‏ 1 Kings 17

Пехуымпар Илийайы рагуац хус рӕстӕджы тыххӕй

1Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».

Дунедарӕг ауды Илийайыл

2Дунедарӕг Илийайӕн загъта: 3«Дӕ сӕр бафснай. Ацу скӕсӕнӕрдӕм, Иорданы фалемӕ, ӕмӕ уым къададон Кериты былгӕрон дӕхи бамбӕхс. 4Йӕ донӕй йын сӕтдзынӕ дӕ дойны, сынтытӕн та Ӕз бафӕдзӕхстон, ӕмӕ дын хӕринаг хӕсдзысты уырдӕм».

5Илийа Дунедарӕгмӕ байхъуыста, Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызт ӕмӕ царди Кериты былгӕрон. 6Сынтытӕ йын уырдӕм ӕрвылрайсом ӕмӕ ӕрвылизӕр хастой дзул ӕмӕ дзидза. Кериты донӕй та Илийа саста йӕ дойны.

7Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Кериты къада бахуыскъ, уымӕн ӕмӕ къӕвдатӕ нал уарыд. 8Дунедарӕг та Илийайӕн загъта: 9«Ацу сидойнаг сахар Сарептӕмӕ ӕмӕ уал уым цӕр. Ӕз уым иу идӕдз усӕн загътон, ӕмӕ дӕ уый хӕрд ӕмӕ нозтӕй цух нӕ уадздзӕн».

10Ӕмӕ Илийа уырдыгӕй араст ис Сарептӕмӕ. Сахары кулдуармӕ куы бахӕццӕ, уӕд дын кӕсы, ӕмӕ уым иу сылгоймаг артӕн каухалӕнтӕ ӕмбырд кӕны. Фӕдзырдта йӕм ӕмӕ йын загъта: «Истӕм-ма мын дон рахӕсс ӕмӕ бануазон».

11Ус куы фӕцӕйуад, уӕд ма йӕ фӕстӕ адзырдта: «Иу дзулы къӕбӕр дӕр ма мын-иу райс демӕ». 12Уый йын загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, къӕбӕры мур мӕм нӕй. Ӕрмӕстдӕр мӕм дурыны мидӕг ис иу армыдзаг ссад, хъуырауы мидӕг та — иу чысыл сой. Ӕмӕ мӕнӕ суджы дыууӕ лыггаджы ахӕссон, фӕстаг хӕринаг скӕнон мӕхицӕн ӕмӕ мӕ лӕппуйӕн, стӕй амӕлдзыстӕм». 13Илийа йын загъта: «Ацу ӕмӕ скӕн, цы загътай, уый. Ӕрмӕст уал фыццаг мӕнӕн иу гыццыл сойыфых акӕн ӕмӕ мын ӕй ардӕм рахӕсс. Дӕхицӕн ӕмӕ дӕ лӕппуйӕн та уый фӕстӕ скӕндзынӕ. Мацӕмӕй тӕрс, 14уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Ссады дурын не сафтид уыдзӕни ӕмӕ сой дурыны нӕ фӕкъаддӕр уыдзӕни, цалынмӕ Дунедарӕг зӕхмӕ къӕвда рауадза, уӕдмӕ“». 15Сылгоймаг ацыд ӕмӕ йын Илийа куыд загъта, афтӕ бакодта. Ӕмӕ афтӕмӕй се’ртӕ дӕр цасдӕр рӕстӕджы дӕргъы хӕрдхъуаг нӕ уыдысты.

16Дурыны ссад нӕ куынӕг кодта, хъуырауы дӕр сой нӕ къаддӕр кодта, Дунедарӕг Илийайы уылты куыд загъта, афтӕ.

Пехуымпар Илийа райгас кодта идӕдзы лӕппуйы

17Иуахӕмы идӕдз усӕн, Илийайы фысымӕн, йӕ лӕппу фӕрынчын ис. Низ ыл бынтондӕр стыхджын, ӕмӕ куынӕуал улӕфыд, 18уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй, Хуыцауы минӕвар? Мӕ тӕригъӕдтӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынмӕ ӕрбацыдтӕ ӕмӕ мӕ лӕппуйы амарынмӕ?» 19Илийа йын загъта: «Ӕри-ма мӕм дӕ лӕппуйы».

Ӕмӕ йын лӕппуйы йӕ хъӕбысӕй райста, пехуымпарӕн уӕлхӕдзары цы хатӕн уыд, уырдӕм ӕй систа, уым ӕй йӕ сынтӕгыл ӕрӕвӕрдта
20ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Ау, мӕн чи суазӕг кодта, уыцы идӕдз усы бафхӕрдзынӕ, йӕ лӕппуйы йын амардзынӕ?»

21Ӕртӕ хатты дӕлгоммӕ ӕрфӕлдӕхти сабийыл ӕмӕ-иу алы хатт дӕр скуывта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Ацы сабийӕн йӕ уд фӕстӕмӕ йӕ мидӕг бацӕуӕд!»

22Дунедарӕг Илийайы куывд фехъуыста, ӕмӕ сабийӕн йӕ уд фӕстӕмӕ йӕ мидӕг бацыд, ӕмӕ райгас. 23Уӕд ӕй Илийа йӕ хъӕбысмӕ систа, фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ӕриста, йӕ мадмӕ, ӕмӕ загъта: «Ӕрбакӕс-ма, дӕ лӕппу ӕгас у». 24Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Ныр ӕй зонын, ды Хуыцауы минӕвар дӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй цы дзурыс, ууыл ӕцӕгӕйдӕр ис ӕууӕндӕн».
Copyright information for OssIBT2022