ӕппӕт зӕхх, стӕй Киннереты алыварс зӕххытӕ иууылдӕр. 21Бааса уыцы хабар куы базыдта, уӕд ныууагъта Рамайы фидар аразын ӕмӕ аздӕхти Тирцайы сахармӕ.

22Ныр паддзах Аса та фӕдзырдта иудейӕгтӕм се’ппӕтмӕ дӕр, фӕстаг лӕджы онг иууылдӕр куыд ӕрбацӕуой, афтӕ. Рамайы сахарӕй сын рахӕссын кодта, Бааса фидар аразынӕн дурӕй, хъӕдӕй цыдӕриддӕр ӕрмӕг ӕрцӕттӕ кодта, уыдон ӕмӕ уыцы ӕрмӕгӕй ногӕй рацарӕзта, Бениамины зӕххыл цы сахартӕ уыд, уыдон — Гевӕ ӕмӕ Мицпа.

23Асайы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, йе’хсар, цы сгуыхтдзинӕдтӕ равдыста ӕмӕ цы сахартӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». Зӕрондырдӕм йӕ къӕхтӕ риссын байдыдтой, ӕмӕ цӕуынхъом нал уыд. 24Аса куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иосафат.

Израилы паддзах Надав — Йоровамы мыггаджы фӕстаг паддзах

25Йоровамы фырт Надав Израилы паддзах сси иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы дыккӕгӕм аз. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы. 26Йӕ фыдау уый дӕр, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, фӕзмыдта йӕ фыды тӕригъӕдджын митӕ, Йоровам Израилы адӕмы цы тӕригъӕдты бафтыдта, уыдон.

27Ахийайы фырт Бааса, Иссахары хӕдзарвӕндагӕй, йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта ӕмӕ йӕ амардта филистимаг сахар Гиббетоны цур, Надав ӕмӕ ӕгас Израил сахарыл куы ӕрхъула кодтой, уыцы заман. 28Бааса йӕ амардта ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕртыккӕгӕм аз. 29Бааса паддзах куы сси, уӕд Йоровамы мыггаг ныццагъта, иуы дӕр дзы нал ныууагъта, Дунедарӕг йӕ лӕггадгӕнӕг силомаг Ахийайы уылты куыд загъта, афтӕ. 30Уыцы карз ӕфхӕрд сыл ӕрцыдис, Йоровам тӕригъӕдджын хъуыддӕгтыл хӕст кӕй уыди, Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕдтыл кӕй бафтыдта ӕмӕ уымӕй Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, кӕй смӕсты кодта, уый тыххӕй.

31Надавы иннӕ хабӕрттӕ, цыдӕриддӕр бакодта, уыдон фыст ӕрцыдысты «Израилы паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 32Аса ӕмӕ Израилы паддзах Баасайы’хсӕн ӕдзух цыди хӕстытӕ.

Израилы паддзах Баасайы тыххӕй

33Иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕртыккӕгӕм аз Ахийайы фырт Бааса Тирцайы сахары сси Израилы паддзах ӕмӕ йын паддзахиуӕг фӕкодта цыппар ӕмӕ ссӕдз азы. 34Бааса кодта, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ, фӕзмыдта, Израилы адӕмы тӕригъӕдты чи бафтыдта, уыцы тӕригъӕдджын Йоровамы.
Copyright information for OssIBT2022