1 Kings 16
1Иуахӕмы Дунедарӕг Хананийы фырт Йегуйӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕй Баасайӕн зӕгъа: 2«Ницӕйаг уыдтӕ, уӕддӕр дӕ скодтон Мӕ адӕмы, Израилы, фӕтӕг. Фӕлӕ ды бафӕзмыдтай Йоровамы, Мӕ адӕмы Мын тӕригъӕдты бафтыдтай, цӕмӕй Мӕ мӕсты кӕной сӕ тӕригъӕдтӕй. 3Уымӕ гӕсгӕ Ӕз мыггагыскъуыд фӕкӕндзынӕн Баасайы дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты дӕр. Наваты фырт Йоровамы мыггаджы куыд бафхӕрдтон, афтӕ йын йӕ мыггаг дӕр бафхӕрдзынӕн. 4Баасайы мыггагӕй сахары мидӕг чи амӕла, уыдон куыйты хӕринаг бауыдзысты, фӕссахар чи амӕла, уыдоны та тугдзых мӕргътӕ бахӕрдзысты». 5Баасайы иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе’хсар ӕмӕ йе сгуыхтытӕ фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 6Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, Тирцайы сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ела. 7Ацы рагуац ныхас Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Хананийы фырт Йегу загъта Бааса ӕмӕ йӕ мыггаджы ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ Бааса, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдӕттӕ кодта, Йӕ хъуыддӕгтӕй Йӕ ӕфхӕрдта, Йоровамы тӕригъӕдтӕ кӕй фӕзмыдта, стӕй ма ноджы Йоровамы мыггаг кӕй ныццагъта, уый тыххӕй.Израилы паддзах Ела — Баасайы мыггаджы фӕстаг паддзах
8Иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдзӕм аз Баасайы фырт Ела Тирцайы сахары сси Израилы паддзах. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы. 9Йӕ ныхмӕ йын сусӕгвӕнд скодта йе’фсады хицау Зимри. Уый уыди йӕ тохуӕрдӕтты ӕфсадӕн йе’мбисы хицау. Паддзах Тирцайы сахары, йе’ппӕт исбон дӕр кӕй бӕрны уыд, уыцы Арцайы хӕдзары куы фӕрасыг, 10уӕд ӕм Зимри бацыд ӕмӕ йӕ амардта. Уыцы хъуыддаг ӕрцыд иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы авд ӕмӕ ссӕдзӕм аз, ӕмӕ Елайы амӕлӕты фӕстӕ Зимри сси Израилы паддзах. 11– 12Паддзахы бынат куы бацахста, уӕд ныццагъта Баасайы мыггаг. Иу нӕлгоймаг дӕр дзы удӕгасӕй нал ныууагъта, Дунедарӕг Баасайы тыххӕй пехуымпар Йегуйы уылты куыд загъта, афтӕ. Зимри йын амардта суанг йӕ хионтӕ ӕмӕ йӕ лымӕнты дӕр. 13Ахӕм карз ӕфхӕрд сыл ӕрцыдис Бааса ӕмӕ йӕ фырт Елайы тӕригъӕдты аххосӕй, ноджы ма, Израилы адӕмы тӕригъӕдты кӕй бафтыдтой ӕмӕ Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, сӕ ницӕйаг гуымирытӕй кӕй смӕсты кодтой, уый тыххӕй. 14Елайы иннӕ хабӕрттӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».Израилы паддзахы бадӕн бацахсыныл тох
15Иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы авд ӕмӕ ссӕдзӕм аз Тирцайы сахары Израилы паддзах сси Зимри. Йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста авд боны. Уыцы заман Израилы ӕфсад лӕууыди филистимаг сахар Гиббетоны ныхмӕ. 16Ӕмӕ Зимри паддзах Елайы ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта ӕмӕ йӕ амардта, уый куы фехъуыстой, уӕд, кӕм ӕй амардта, уыцы ран тӕккӕ уыцы бон Израилы ӕфсад сӕхицӕн паддзахӕй расидтысты сӕ хицау Амрийы. 17– 18Амри йе’ппӕт ӕфсадимӕ Гиббетоны цурӕй абырста Тирцайы’рдӕм. Сахарыл ӕрхъула кодта ӕмӕ йӕ куы бацахста, уӕд Зимри паддзахы галуаны гӕнахмӕ балыгъд, арт бандзӕрста галуаныл ӕмӕ дзы йӕхӕдӕг дӕр басыгъд. 19Уыцы бӕллӕх ыл ӕрцыд йӕ тӕригъӕдты аххосӕй, Дунедарӕджы раз ӕнӕраст митӕ кӕй кодта, уый тыххӕй. Фӕзмыдта Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ, уый Израилы адӕмы цы тӕригъӕдты бафтыдта, уыдон. 20Зимрийы сусӕгвӕнд, стӕй ма ноджыдӕр, цы хъуыддӕгтӕ бакодта, уыдон фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 21Израилы адӕм дыууӕ дихы фесты. Сӕ иу ӕмбис паддзахӕй расидинаг уыдысты Гинаты фырт Тивнийы, иннӕ ӕмбис та — Амрийы. 22Амрийы фарсхӕцджытӕ фӕуӕлахиз сты, Гинаты фырт Тивнийы фарс чи хӕцыди, уыдоныл, ӕмӕ, Тимни куы фӕмард ис, уӕд Израилӕн паддзах сси Амри.Израилы паддзах Амри
23Амри Израилы паддзах сси Иудейы паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕртын фыццӕгӕм аз. Паддзахиуӕг кодта дыууадӕс азы, уыдонӕй фыццаг ӕхсӕз азы — Тирцайы сахары. 24Амри Семерӕй ӕвзисты дыууӕ талантӕй балхӕдта Самарийы къуылдым, сарӕзта йыл сахар ӕмӕ йӕ схуыдта Самари, йӕ раздӕры хицау Семеры номыл. 25Амри дӕр кодта, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ. Йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй ноджы фыддӕр фыдгӕнӕг разынд. 26Алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ, уый Израилы адӕмы цыдӕриддӕр тӕригъӕдты бафтыдта, уыдон, ӕмӕ Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, смӕсты кодта йӕ ницӕйаг гуымирытӕй. 27Амрийы иннӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йе сгуыхтытӕ фыст ӕрцыдысты «Израилы паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 28Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, Самарийы сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахав.Израилы паддзах Ахав
29Амрийы фырт Ахав Израилы паддзах сси иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕртын ӕстӕм аз. Самарийы сахары Израилӕн паддзахиуӕг фӕкодта дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы. 30Амрийы фырт Ахав дӕр, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ арӕзта. Йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй басгуыхти ноджы фыддӕр фыдгӕнӕг. 31Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ кӕй фӕзмыдта, уый йын ӕгъгъӕд нӕ уыди, фӕлӕ ма ракуырдта сидойнӕгты паддзах Етбаалы чызг Иезавелы ӕмӕ кувын байдыдта Баалӕн. 32Уымӕн Самарийы цы кувӕндон сарӕзта, уым ын скодта нывондхӕссӕн дӕр. 33Ноджы ма скодта Ашерӕйы цӕджындз дӕр. Йӕ размӕ Израилӕн цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй ноджы тынгдӕр агайдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, маст. 34Ахавы паддзахиуӕджы заман Вефилы сахайраг Хиел ногӕй рацарӕзта Йерихоны сахар. Сахарӕн йӕ бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд амарди йӕ фыццаг фырт Авирам, кулдуар ын куы скодта, уӕд та — йӕ кӕстӕр фырт Сегув, кӕддӕр Дунедарӕг Нуны фырт Йешуайы уылты куыд загъта, афтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022